Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

«Курухон зундбӕл» федар хуӕцис?

«Курухон зундбӕл» федар хуӕцис?

ЕУ ГЪӔУИ цардӕй минкъий мӕгур биццеу. Гъӕуи цӕргутӕ ’й сӕрӕй сӕйгӕ ӕнгъӕл адтӕнцӕ ӕма ибӕл гириз кодтонцӕ. Сӕ гъӕумӕ ескетӕ ку ӕрбацӕуидӕ, уӕд ибӕл уони размӕ дӕр ходун райдайиуонцӕ. Ба имӕ ’вдесиуонцӕ дууӕ ’хцай, еу устурдӕр ӕвзестӕ, иннӕ ба минкъийдӕр, ӕрмӕст сугъзӕрийнӕ ӕма ин зӕгъиуонцӕ: «Равзарай кӕци дӕ гъӕуй!» Биццеу алли хатт дӕр ӕвзестӕ ӕхца раскъӕфидӕ ӕма раледзидӕ.

Еухатт ӕй еу лӕг бафарста: «Зонис ӕй, сугъзӕрийнӕ ’хца, ӕвзестӕ ’хцайӕй дууӕ хатти хъазардӕр ке ӕй?» Биццеу ин загъта: «Гъо, зонун ӕй». Уӕд ӕй лӕг бафарста: «Мадта ӕвзестӕ ’хца цӕмӕн райсис? Еу сугъзӕрийнӕ ку райсай, уӕд дӕмӕ дууӕ хатти фулдӕр ӕхца уодзӕй!» Фал биццеу ба бахудтӕй ӕма загъта: «Сугъзӕрийнӕ ’хца ку райсон, уӕд ма мӕбӕл уотӕ ка гириз кӕндзӕй? Зонис ӕй, цӕйбӕрцӕ ӕвзестӕ ’хцатӕ ӕрӕмбурд кодтон?» Еци минкъий биццеумӕ адтӕй, берӕ хестӕртӕн дӕр пайда ка уодзӕй, уӕхӕн курухон зунд.

Библи зӕгъуй: «Федар хуӕцӕ курухон зундбӕл ӕма гъуди кӕнун зонӕ. Уӕд дӕ надбӕл цӕудзӕнӕ ӕдасӕй ӕма дӕ къах нецӕбӕл искъуӕрдзӕнӕ» (Ӕмб. 3:21, 23). «Курухон зунд» ци ӕй, уой ку зонай ӕма уомӕ гӕсгӕ ку архайай, уӕд дӕ е фидбилизӕй гъӕуай кӕндзӕй ӕма де ’ууӕндундзийнадӕн къахкъуӕрӕн неци исуодзӕй.

«КУРУХОН ЗУНД» ЦИ ӔЙ?

Курухон зунд, ӕнӕуой зунд кенӕ лӕдӕргӕдзийнадӕ нӕй. Зундгин адӕймаг берӕ цидӕртӕ фӕззонуй, лӕдӕргӕ адӕймаг ба гъуддаг аллирдиги фӕууинуй. Фал курухон зунд кӕмӕ ес, уӕхӕн адӕймаг ба зундгин дӕр ӕй ӕма лӕдӕргӕ дӕр, удта ӕ гъуддӕгтӕ дӕр уобӕл дзорӕг фӕуунцӕ.

Зӕгъӕн, адӕймаг цубур рӕстӕгмӕ Библий сӕйраг ахурӕдтӕ базудта ӕма сӕ балӕдӕрдтӕй. Библий ахури рӕстӕг фарстатӕбӕл дӕр раст дзуӕппитӕ лӕвардта. Ӕмбурдтӕмӕ дӕр цӕун райдӕдта ӕма ма си хуарз дзуӕппитӕ дӕр дӕттуй. Аци гъуддӕгтӕ, е ’ууӕндундзийнадӕ ке ирӕзуй, уой ӕвдесӕг ӕнцӕ. Фал е уобӕл дзорӕг ӕй ӕма имӕ курухон зунд дӕр ес? Ӕвӕдзи нӕ. Ӕнӕуой ӕ сӕр хуарз косуй, фал ӕй курухон адӕймаг ба исхонӕн уодзӕй, ӕ цард рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ аразун ку райдайа, удта ӕ зунд ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕ гъуддӕгтӕй ку ’вдеса, уӕд.

Матфеййи 7:24–27 финст ӕй Киристей цӕветтон дууӕ нӕлгоймагей туххӕй. Дууӕ дӕр сӕхецӕн хӕдзӕрттӕ кодтонцӕ. Йесо си сӕ еуей исхудта «зундгин адӕймаг», уомӕн ӕма еци лӕг, ӕ хӕдзарӕн тӕссаг цӕмӕй уодзӕй, уобӕл рагацау расагъӕс кодта, ӕма ’й уомӕ гӕсгӕ къӕдзӕхбӕл исамадта. Еци лӕг идардмӕ сагъӕс кодта ӕма зундӕй архайдта. Уотӕ нӕ расагъӕс кодта, зӕгъгӕ, зменсӕбӕл ӕй райамайун тагъддӕр ӕма асландӕр уодзӕй. Куд зундгин адӕймаг, уотӕ сагъӕс кодта, ӕ гъуддӕгтӕ ’й цӕмӕ ’ркӕндзӕнцӕ, уобӕл. Ӕма тухдунгӕ ку райдӕдта, уӕд ӕ хӕдзарӕн неци адтӕй. Мадта нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕмӕ курухон зунд уа?

КУРУХОН ЗУНД НӔМӔ ЦӔЙ ФӔРЦИ УОДЗӔЙ?

Фиццаг. Ӕркӕсӕн, Михей 6:9 ци финст ес, уомӕ: «Курухон зунд кӕмӕ ес, е дӕ номӕй [Хуцауи номӕй] тӕрсдзӕй». Хуцауи номӕй тӕрсун нисан кӕнуй, Хуцауи нимайун, гъома ин ӕ номӕн кадӕ кӕнун ӕма ин ӕ закъӕнттӕ ӕнхӕст кӕнун. Цӕмӕй еске нимайай, уой туххӕй гъӕуама базонай, цӕхуӕн зундбӕл хуӕст ӕй, уой. Уӕд ибӕл дӕ бон уодзӕй ӕууӕндун, ахур си кӕнун ӕма ’й фӕнзун. Нӕхе куд дарӕн, е, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уобӕл куд рабӕрӕг уодзӕй, уой рагацау ку уинӕн, удта ин ӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд зӕгъӕн ес, ӕма курухон зундӕй архайӕн.

Дуккаг. Ӕмбесӕндтӕ 18:1 зӕгъуй: «Ӕхе иннетӕй идард ка ласа, е хевӕндӕ исуодзӕй. Уӕхӕн адӕймаг цӕудзӕй ӕгас курухон зунди нихмӕ». Къӕрцгъос ку нӕ уӕн, уӕд Йеговӕй дӕр ӕма ӕ адӕнӕй дӕр раидард уодзиан. Цӕмӕй нӕбӕл уӕхӕн хабар ма рауайа, уой туххӕй гъӕуама рӕстӕг ӕрветӕн, Хуцауи номӕй ка тӕрсуй ӕма ин ӕ фӕдзӕхститӕ ка ӕнхӕст кӕнуй, уони хӕццӕ. Гӕнӕн ӕма амалӕй нӕ фембӕлдтӕ ма цох кӕнӕн. Ӕмбурди ци дзорунцӕ, уомӕ ба гъӕуама лӕмбунӕг игъосӕн ӕма еци дзурдтӕ нӕ зӕрди ӕвӕрӕн.

Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй ковӕн, цӕмӕй имӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн (Ӕмб. 3:5, 6). Библи ӕма Йегови Организаций публикацитӕ ку кӕсӕн ӕма сӕ нӕ зӕрдӕмӕ ку есӕн, уӕд нӕ нӕ гъуддӕгтӕ цӕмӕ ’ркӕндзӕнцӕ, уой рагацау уиндзиан, ӕма зундӕй архайдзиан. Удта ма нӕ гъӕуй фӕлтӕрдгун ӕнсувӕрти унаффитӕмӕ дӕр игъосун (Ӕмб. 19:20). Уомӕй мах «ӕгас курухон зунди нихмӕ» нӕ цӕудзиан, фал ӕй нӕ уодигъӕди федар кӕндзиан.

Е БИЙНОНТӔН КУД БАНХУС КӔНДЗӔЙ?

Курухон зундӕй ку архайӕн, уӕд нӕ бийнонти уодзӕй фарнӕ. Библи зӕгъуй: «Уосӕ... гъӕуама ӕ лӕги нимайа» (Еф. 5:33). Фал нӕлгоймаги бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ӕй ӕ уосӕ нимайа? Уотӕ ку дзора, ӕз бийнонти хестӕр дӕн ӕма ӕз куд зӕгъун, уотӕ уодзӕй, зӕгъгӕ, уӕд ин берӕ нӕ бантӕсдзӕй. Цӕмӕй хилӕ ма рауайа, уой туххӕй уосӕ ӕ лӕги размӕ ӕхе уотӕ дардзӕй, цума ’й нимайуй. Фал ӕ лӕг ӕ рази ку нӕ уа, уӕддӕр ӕй нимайдзӕй? Ӕвӕдзи, нӕ. Лӕг гъӕуама расагъӕс кӕна, ци кӕнун ӕй гъӕуй, цӕмӕй ӕй ӕ уосӕ ӕцӕгӕйдӕр нимайа. Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеугутӕ имӕ ку уа, зӕгъӕн, фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ ӕма уарзондзийнадӕ, уӕд ӕй ӕ уосӕ ӕцӕгӕйдӕр нимайдзӕй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, киристон силгоймаг ӕ лӕги гъӕуама алкӕддӕр нимайа, лӕг уой аккаг ку нӕ уа, уӕддӕр (Гал. 5:22, 23).

Нӕлгоймӕгтӕн ма Библий ес уӕхӕн унаффӕ: «Лӕгтӕ... гъӕуама уарзонцӕ сӕ уостити» (Еф. 5:28, 33). Еуӕй-еу силгоймӕгтӕ фӕттӕрсунцӕ, сӕ лӕгтӕ сӕ ке нӕбал уарздзӕнцӕ, уомӕй ӕма сӕбӕл баримӕхсунцӕ, ке гъӕуама зононцӕ, уӕхӕн гъуддаг. Фал цума е курухон зундбӕл дзорӕг ӕй? Уой фӕсте еци гъуддаг ку рагъӕр уа, уӕд хабар куд уодзӕй? Лӕг ӕ уоси фулдӕр уарзун райдайдзӕй? Зинтӕй. Хуӕздӕр уодзӕй, уосӕ рӕстӕг ку равзара ӕма ӕ лӕгӕн, хабар куд адтӕй, уотӕ ку радзора. Уӕд ин ӕ лӕг фулдӕр аргъ кӕндзӕй ӕма ’й хъӕбӕрдӕр уарздзӕй.

Дӕ сувӕллонӕн абони зунд куд амонис, уомӕй кӕнгӕ ’й исонбон ӕ хӕццӕ куд федаудзӕнӕ, е

Сувӕллӕнттӕ гъӕуама сӕ ниййергутӕмӕ игъосонцӕ, Йеговӕ син куд фӕдзӕхсуй, уотӕ (Еф. 6:1, 4). Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ниййергутӕ гъӕуама даргъ список искӕнонцӕ, ци ’нгъезуй ӕма ци не ’нгъезуй, уой фӕдбӕл? Сувӕллон ести ку рафудаг кӕна, уӕд ӕй уой туххӕй ци хезуй, айдагъ уой дзорун ин фагӕ нӕй. Ниййергутӕ курухон зундӕй ку архайонцӕ, уӕд сӕ сувӕллӕнттӕн фӕлмӕнӕй балӕдӕрун кӕндзӕнцӕ, игъосун сӕмӕ цӕмӕн гъӕуй, уой.

Зӕгъӕн, сувӕллон ӕ ниййерӕгмӕ фӕстӕмӕ исдзурдта. Еци фӕдбӕл ин ку фӕххилӕ кӕнонцӕ, кенӕ ’й еци мӕстгунӕй ку бафхуӕронцӕ, уӕд сувӕллон ӕхемӕ нийгъосдзӕй, ӕ зӕрди маст ниббаддзӕй ӕма ӕ ниййергутӕй раидард уодзӕй.

Курухон зунд кӕмӕ ес, еци ниййергутӕ расагъӕс кӕнунцӕ, сӕ сувӕллонӕн зунд куд амонунцӕ, е сӕбӕл фӕстӕдӕр куд рабӕрӕг уодзӕй, уобӕл. Ести уӕд ниййергутӕ уайтагъд гъӕуама ма рафицонцӕ. Сӕ бон ӕй сувӕллонӕн фӕлмӕнӕй балӕдӕрун кӕнун, ниййергутӕмӕ игъосун Йегови рази ӕ ихӕс ке ӕй ӕма ин е ӕносмӕ дӕр пайда ке уодзӕй. Уотемӕй сувӕллон балӕдӕрдзӕй, ӕ ниййергути ку нимайа, уӕд уомӕй Йеговӕн кадӕ ке кӕнуй (Еф. 6:2, 3). Уӕхӕн фӕлмӕн дзурд сувӕллони зӕрдӕмӕ багъардзӕй. Фӕ ’й уиндзӕй, ӕ мадӕ ма ӕ фидӕ ибӕл зӕрдиагӕй ке тухсунцӕ, ӕма сӕ хъӕбӕрдӕр нимайдзӕй. Уой фӕсте ин ести ӕхсидзгӕ гъуддаги фӕдбӕл ӕнцондӕр уодзӕй сӕ хӕццӕ радзорун.

Еуӕй-еу ниййергутӕ тӕрсгӕ фӕккӕнунцӕ сӕ сувӕллонӕн зунд байамонун, ӕ зӕрдӕ ку фӕрреса, зӕгъгӕ. Фал еци сувӕллон ку исустур уа, уӕд куд уодзӕй? Йеговӕй тӕрсдзӕй ӕма ин ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ архайдзӕй? Ӕ зӕрдӕ ӕма ӕ зунд уомӕ исараздзӕй, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕна, ӕви си ӕхе идард ласдзӕй? (Ӕмб. 13:1; 29:21).

Дӕсни скульптор рагацау расагъӕс кӕнуй, дорӕй ӕй ци искӕнун фӕндуй, уобӕл. Дор уотид хуайун нӕ райдайуй, кӕд си ести рауаидӕ, зӕгъгӕ. Курухон ниййергутӕ дӕр берӕ сахӕттӕ исхарз кӕнунцӕ, цӕмӕй Йегови уагӕвӕрдтӕ хуӕздӕр балӕдӕронцӕ ӕма уомӕй ӕвдесунцӕ, ӕ номӕй ин ке тӕрсунцӕ. Йеговӕ ӕма ӕ организацибӕл сӕхе ке бӕттунцӕ, уой фӕрци курухон зундӕй гъӕздугдӕр кӕнунцӕ ӕма сӕ бийнонти хуарзбӕл архайунцӕ.

Алли бон дӕр нӕ фӕгъгъӕуй, нӕ цардбӕл ка рабӕрӕг уодзӕй, уӕхӕн унаффитӕ хӕссун. Хӕлӕф-тъӕппитӕй ӕма тӕвдӕбӕл унаффӕ хӕссуни бӕсти ӕрлӕууӕ ӕма лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ, дӕ унаффӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уобӕл. Агорӕ Йегови разамунд ӕма си корӕ, цӕмӕй дӕ ӕ зундӕй исхайгин кӕна. Уотемӕй федар хуӕцдзӕнӕ курухон зундбӕл ӕма дин уой фӕрци уодзӕй цард (Ӕмб. 3:21, 22).