Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ зундбӕл дзорӕг ӕй

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ зундбӕл дзорӕг ӕй

Тонийӕн ӕ куст ӕй сӕйгитӕмӕ ӕма зӕрӕндтӕмӕ кӕсун. Ци каргун силгоймагмӕ кастӕй, уомӕ ку ’рбацудӕй, уӕд имӕ ӕ кизгӕ ракастӕй, еу 50-анздзуд силгоймаг, ӕма ’й гъӕри буни фӕккодта, нурмӕти кӕми адтӕ, зӕгъгӕ. Уотемӕй ба Тони афойнадӕбӕл ӕрбацудӕй, фал си уӕддӕр уӕзданӕй хатир ракурдта.

ИННӔ хатт дӕр бабӕй ибӕл еци силгоймаг ӕ маст фӕккодта. Цума Тони куд бакодта? «Хъӕбӕр зин мин адтӕй,– зӕгъуй Тони.– Неци фудгин адтӕн, уотемӕй мин алли фудтӕ никкалдта». Фал бабӕй си уӕддӕр хатир ракурдта ӕма ма ин уотӕ дӕр загъта, лӕдӕрун дӕ куд зин дин ӕй, зӕгъгӕ.

Ду ба Тоний бунати куд бакодтайсӕ? Фӕлмӕнӕй дзуапп раттунбӕл байархайдтайсӕ? Ӕви дин зин адтайдӕ дӕхебӕл фӕххуӕцун? Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, уӕхӕн уавӕри хебӕл хуӕцун ӕнцон нӕ фӕууй. Тухст уавӕри ку фӕууӕн кенӕ нӕ еске ку исмӕстгун кӕнуй, уӕд нин фӕлмӕн уодигъӕдӕ равдесун фӕлварӕн исуй.

Фал Библи киристӕнтти разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй син уа фӕлмӕн уодигъӕдӕ. Хуцауи Дзурдӕй ма бӕрӕг ӕй, фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, уой зундгин адӕймаг исхонӕн ке ес. Иаков ниффинста: «Сумахӕй зундгин ӕма лӕдӕргӕ ка ӕй? Бавдесӕд ӕй ӕ гъуддӕгтӕй – ӕ хуарз ӕгъдауӕй ӕма зундӕй райгургӕ фӕлмӕн уодигъӕдӕй» (Иак. 3:13). Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма фӕлмӕн уодигъӕдӕ уӕллӕй ӕрцӕугӕ зундбӕл дзорӕг ӕй? Ӕма нин ци банхус кӕндзӕй еци менеуӕгбӕл косун?

ФӔЛМӔН УОДИГЪӔДӔ ЗУНДБӔЛ ДЗОРӔГ ЦӔМӔН ӔЙ?

Фӕлмӕн дзуаппӕй маст рандӕ уй. «Фӕлмӕнӕй дзуапп раттӕ, ӕма адӕймагӕн ӕ маст иссӕудзӕй, рӕхуст дзурдӕй ба маст иссодзуй» (Ӕмб. 15:1).

Еске хӕццӕ кӕрӕдзей ку нӕ балӕдӕрайтӕ ӕма дӕ маст ку искалай, уӕд е уодзӕй, цума артмӕ согтӕ гӕлдзис, уой хузӕн, ӕма уавӕр никки фуддӕр фӕууодзӕй (Ӕмб. 26:21). Фал фӕлмӕнӕй дзуапп ку раттай, удта, гӕнӕн ес, ӕма адӕймагӕн ӕ маст рандӕ уа ӕма ӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн уа.

Тони уой ӕхебӕл бавзурста. Ӕ фӕлмӕн дзуапп силгоймаги зӕрдӕмӕ уотӕ багъардта, ӕма искудтӕй. Уой фӕсте ба ин балӕдӕрун кодта, ӕхе зиндзийнӕдтӕй дӕр ӕма сӕ бийнонти уавӕрӕй дӕр ӕ хъурмӕ ке иссӕй. Тони ин Библийӕй цидӕр стихтӕ бакастӕй ӕма еци силгоймаг Библи ахур кӕнунбӕл исарази ӕй. Цӕй фӕрци? Тони ин фӕлмӕнӕй дзуапп ке равардта, уой фӕрци.

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ нин ку уа, уӕд уодзиан амондгун. «Амондгун ӕнцӕ, фӕлмӕн уодигъӕди хецау ка ӕй, етӕ, уомӕн ӕма зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ» (Матф. 5:5).

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, етӕ амондгун цӕмӕн ӕнцӕ? Раздӕр карз ӕма мӕстгунгӕнагӕ ка адтӕй, уонӕй беретӕ аци менеуӕг сӕхебӕл уӕледарӕси хузӕн искодтонцӕ, ӕма нур ӕнцӕ хъӕбӕр ӕмондгун. Сӕ цард фӕххуӕздӕр ӕй, ӕма ’й зонунцӕ, ци дессаги федӕн сӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой (Кол. 3:12). Испаний еу районон цӕстӕдарӕг, Адольфо, зӕгъгӕ, радзурдта, цалинмӕ рӕстдзийнадӕ нӕма базудта, уӕдмӕ ӕ цард цӕхуӕн адтӕй, уой туххӕй.

Адольфо дзоруй: «Цӕмӕн цардтӕн, уой нӕ зудтон. Хъӕбӕр мӕстгунгӕнагӕ адтӕн, естӕбӕл дӕр ӕма нецӕбӕл дӕр рагъӕла уинӕ. Ме ’мбӕлттӕй дӕр ма ми еуӕй-еуетӕ тӕрсгӕ кодтонцӕ. Фал фӕстагмӕ еу хабар ӕрцудӕй ӕма мӕ цардбӕл ӕрсагъӕс кодтон. Кедӕрти хӕццӕ фӕххилӕ дӕн ӕма мӕ кардӕй ӕхсӕз хатти барӕхустонцӕ. Уойбӕрцӕ тог ми фӕккалдӕй ӕма ма туххӕйти фӕййервазтӕн».

Нур Адольфо иннети ахур кӕнуй, цӕмӕй син фӕлмӕн уодигъӕдӕ уа, ӕма син ӕхуӕдӕг дӕр ӕй фӕнзуйнаг. Беретӕ ’й еци менеуӕги туххӕй уарзунцӕ. Йеговӕ ин ке банхус кодта, уой туххӕй си хъӕбӕр боз ӕй.

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ нин ку уа, уӕд Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзиан. «Зундгин уо, мӕ бӕдолӕ, ӕма мин мӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕ, цӕмӕй мӕ бон уа, фаугӕ мӕ ка кӕнуй, уомӕн дзуапп дӕттун» (Ӕмб. 27:11).

Йеговӕн федистӕ кӕнуй ӕ сӕйраг знаг – Сайтан. Ӕма ибӕл уой туххӕй Йегови бон адтайдӕ ӕ маст искалун. Фал Библий финст ӕй: «Е мӕстгун кӕнунмӕ тагъд нӕ кӕнуй» (Рац. 34:6). Мах дӕр Йегови хузӕн мӕстгун кӕнунмӕ тагъд ку нӕ кӕнӕн ӕма нин уой хузӕн фӕлмӕн уодигъӕдӕ ку уа, уӕд е зундбӕл дзорӕг уодзӕй, ӕма Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзиан (Еф. 5:1).

Абони мах цӕрӕн ӕнӕхатир ӕма фуддуйней. Адӕнӕй беретӕ ӕнцӕ «хестауагӕ, сӕрбӕрзонд, Хуцауи фаунцӕ... иннети фудкой кӕнунцӕ, хебӕл хуӕцун нӕ зонунцӕ, ӕнцӕ ӕнӕхатир» (2 Тим. 3:2, 3). Фал уӕддӕр киристӕнттӕ гъӕуама фӕлмӕн уодигъӕдӕбӕл косонцӕ. Хуцауи Дзурди финст ес, зӕгъгӕ, «уӕллӕй ӕрцӕугӕ зунд» ӕй «фарнӕуарзагӕ, лӕдӕргӕ» (Иак. 3:17). Фарнӕуарзагӕ ӕма лӕдӕргӕ ку уӕн, уӕд уомӕй бӕрӕг уодзӕй, Хуцауӕй ӕрцӕугӕ зунд нӕмӕ ке ес. Ӕма еци зунди фӕрци, еске нӕ ку исмӕстгун кӕна, уӕддӕр нӕхебӕл хуӕцун ӕма фӕлмӕнӕй дзуапп раттун базондзиан. Удта ма уой фӕрци хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕндзиан Йеговӕмӕ – ӕнӕкӕрон зунди хецау ка ӕй, еци Хуцаумӕ.