Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Библи. Уойбӕрцӕ тӕлмацтӕ ин цӕмӕн ес?

Библи. Уойбӕрцӕ тӕлмацтӕ ин цӕмӕн ес?

Абони Библий тӕлмацтӕ уотӕ берӕ цӕмӕн ӕнцӕ? Цума нин Библи лӕдӕрунмӕ ӕнхус ӕнцӕ ӕви хъори хуасӕй ӕндӕр неци ’нцӕ? Еци фарстатӕбӕл дзуапп базонуни туххӕй ӕркӕсӕн, еци тӕлмацтӕ куд фӕззиндтӕнцӕ, уомӕ.

Фиццаг бал базонӕн, Библи ка ӕма кӕд ниффинста, уой.

БИБЛИЙ ФИЦЦАГ КЪОХФИНСТИТӔ

Библи конд ӕй дууӕ хаййемӕй. Фиццаги ес 39 киунуги ӕма си финст ӕнцӕ «Хуцауи... дзурдтӕ» (Ромӕгтӕмӕ 3:2). Еци киунугутӕ Хуцау ниффинсун кодта ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕй кӕмӕндӕрти. Финстонцӕ сӕ 1 100 анзей бӕрцӕ, нӕ эри размӕ 1513 анзӕй нӕ эри размӕ еу 443 анзи уӕнгӕ. Сӕ фулдӕр финст ӕрцудӕнцӕ дзиуиттаг ӕвзагбӕл, ӕма сӕ уомӕ гӕсгӕ мах хонӕн, Дзиуиттаг Финститӕ. Беретӕ ма сӕ хонунцӕ «Рагон Фӕдзӕхст» дӕр.

Иннӕ хаййи ба ес 27 киунуги, ӕма етӕ дӕр нимад ӕнцӕ «Хуцауи дзурдбӕл» (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13). Хуцау сӕ ниффинсун кодта Йесо Киристей еузӕрдон ахуркӕнуйнӕгтӕн. Сӕ ниффинсунбӕл багъудӕй дзӕвгарӕ минкъийдӕр рӕстӕг – 60 анзей бӕрцӕ, нӕ эри еу 41 анзӕй нӕ эри 98 анзмӕ. Сӕ фулдӕр финст ӕрцудӕнцӕ грекъаг ӕвзагбӕл, ӕма сӕ уомӕ гӕсгӕ хонӕн Киристон Грекъаг Финститӕ. Беретӕ ма сӕ хонунцӕ «Нӕуӕг фӕдзӕхст» дӕр.

Аци 66 киунуги еумӕ ӕнцӕ ӕнӕгъӕнӕ Библи. Финст си ес, Хуцау ӕгас адӕнӕн дӕр ци зӕгъуйнаг ӕй, е. Фал цума Библийӕн берӕ аллихузи тӕлмацтӕ цӕмӕн фӕззиндтӕй? Фиццагидӕр ӕртӕ гъуддагей туххӕй.

  • Цӕмӕй адӕнӕн сӕ бон адтайдӕ Библи сӕхе ӕвзагбӕл кӕсун.

  • Цӕмӕй, Библий къопитӕ ка кодта, уони рӕдудтитӕ исраст кодтайуонцӕ.

  • Цӕмӕй, адӕн кӕмӕй нӕбал пайда кодтонцӕ, еци дзурдтӕ раййивтайуонцӕ.

Гъӕйдӕ мадта базонӕн рагондӕр тӕлмацтӕй дууей туххӕй.

ГРЕКЪАГ СЕПТУАГИНТӔ

Йесо Киристей дзамантӕй еу 300 анзи раздӕр дзиуиттаг ахургӕндтӕ райдӕдтонцӕ Дзиуиттаг Финститӕ грекъаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнун. Еци тӕлмац исхудтонцӕ грекъаг Септуагинтӕ. Цума е цӕмӕн багъудӕй? Уомӕн ӕма дзиуиттӕгтӕй беретӕ се ’взаг нӕбал зудтонцӕ ӕма дзурдтонцӕ грекъагау. Еци тӕлмаци фӕрци ба сӕ бон адтӕй «Сугъдӕг Финститӕ» кӕсун (2 Тимофеймӕ 3:15).

Септуагинтӕ ма банхус кодта, грекъагау ка дзурдта, фал дзиуиттаг ка н’ адтӕй, милиуангай уӕхӕн адӕнӕн, цӕмӕй етӕ дӕр Библий ци финст ес, уой базудтайуонцӕ. Цума куд? Профессор У. Ф. Ховард куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ «фиццаг ӕноси ӕмбесӕй райдайгӕй [Септуагинтӕ] иссӕй киристон аргъауӕнти Библи». Ӕ дзурдтӕмӕ гӕсгӕ «киристон миссионертӕ дзиуиттӕгти ӕмбурдгӕнӕнтӕбӕл зилдӕнцӕ, цӕмӕй еци Библийӕй адӕнӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ хастайуонцӕ, Киристе Мессийӕ ке адтӕй, уой фӕдбӕл» (Гъуддӕгтӕ 17:3, 4; 20:20). Ӕма библиртасӕг Ф. Ф. Брюс куд лӕдӕрун кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ е адтӕй, тагъд рӕстӕги дзиуиттӕгтӕй беретӕ «Септуагинтӕмӕ уазал цӕстӕй кӕсун» цӕй туххӕй райдӕдтонцӕ, еци гъуддӕгтӕй сӕ еу.

Фӕстӕдӕр еу инней фӕдбӕл фӕззиндтӕнцӕ Киристон Грекъаг Финстити киунугутӕ, ӕма Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ уонӕй дӕр пайда кодтонцӕ. Уотемӕй Септуагинтӕй ӕма еци киунугутӕй рауадӕй, абони нӕмӕ ци Библи ес, е.

ЛАТИНАГ ВУЛЬГАТӔ

Еци дзамантӕй еу 300 анзи фӕстӕдӕр динӕртасӕг Иероним Библи ратӕлмац кодта латинаг ӕвзагмӕ, ӕма ӕй фӕстӕдӕр хонун райдӕдтонцӕ латинаг Вульгатӕ. Фал Библий нӕуӕг тӕлмац цӕмӕн багъудӕй, кӕд ӕма уӕдмӕ дӕр латинаг ӕвзагбӕл аллихузи тӕлмацтӕ адтӕй? Еу энциклопедий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Иероними фӕндадтӕй, раст тӕлмацгонд си ка н’ адтӕй ӕма си ци рӕдудтитӕ адтӕй, уони исраст кӕнун, удта си ци бафтудтонцӕ, уони рандӕ кӕнун, ци си нӕ ниффинстонцӕ, уони ба бафтаун (The International Standard Bible Encyclopedia).

Иероним еци рӕдудтитӕй берети исраст кодта. Фал рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд аргъауӕни хестӕртӕ еу рӕдуд бакодтонцӕ. Загътонцӕ, зӕгъгӕ, латинаг Вульгатӕй уӕлдай ӕндӕр тӕлмацтӕй пайда кӕнӕн нӕбал уодзӕй. Ӕма уотӕ адтӕй берӕ ӕности дӕргъи. Нур Библи адтӕй ӕрмӕстдӕр латинаг ӕвзагбӕл, хумӕтӕг адӕн ба еци ӕвзаг нӕбал зудтонцӕ, ӕма сӕ бон н’ адтӕй Библи кӕсун.

ФӔЗЗИНДТӔЙ НИККИ ФУЛДӔР ТӔЛМАЦТӔ

Еци рӕстӕг кадӕртӕ архайдтонцӕ, цӕмӕй Библийӕн ӕндӕр тӕлмацтӕ фӕззиндтайдӕ. Еци тӕлмацтӕй еу адтӕй сирийаг Пешиттӕ, фӕззиндтӕй нӕ эри 5 ӕносмӕ хӕстӕг. Фал сауӕнгӕ 14 ӕноси уӕнгӕ, хумӕтӕг адӕн кӕбӕл дзурдтонцӕ, еци ӕвзагбӕл Библи неке тӕлмац кодта.

14 ӕноси кӕрон Англий Джон Уиклиф райдӕдта Библи англисаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнун, цӕмӕй ӕй хумӕтӕг адӕнӕн дӕр сӕ бон адтайдӕ кӕсун. Уомӕй берӕ нӕ рацудӕй, уотӕ Иоганн Гуттенберг ӕргъуди кодта мухургӕнӕн станок ӕма уой фӕрци Библи тӕлмацгӕнгутӕн сӕ бон адтӕй, Европи цӕрӕг адӕн, еци рӕстӕг ци ӕвзӕгтӕбӕл дзурдтонцӕ, еци ӕвзӕгтӕбӕл Библи парахат кӕнун.

Англисаг ӕвзагбӕл Библий тӕлмацтӕ фулдӕрӕй фулдӕр кодтонцӕ. Ахургӕндтӕй кадӕртӕ дзурдтонцӕ, ӕнӕмӕнгӕ ке нӕй, цӕмӕй еу ӕвзагбӕл Библий аллихузи тӕлмацтӕ уа. Фал 18 ӕноси еу англисаг саугин, Джон Льюис, ниффинста: «Ӕвзаг дӕр зӕронд кӕнун зонуй, ӕма ’й адӕн нӕбал фӕллӕдӕрунцӕ. Ӕма уомӕ гӕсгӕ фӕгъгъӕуй зӕронд тӕлмацтӕбӕл нӕуӕгӕй бакосун, цӕмӕй адӕн кӕбӕл дзорунцӕ, уӕхӕн ӕвзагӕй финст уонцӕ».

Еци дзаманти хӕццӕ рабаргӕй, нӕ рӕстӕги Библий зӕронд тӕлмацтӕбӕл нӕуӕгӕй ка бакосуй, уонӕн сӕ уавӕр дзӕвгарӕ хуӕздӕр ӕй. Етӕ хуӕздӕр лӕдӕрунцӕ, Библи кӕбӕл финстонцӕ, еци рагон ӕвзӕгтӕ, удта сӕмӕ ес, ӕрӕги ке иссирдтонцӕ, уӕхӕн рагон къохфинститӕ дӕр. Уони фӕрци берӕ ӕнцондӕр ӕй, Библий фиццаг къохфинстити ци финст адтӕй, уой исбӕрӕг кӕнун.

Мадта Библийӕн аллихузи тӕлмацтӕ ке ес, е хуарз ӕй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Библий тӕлмац ӕвзаргӕй адӕймаг гъӕуама лӕмбунӕг уа, уомӕн ӕма алли тӕлмац раст исхонӕн нӕййес *. Фал Библий тӕлмацтӕбӕл нӕуӕгӕй ка фӕккосуй, етӕ Хуцауи кӕдзосзӕрдӕй ку уарзонцӕ, уӕд сӕ куст адӕнӕн устур пайда хӕсдзӕй.

^ 24 абз. Кӕсӕ 2008 анзи 1 маййи уагъд «Сторожевая башня», статья «Как выбрать хороший перевод Библии?»