Зудтай ӕй?
Израилӕгтӕ Египети цагъартӕ ке адтӕнцӕ, уой ма Библийӕй уӕлдай кӕцӕй зонӕн?
Библий финст ӕй, мадиамӕгтӕ Иосифи Египетмӕ ку ракодтонцӕ, уӕд уой фӕсте ӕ фидӕ Иаков дӕр ӕд бийнонтӕ Ханаанмӕ цӕрунмӕ ке ’рцудӕй. Уоми ӕрцардӕнцӕ Гесеми, Нили цӕугӕдон Зӕнхиастӕу денгизмӕ кӕми бакӕлуй, еци рауӕн (Райд. 47:1, 6). Израилӕгтӕн «сӕ нимӕдзӕ кодта фулдӕрӕй-фулдӕр ӕма иссӕнцӕ хъӕбӕр хъаурӕгин адӕн». Египеттӕгтӕ си тӕрсун райдӕдтонцӕ ӕма си уой туххӕй цагъартӕ рауайун кодтонцӕ (Рац. 1:7–14).
Библий критиктӕй еуӕй-еуетӕ аци хабар ӕримисгӕ хабарбӕл нимайунцӕ. Фал рагон Египети цагъарти астӕу семиттӕ * дӕр ке адтӕй, уомӕн ес бӕлвурдгӕнӕнтӕ.
Зӕгъӕн, археологтӕ Египети цӕгат хаййи иссирдтонцӕ рагон гъӕути кӕлӕддзӕгтӕ. Библи ӕртасӕг Джон Бимсон куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ си еу 20 гъӕуи, семиттӕ кӕми цардӕнцӕ, уӕхӕн гъӕутӕ адтӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма египтолог Джеймс Хоффмайер загъта: «Н.э. размӕ еу 1800 анзӕй 1540 анзмӕ хабар уотӕ адтӕй, ӕма арӕх семитаг ӕвзагбӕл дзорӕг адӕн Азий нигулӕн хаййӕй Египетмӕ раледзиуонцӕ, уомӕн ӕма уоми сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр цудӕй». Удта ма загъта: «Еци дзаман ӕма Авраам, Исак ӕма Иакови дзаман еу рӕстӕгмӕ хаунцӕ. Удта Райдайӕни киунуги ци хабӕртти кой цӕуй, етӕ дӕр еци дзамани ӕрцудӕнцӕ».
Ӕндӕр бӕлвурдгӕнӕн ма иссирдтонцӕ Египети хонсар хаййи. Е ӕй, н. э. размӕ 2000–1600 ӕнзтӕмӕ хӕстӕг финст ка ’рцудӕй, уӕхӕн папирус. Ес ибӕл, Египети хонсар хаййи еу хӕдзари цагъартӕ ка адтӕй, уони нӕмттӕ, ӕма си 40 номӕй фулдӕр ӕнцӕ семитаг нӕмттӕ. Еци цагъартӕн, кенӕ лӕггадгӕнгутӕн, сӕ куст адтӕй хуӕруйнаг кӕнун, хъумӕцтӕ уафун ӕма ӕндӕр уӕззау куститӕ кӕнун. Хоффмайер зӕгъуй: «Кӕд Фиваиди [Египети хонсар хаййи] еу хӕдзари лӕггадгӕнгутӕ 40 семитӕй дӕр фулдӕр адтӕнцӕ, уӕд ӕгас Египети ба цӕйбӕрцӕ адтайуонцӕ, уӕлдайдӕр ба, Нили цӕугӕдон Зӕнхиастӕу денгизмӕ кӕми бакӕлуй, еци рауӕн».
Археолог Дэвид Рол ниффинста, зӕгъгӕ, еци цагъарти нӕмттӕй кӕцидӕртӕ ку кӕсай, «уӕд сӕ цума Библийӕй райстонцӕ, уотӕ дӕмӕ кӕсдзӕй». Зӕгъӕн, еуей-еуети нӕмттӕ ӕнцӕ мӕнӕ аци нӕмтти хузӕн: Иссахар, Асир, ӕма Шифрӕ (Рац. 1:3, 4, 15). Гъема Рол уӕхӕн гъудимӕ ӕрцудӕй: «Е федар бӕлвурдгӕнӕн ӕй, израилӕгтӕ ӕцӕгӕйдӕр Египети цагъартӕ ке адтӕнцӕ, уомӕн».
Библи ӕртасӕг Бимсон ба загъта: «Библий уотӕ финст ке ес, ӕма израилӕгтӕ Египети цагъартӕ адтӕнцӕ, уой фӕсте ба уордиги ке рацудӕнцӕ, уомӕн ес федар бӕлвурдгӕнӕнтӕ».
^ 4 абз. Дзурд «семит» равзурдӕй Ноййи ӕртӕ фуртемӕй еуей номӕй – Сими номӕй. Сими байзӕддӕгтӕ, ӕвӕдзи, адтӕнцӕ еламӕгтӕ, ассирийӕгтӕ, халдейтӕ, дзиуиттӕгтӕ, арамейӕгтӕ (кенӕ сирийӕгтӕ) ӕма аллихузи аравийаг адӕнихӕттитӕ.