Зудтай ӕй?
Израилӕгтӕ ирӕд цӕмӕн фистонцӕ?
РАГИДЗАМАНТИ израилӕгтӕмӕ уӕхӕн ӕгъдау адтӕй, ӕма бийнонтӕ искӕнун ке фӕндадтӕй, е гъӕуама ирӕд бафистайдӕ. Ирӕдмӕ хаудтӕнцӕ хъазар дзаумӕуттӕ, фонс ӕма ӕхца. Кенӕ ба ма уотӕ дӕр фӕууидӕ, ӕма ирӕди аргъ кустӕй бафедиуонцӕ. Уотӕ адтӕй Иакови хабар дӕр. Лаванӕн 7 анзи фӕккуста, цӕмӕй ин Рахили равардтайдӕ (Райд. 29:17, 18, 20). Цума уӕхӕн ӕгъдау цӕмӕн адтӕй?
Еу ахургонд куд загъта, уомӕ гӕсгӕ рагон Израили лӕхъуӕн ирӕд бафедидӕ, уомӕн ӕма кизгӕ ци бийнонтӕй ракоридӕ, уонӕй еу косӕг фӕгъгъӕуидӕ. Уӕди рӕстӕги адӕн зӕнхикуст кодтонцӕ ӕма бийнонти кизгӕ устур ӕнхус адтӕй. Уомӕй уӕлдай ма еци ӕгъдау дууӕ бийнонти ӕнгомдӕр кодта. Лӕхъуӕн ирӕд ку бафедидӕ, уӕд кизги хӕццӕ федудбӕл нимад адтӕй.
Дзиуиттӕгтӕ ирӕд ке фистонцӕ, е уобӕл дзорӕг н’ адтӕй, ӕма сӕ бон адтӕй силгоймаги балхӕнун кенӕ ба ’й рауӕйӕ кӕнун. Киунуги «Рагон Израили цард ӕма ӕгъдӕуттӕ» уотӕ финст адтӕй: «Израилӕгтӕмӕ ирӕд федуни ӕгъдау ке адтӕй, уой туххӕй, гӕнӕн ес, ӕма кӕмӕдӕрти уотӕ фӕккастайдӕ, цума кизги ӕлхӕнгӕ кодтонцӕ. Фал куд зиннуй, уотемӕй ирӕд уой туххӕй нӕ фистонцӕ. Еци ӕгъдау уой туххӕй адтӕй, ӕма уотемӕй бийнонтӕн бафедиуонцӕ, еу косӕг си ке фӕгъгъӕуидӕ, уой туххӕй».
Нӕ рӕстӕги дӕр, еуӕй-еу бӕстити уӕхӕн ӕгъдау ес, ӕма кизгӕ ракоруни размӕ бал лӕхъуӕни фӕгъгъӕуй ирӕд бафедун. Киристон ниййергутӕ ирӕд цӕйбӕрцӕ байагордзӕнцӕ, уой туххӕй ку дзубанди кӕнонцӕ, уӕд сӕ зӕрдӕбӕл гъӕуама даронцӕ еу уагӕвӕрд: «Уӕ лӕдӕргӕдзийнадӕй уӕ зонӕд алкедӕр» (Фил. 4:5; 1 Кор. 10:32, 33). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, лӕдӕргӕ ниййергутӕ ӕгӕр устур ирӕд нӕ байагордзӕнцӕ. Уомӕн ӕма сӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй сӕбӕл ӕхца берӕ ка уарзуй, уӕхӕн адӕни ном исбада (2 Тим. 3:2). Уомӕй уӕлдай ма ӕгӕр устур аргъ не ’снисан кӕндзӕнцӕ, уомӕн ӕма уӕд киндзӕхсӕвӕри хӕццӕ фӕстӕтӕрӕ кӕнун гъӕудзӕй, цалинмӕ лӕхъуӕн фагӕ ӕхца не ’рӕмбурд кӕна, уӕдмӕ. Удта уотӕ дӕр ма рауайӕд, ӕма лӕхъуӕни е ’нхӕстрӕстӕг лӕггадӕ ниууадзун багъудӕй, цӕмӕй ӕхца тагъддӕр бакоса.
Лӕхъуӕн ӕма кизгӕ ци бӕсти цӕрунцӕ, уоми ирӕд федун закъонмӕ гӕсгӕ ку гъӕуа, уӕд гъӕуама еци закъон ӕнхӕст кӕнонцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Библий финст ӕй, киристӕнттӕ хецӕуттӕн коммӕгӕс ке гъӕуама уонцӕ ӕма, Хуцауи уагӕвӕрдти нихмӕ ка нӕй, еци закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ цӕронцӕ (Ром. 13:1; Гъуд. 5:29).