Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Горӕт Ниневи адтӕй устур ӕма рӕсугъд

Зудтай ӕй?

Зудтай ӕй?

Ниневибӕл ци ’рцудӕй?

НӔ ЭРИ РАЗМӔ 7 ӕноси райдайӕни Ассири иссӕй дуйнеуон паддзахадӕ. Бритайнаг музейи бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ ӕ зӕнхитӕ адтӕнцӕ Кипрӕй Ирани уӕнгӕ, кӕцидӕр рӕстӕгути ба Египет дӕр уой зӕнхитӕмӕ хаудтӕй. Ӕ сӕйраг горӕт Ниневи адтӕй ӕгас дуйней тӕккӕ устурдӕр горӕт. Еци горӕти адтӕй агъазиау гумеритӕ, хъӕбӕр рӕсугъд галауантӕ, устур библиотекитӕ ӕма дессаги рӕзӕдӕнттӕ. Рагон Ниневий фӕрстӕбӕл ци финститӕ байзадӕй, уонӕй бӕрӕг ӕй, Ашшурбанипал дӕр ӕхе иннӕ ассирийаг паддзӕхти хузӕн ӕгас «дуйней паддзах» ке худта. Цалинмӕ Ашшурбанипал паддзах адтӕй, уӕдмӕ уотӕ зиндтӕй, цума нӕдӕр Ассири, нӕдӕр ӕ сӕйраг горӕт Ниневи неке бон исуодзӕй байахӕссун.

Еци рӕстӕг зӕнхӕбӕл Ассирийаг паддзахадӕй устурдӕр ӕма хъаурӕгиндӕр паддзахадӕ н’ адтӕй

Ассири ӕ тӕккӕ тӕмӕни ку адтӕй, уӕд Йегови пахампар Софони загъта: «[Йеговӕ] Ассири фесафдзӕй. Ниневи ӕдзӕрӕг ӕма сор бӕстӕ фестун кӕндзӕй, уодзӕй ӕдзӕрӕг будури хузӕн» (Соф. 2:13). Пахампар Наум ба загъта: «Ӕвзестӕ ӕма сугъзӕрийнӕ хӕссетӕ, хӕсгӕ кӕнтӕ. Горӕт исревӕд ӕй, хасти хузӕн фӕцӕй, змӕлӕг си нӕбал ес. Кадӕриддӕр дӕ фӕууина, е ледзунмӕ фӕууодзӕй ӕма зӕгъдзӕй: „Ниневи фӕххастонцӕ!“» (Наум 2:9, 10; 3:7). Еци пахампарӕдтӕ фегъосгӕй адӕн, ӕвӕдзи, дес кодтонцӕ: «Уомӕн куд ес гӕнӕн? Уӕхӕн хъаурӕгин бӕстӕбӕл ке бон ӕй фӕууӕлахез ун?»

Абони Ниневи ӕй ӕдзӕрӕг бунат!

Ӕма кӕд уобӕл хъӕбӕр зин баууӕндӕн адтӕй, уӕддӕр хабар раст гъе уотӕ рауадӕй! 7-аг ӕноси кӕронмӕ вавилойнӕгтӕ ӕма мидийӕгтӕ Ассири байахӕстонцӕ. Рӕстӕг рацудӕй ӕма Ниневи ӕдзӕрӕг иссӕй, удта ӕ кой дӕр нӕбал адтӕй. Музей Метрополитени сайтбӕл еу статьяй уотӕ финст ӕй: «Кӕддӕр еци бунати горӕт ке лӕудтӕй, е астӕуккаг ӕностӕмӕ бӕрӕг дӕр нецӕмӕйбал адтӕй. Ниневий туххӕй ма ӕрмӕстдӕр Библийӕй адтӕй базонӕн». Ӕндӕр сайти еу публикаций ба уотӕ финст адтӕй, ӕма, дан, 19 ӕноси райдайӕни Ниневии кӕддӕр ке адтӕй, е ’руагӕс дӕр некӕмӕйбал кодта. Фал фӕстӕдӕр 1845 анзи еу археолог Остин Лейард, зӕгъгӕ, Ниневи кӕми адтӕй, уоми къахун райдӕдта ӕма си уотид кӕлӕддзӕгтӕ не ’ссирдта, фал исбӕрӕг кодта, Ниневи ӕцӕгӕйдӕр хъӕбӕр гъӕздуг ӕма кадгин горӕт ке адтӕй.

Ниневий туххӕй пахампарадӕ листӕг хабӕртти уӕнгӕ дӕр исӕнхӕст ӕй. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Библий мах рӕстӕгутӕмӕ ци пахампарӕдтӕ хауй, етӕ дӕр ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ (Дан. 2:44; Рарг. 19:15, 19–21).