Идарддӕр цӕрунмӕ дӕмӕ хъауритӕ ку нӕбал уа
Зӕгъӕн, Еугонд Штаттӕй еу силгоймаг, Салли *, зӕгъгӕ, тухдунги фӕсте ӕнӕ хӕдзарӕй байзадӕй. Салли загъта: «Цӕйбӕрцӕ ма бафӕраздзӕн, уой нӕ зудтон. Берӕ рӕстӕг мӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма мӕмӕ хъауритӕ нӕбал ес».
Адӕймагӕн ма устур фӕлварӕн исуй, берӕ ке уарзуй, уӕхӕн еске ин ку рамӕлуй, е дӕр. Австралийӕй еу силгоймаг, Джанис, радзурдта: «Мӕ дууӕ фурти дӕр ку рамардӕнцӕ, уӕд мӕмӕ уотӕ кастӕй, цума мӕ цард еугур пурхӕ ниццӕй ӕма ’й листӕг къӕрттитӕй фӕстӕмӕ ӕмбурд кодтон. Фал мӕмӕ хъауритӕ ӕппундӕр нӕбал адтӕй ӕма Хуцауӕн лигъстӕ кодтон: „Аци рист не ’сфӕраздзӕн! Корун ди, гъе уотӕ бакӕнӕ, цӕмӕй ниффунӕй уон, ӕма мабал райгъал уон“».
Дэниел ба исӕмбалдӕй ӕндӕр фӕлварӕнбӕл – ӕ бийнойнаг ибӕл гадзирахаттӕй рацудӕй. Дэниел загъта: «Мӕ цардӕмбал мин уой ку радзурдта, уӕд мин цума мӕ зӕрди еске кард рацавта, уотӕ адтӕн. Уой фӕсте цидӕр ӕнахур рист кодтон, ӕма мин еци рист цалдӕр мӕйи дӕргъи нӕ сабур кодта».
Аци «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» номерӕй базондзиан, цийфӕнди зинӕй дӕр цӕрун цӕмӕн гъӕуй, уой. Зӕгъӕн, аци уавӕрти:
Мадта бал ӕркӕсӕн, ӕрдзон бӕллӕхи фӕсте идарддӕр цӕрӕн куд ес, уомӕ.
^ Еуӕй-еу нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.