Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ӕрдзон бӕллӕх ку ’рцӕуа

Ӕрдзон бӕллӕх ку ’рцӕуа

«Фиццӕгти нӕмӕ уотӕ кастӕй, цума нӕмӕ царди хуарзӕй нецибал ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Цидӕриддӕр нӕмӕ адтӕй, уой саха ӕма дон фӕлласта» (Эндрю, Сьерра-Леоне).

«Тухдунги фӕсте нӕ хӕдзарӕмӕ ку ӕрбацудан, уӕд кӕсгӕ байзадан. Нецибал си байзадӕй. Мӕ кизгӕ ӕ уӕргутӕбӕл ӕрхаудтӕй ӕма кудтӕй» (Дэвид, Виргиний сакъадӕхтӕ).

КӔД ду дӕр ӕрдзон бӕллӕхи бахаудтӕ, уӕд ӕй, ӕвӕдзи, зонис, адӕймаг куд бауй, уой: ци ’рцудӕй, е имӕ ӕнхӕст нӕма фӕгъгъаруй, тухсун райдайуй, удта ӕхсӕвӕ лӕгъуз фунтӕ фӕууинуй. Бӕллӕх кӕбӕл ӕрцудӕй, еци адӕнӕн сӕ нифс басӕттуй ӕма сӕмӕ идарддӕр сӕ цард хӕссунмӕ хъаурӕ нӕбал фӕууй.

Кӕд ду дӕр ӕрдзон бӕллӕхи бахаудтӕ, уӕд ӕй, ӕвӕдзи, нӕбал лӕдӕрдтӕ, идарддӕр дин куд цӕргӕ ’й, уой. Ӕма, ӕвӕдзи, сагъӕс кодтай, дӕ цардӕй мӕлӕт хуӕздӕр ке ӕй. Фал Библи зӕгъуй, идарддӕр цӕрун ке гъӕуй, ӕма нин хуарз федӕнӕй зӕрдӕ ӕвӕруй.

БИБЛИЙ РӔСТДЗИЙНАДӔ НИН ИДАРДДӔР ЦӔРУНМӔ ХЪАУРИТӔ ДӔТТУЙ

Екклесиаст 7:8 стихи финст ес: «Гъуддагӕн ӕ кӕрон ӕ райдайӕнӕй хуӕздӕр ӕй». Ӕрдзон бӕллӕхи фӕсте дӕмӕ, ка ’й зонуй, уотӕ кӕса, ӕма дзӕгъӕли цӕрис. Фал фӕразонӕй ку архайай, цӕмӕй дӕ цард нӕуӕгӕй исаразай, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй дӕхемӕ ӕрцӕун.

Библий финст ес, уӕхӕн рӕстӕг ке уодзӕй, ӕма «нӕбал райгъусдзӕй кӕун ӕма, зӕрдӕ кӕмӕй исхъурмӕ уй, уӕхӕн гъӕр» (Исай 65:19). Аци дзурдтӕ исӕнхӕст уодзӕнцӕ, зӕнхӕ Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ дзенет ку исуа, уӕд (Псалом 37:11, 29). Ӕрдзон бӕллӕхтӕн сӕ кой дӕр нӕбал уодзӕй, ӕма, ци зиан ӕма рист ӕрхӕссунцӕ, уой гъуди дӕр некебал ӕркӕндзӕй, уомӕн ӕма Алцигъон Хуцау зӕрдӕ байвардта: «Раздӕр ци адтӕй, уони гъуди дӕр некебал ӕркӕндзӕй ӕма зӕрди дӕр нӕбал байзайдзӕнцӕ» (Исай 65:17).

Расагъӕс кӕнӕ: Хуцау батухстӕй, цӕмӕй дин «федӕн ӕма нифс» уа – ӕ Паддзахади дӕлбарӕ фӕрнӕйдзаг цард (Йереми 29:11). Уӕхӕн нифс нин ке ес, уомӕ гӕсгӕ цардӕн никки фулдӕр аргъ гъӕуама ма кӕнӕн? Фиццаг статьяй ке кой цудӕй, еци силгоймаг, Салли, зӕгъгӕ, загъта: «Хуцауи Паддзахадӕ федӕни ци арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй, уони дӕ зӕрдӕбӕл ку лӕуун кӕнай, уӕд дӕбӕл раздӕр ци лӕгъуз хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уонӕбӕл минкъийдӕр сагъӕс кӕндзӕнӕ, ӕма абони зиндзийнӕдтӕн фӕраздзӕнӕ».

Нӕ дӕ фӕндадтайдӕ фулдӕр базонун, Хуцауи Паддзахадӕ тагъд рӕстӕги зӕнхӕбӕл цӕхуӕн цард искӕндзӕй, уой? Уой фӕрци дӕмӕ цийфӕнди зиндзийнӕдти дӕр идарддӕр цӕрунмӕ хъаурӕ уодзӕй, уомӕн ӕма ’й зондзӕнӕ, хуӕздӕр федӕн нӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Цалинмӕ еци рӕстӕг нӕ ралӕудтӕй, уӕдмӕ ба бал дин Библий унаффитӕ ӕнхус кӕндзӕнцӕ, бӕллӕхи фӕсте ци зиндзийнӕдтӕ ӕвзарис, уони исфӕразунмӕ. Ӕркӕсӕн еци унаффитӕй цалдӕремӕ.