Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

1 УӔЛӔНХАСӔН

Мах уарзӕн Библий ахурӕдтӕ адӕнӕн амонун

Мах уарзӕн Библий ахурӕдтӕ адӕнӕн амонун

Киристе загъта, кӕдзосзӕрдӕ адӕн рӕстдзийнадӕмӕ ке байгъосдзӕнцӕ, ку ’й фегъосонцӕ, уӕд (Иоан. 10:4, 27). Мадта адӕни хӕццӕ ку фӕдздзорӕн, уӕд нӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй син Библий хумӕтӕг ахурӕдти туххӕй радзорӕн. Дӕ бон ӕй уӕхӕн дзурдтӕй райдайун: «Зудтай ӕй...?» кенӕ «Ескӕд фегъустай...?» Уой фӕсте ба ин бакӕсӕ, гъуди ка лӕдӕрун кӕнуй, уӕхӕн стих. Уотемӕй дӕ бон исуодзӕй адӕймаги зӕрди рӕстдзийнади нӕмуг байтаун, Йеговӕ ба ’й исирӕзун кӕндзӕй (1 Кор. 3:6, 7).

 ФЕДӔН

  1. 1. Ци хабӕрттӕ цӕуй ӕма адӕн сӕхе куд дарунцӕ, уомӕй бӕрӕг ӕй, тагъд рӕстӕги цард ке раййевдзӕй (Матф. 24:3, 7, 8; Лук. 21:10, 11; 2 Тим. 3:1–5).

  2. 2. Зӕнхӕ исӕфт некӕд ӕрцӕудзӕй (Пс. 104:5; Еккл. 1:4).

  3. 3. Адӕн зӕнхӕн ци зӕран ӕрхастонцӕ, уомӕй фӕд дӕр нӕбал байзайдзӕй (Ис. 35:1, 2; Рарг. 11:18).

  4. 4. Еугурӕйдӕр уодзӕнцӕ ӕнӕнез (Ис. 33:24; 35:5, 6).

  5. 5. Дӕ бон уодзӕй зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕрун (Пс. 37:29; Матф. 5:5).

 БИЙНОНТӔ

  1. 6. Лӕг гъӕуама ӕ уоси уарза, «ӕхе куд уарзуй, уотӕ» (Еф. 5:33; Кол. 3:19).

  2. 7. Уосӕ гъӕуама ӕ лӕги нимайа (Еф. 5:33; Кол. 3:18).

  3. 8. Лӕг ӕма уосӕ гъӕуама кӕрӕдзебӕл еузӕрдон уонцӕ (Мал. 2:16; Матф. 19:4–6, 9; Дзиуит. 13:4).

  4. 9. Ӕ ниййергути ка нимайуй ӕма сӕмӕ ка игъосуй, еци сувӕллонмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй амондгун федӕн (Ӕмб. 1:8, 9; Еф. 6:1–3).

NASA, ESA and the Hubble Heritage Team (STScI/AURA)-ESA/Hubble Collaboration. Licensed under CC BY 4.0. Source.

 ХУЦАУ

  1. 10. Хуцауӕн ес ном (Пс. 83:18; Йер. 10:10).

  2. 11. Хуцау адӕнӕн игъосун кӕнуй ӕхсидзгӕ хабар (2 Тим. 3:16, 17; 2 Пет. 1:20, 21).

  3. 12. Хуцау алкӕддӕр рӕстӕй фӕййархайуй ӕма неке гъолон кӕнуй (Дук. з. 10:17; Гъуд. 10:34, 35).

  4. 13. Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй нин банхус кӕна (Пс. 46:1; 145:18, 19).

 КУВД

  1. 14. Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй имӕ ковӕн (Пс. 62:8; 65:2; 1 Пет. 5:7).

  2. 15. Библий финст ӕй, Хуцаумӕ ковун куд гъӕуй (Матф. 6:7–13; Лук. 11:1–4).

  3. 16. Гъӕуама арӕх ковӕн (Матф. 7:7, 8; 1 Фес. 5:17).

 КИРИСТЕ

  1. 17. Киристе ӕй ӕгасемӕй хуӕздӕр ахургӕнӕг, ӕма ӕ унаффитӕ абони уӕнгӕ дӕр пайда ’нцӕ (Матф. 6:14, 15, 34; 7:12).

  2. 18. Нур ци хабӕрттӕ цӕуй, уони туххӕй Киристе дзурдта (Матф. 24:3, 7, 8, 14; Лук. 21:10, 11).

  3. 19. Киристе ӕй Хуцауи Фурт (Матф. 16:16; Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:15).

  4. 20. Киристе Хуцау нӕй (Иоан. 14:28; 1 Кор. 11:3).

Based on NASA/Visible Earth imagery

 ХУЦАУИ ПАДДЗАХАДӔ

  1. 21. Хуцауи Паддзахадӕ ӕй ӕцӕг хецаудзийнадӕ уӕлӕрвти (Дан. 2:44; 7:13, 14; Матф. 6:9, 10; Рарг. 11:15).

  2. 22. Хуцауи Паддзахадӕ раййевдзӕй ӕгас зӕнхон хецауӕдти дӕр (Пс. 2:7–9; Дан. 2:44).

  3. 23. Адӕни се ’гас зиндзийнӕдтӕй ӕрмӕстдӕр Хуцауи Паддзахадӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй (Пс. 37:10, 11; 46:9; Ис. 65:21–23).

 ГЪЕЗӔМӔРТТӔ

  1. 24. Хуцау нӕ гъезӕмӕртти фудгин нӕй (Дук. з. 32:4; Иак. 1:13).

  2. 25. Аци дуйне Сайтани къохи ӕй (Лук. 4:5, 6; 1 Иоан. 5:19).

  3. 26. Хуцауӕн нӕ гъезӕмӕрттӕмӕ кӕсун зин ӕй, ӕма ’й фӕндуй банхус кӕнун (Пс. 34:17–19; Ис. 41:10, 13).

  4. 27. Хуцау тагъд гъезӕмӕрттӕн кӕрон искӕндзӕй (Ис. 65:17; Рарг. 21:3, 4).

 МӔЛӔТ

  1. 28. Ка рамардӕй, етӕ нецибал лӕдӕрунцӕ ӕма гъезӕмарӕ дӕр нӕ кӕнунцӕ (Еккл. 9:5; Иоан. 11:11–14).

  2. 29. Ка рамардӕй, уони бон нӕй махӕн банхус кӕнун дӕр ӕма нин зиан ӕрхӕссун дӕр (Пс. 146:4; Еккл. 9:6, 10).

  3. 30. Берӕ ке уарзтан, етӕ райгас уодзӕнцӕ (Иов 14:13–15; Иоан. 5:28, 29; Гъуд. 24:15).

  4. 31. «Нӕбал уодзӕй... мӕлӕт» (Рарг. 21:3, 4; Ис. 25:8).

 ДИН

  1. 32. Хуцауи зӕрдӕмӕ ӕгас динтӕ нӕ цӕунцӕ (Йер. 7:11; Матф. 7:13, 14, 21–23).

  2. 33. Хуцау цӕстӕмӕ миутӕй е ’сӕфт уинуй (Ис. 29:13; Мих. 3:11; Мар. 7:6–8).

  3. 34. Ӕцӕг дини фӕдбӕлдзӕугутӕ бӕрӕг уодзӕнцӕ сӕ уарзондзийнадӕй (Мих. 4:3; Иоан. 13:34, 35).