Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

3 СӔР

Раав ӕууӕндтӕй Йеговӕбӕл

Раав ӕууӕндтӕй Йеговӕбӕл

Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнай, цума Йерихони цӕрис. Еци горӕт ӕй Ханаани зӕнхӕбӕл ӕма си ка цӕруй, еци адӕм Йеговӕмӕ нӕ игъосунцӕ. Уоми ма цӕруй еу силгоймаг, ӕ ном хуннуй Раав.

Раав ма минкъий ку адтӕй, уӕд фегъуста, Моисей израилӕгти Египеттӕй куд фӕййервӕзун кодта ӕма Сурх денгизи дӕнттӕ куд рахецӕн кодта, уой. Удта син Йеговӕ куд ӕнхус кодта, се знӕгти хӕццӕ тохун, уой дӕр зудта. Нур ба израилӕгтӕ ӕ горӕтмӕ ӕрбахӕстӕг ӕнцӕ!

Раав израилаг лӕгти баримахста, уомӕн ӕма ӕууӕндтӕй Йеговӕбӕл

Еу изӕр дууӕ израилаг лӕги сосӕггай Йерихонмӕ ӕрбацудӕнцӕ, горӕт фӕууинунмӕ. Етӕ ӕхсӕвиуатӕй байзадӕнцӕ Раави хӕдзари. Йерихони паддзах ба фегъуста, израилӕгтӕй кадӕртӕ горӕтмӕ ке ӕрбацудӕнцӕ ӕма Раави хӕдзари ке ӕнцӕ, уой. Ӕма уӕд паддзах ӕ адӕми рарвиста, цӕмӕй сӕ ниййахӕстайуонцӕ. Фал сӕ Раав ӕ хӕдзари сӕрбӕл баримахста. Паддзах ке ӕрбарвиста, уонӕн ба загъта: «Еци лӕгтӕ ами адтӕнцӕ, фал нур горӕти нӕбал ӕнцӕ. Мӕнӕ нур сӕ фӕсте ку рандӕ уайтӕ, уӕд ма сӕ баййафдзинайтӕ!» Зонис ӕй, Раав еци лӕгти цӕмӕн баримахста? ~ Уомӕн ӕма Йеговӕбӕл ӕууӕндтӕй ӕма ’й зудта, Йеговӕ Ханаани зӕнхӕ израилӕгтӕн ке ратдзӕй, уой.

Дууӕ израилаг лӕги Раави хӕдзарӕй цӕугӕ ку кодтонцӕ, уӕд ин загътонцӕ, Йерихон ку ниппурхӕ уа, уӕд ӕхуӕдӕг дӕр ӕма ӕ бийнонтӕ дӕр ке фӕййервӕззӕнцӕ. Фал ӕй зонис, уой туххӕй ӕй ци бакӕнун гъудӕй, уой? ~ Етӕ ин загътонцӕ: «Сурх бӕттӕн райсӕ ӕма ’й дӕ къӕразгӕбӕл ӕндегӕй ниббӕттӕ. Уотӕ ку бакӕнай, уӕд, дӕ хӕдзари ка уа, уонӕй некӕбӕл неци ӕрцӕудзӕй». Раав дӕр уотӕ бакодта. Идарддӕр ци ӕрцудӕй, уой зонис? ~

Йеговӕ Раави ӕма ӕ бийнонти багъӕуай кодта

Цалдӕр боней фӕсте израилӕгтӕ Йерихонбӕл зелун райдӕдтонцӕ, ӕппундӕр неци дзурдтонцӕ, уотемӕй. Уотӕ кодтонцӕ ӕхсӕз бони. Ӕвдӕймаг бон ба горӕтбӕл ӕрзилдӕнцӕ авд хатти, удта се ’цӕг бӕнтти еумӕ нигъгъӕр кодтонцӕ. Йеговӕ уотӕ бакодта, ӕма еци гъӕри хӕццӕ горӕти фӕрстӕ никкалдӕнцӕ. Фал сурх бӕттӕн ци къӕразгӕбӕл баст адтӕй, еци хӕдзарӕ ба нӕ ниппурхӕ ’й! Уинис ӕй хузӕбӕл? ~ Раав ӕма ӕ бийнонтӕ фӕййервазтӕнцӕ!

Раави хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнис? ~ Раав Йеговӕбӕл ӕууӕндтӕй, уомӕн ӕма ’й зудта, ци берӕ дессӕгтӕ искодта, уой. Ду дӕр берӕ цидӕртӕ зонис Йегови дессаг гъуддӕгти туххӕй. Раав Йеговӕбӕл куд ӕууӕндтӕй, ду дӕр ибӕл уотӕ ӕууӕндис? ~ Зонӕн ӕй, ке ӕууӕндис!