17 СӔР
Йесо дзоруй Хуцауи Паддзахади туххӕй
Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгти берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кодта, фал син фиццагидӕр ба дзурдта Хуцауи Паддзахади туххӕй
ЦӔМӔН ӕрцудӕй Йесо зӕнхӕмӕ? Ӕхуӕдӕг уотӕ загъта, зӕгъгӕ, гъӕуама «Хуцауи Паддзахади туххӕй... фегъосун кӕнон, уомӕн ӕма уой туххӕй ӕрвист дӕн» (Лукай 4:43). Ӕркӕсӕн, Йесо цӕбӕл ахур кодта, еци гъуддӕгтӕй цуппаремӕ.
1. Йесо – Хуцауӕй ӕвӕрд Паддзах. Йесо ӕргом загъта, пахампартӕ ке туххӕй дзурдтонцӕ, еци Мессийӕ, кенӕ Киристе, ӕхуӕдӕг ке ӕй (Иоанни 4:25, 26). Удта ма син загъта, Данел цӕстӕбӕлуайӕни ке фӕууидта, еци Паддзах ке исуодзӕй. Киристе ӕ апостолтӕн зӕрдӕ байвардта, ӕ «кадгин паддзахбадӕнбӕл» ку ’сбада, уӕд етӕ дӕр ӕ хӕццӕ паддзӕхтӕ ке уодзӕнцӕ (Матфеййи 19:28). Йесо сӕ ’схудта «минкъий дзогӕ», удта ма загъта, «ӕндӕр фустӕ» дӕр ин ке ес, фал етӕ еци къуармӕ нӕ хаунцӕ (Лукай 12:32; Иоанни 10:16).
2. Хуцауи Паддзахадӕ рӕстӕй архайдзӕй. Йесо загъта, Хуцауи Паддзахадӕ рӕстӕй ке архайдзӕй, ӕма Йегови ном ке искӕдзос кӕндзӕй, Сайтан ибӕл Едеми дзӕхӕрадони ци фауӕн дзубандитӕ ракодта, уонӕй (Матфеййи 6:9, 10). Йесо ахур кодта алкедӕр, нӕлгоймӕгти дӕр ӕма силгоймӕгти дӕр, мӕгурти дӕр ӕма гъӕздугути дӕр. Кӕд ӕ сӕйраг ихӕс израилӕгти ахур кӕнун адтӕй, уӕддӕр самарийӕгтӕн дӕр ӕма дзиуиттаг ка нӕ адтӕй, уонӕн дӕр ӕнхус кодта. Еци рӕстӕг дини разамонгутӕ адӕммӕ сӕрӕй бунмӕ кастӕнцӕ, фал Йесо уони хузӕн н’ адтӕй, е аргъ кодта алкӕмӕн дӕр.
3. Хуцауи Паддзахадӕн аци дуйней хӕццӕ еумӕйагӕй неци уодзӕй. Йесо цардӕй змӕнстити рӕстӕг. Ӕ райгурӕн бӕстӕ адтӕй ӕндӕр паддзахади дӕлбарӕ. Еци рӕстӕг адӕм Йесой паддзахӕй исӕвӕрунмӕ гъавтонцӕ, фал син не ’сарази ӕй (Иоанни 6:14, 15). Йесо еу хецауӕн загъта: «Мӕ паддзахадӕ аци дуйнейӕй нӕй» (Иоанни 18:36). Удта ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн дӕр загъта: «Сумах... аци дуйнейӕй нӕ айтӕ» (Иоанни 15:19). Киристе сӕ нӕ уагъта тохӕндзаумау сӕ къохмӕ есун, сауӕнгӕ ма ӕ сӕрбӕл ку рахуӕстӕнцӕ, уӕддӕр (Матфеййи 26:51, 52).
«Йесо... горӕттӕбӕл ӕма гъӕутӕбӕл зилдӕй ӕма Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кодта» (Лукай 8:1)
4. Киристе уодзӕй, адӕми ка уарзуй, уӕхӕн Паддзах. Йесо зӕрдӕ байвардта, адӕмӕн уодӕнцойнӕ ке хӕсдзӕй ӕма син сӕ уаргъ ке фӕррӕуӕгдӕр кӕндзӕй (Матфеййи 11:28–30). Ӕма ӕ дзурд исӕнхӕст кодта. Йесой унаффитӕ адӕмӕн устур пайда хастонцӕ. Зӕгъӕн, амудта син, ци кӕнун сӕ гъӕуй, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕтӕ кӕнонцӕ, иннети хӕццӕ лимӕнӕй цӕронцӕ, гъӕздугдзийнади фӕдбӕл ма цӕуонцӕ ӕма амондгун цард кӕнонцӕ (Матфеййи, 5–7 сӕртӕ). Фӕлмӕнзӕрдӕ ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ имӕ цудӕнцӕ аллихузи адӕм, сауӕнгӕ ма ӕгадӕ цӕстӕй кӕмӕ кастӕнцӕ ӕма ӕфхуӕрд ка ӕййафта, етӕ дӕр. Зудтонцӕ ’й, Киристе хӕларзӕрдӕ ке ӕй, ӕма сӕмӕ сӕрӕй бунмӕ ке нӕ кӕсдзӕй. Ӕцӕгӕйдӕр, Киристе уодзӕй ӕгасемӕй хуӕздӕр Паддзах!
Йесо Хуцауи Паддзахади туххӕй ку дзурдта, уӕд айдагъ ахур нӕ кодта, фал ма берӕ дессӕгтӕ дӕр ӕвдиста. Цӕмӕн? Уой туххӕй ба базондзинан идарддӕр.