23 СӔР
Хуарз хабар игъустгонд цӕуй
Павел хуарз хабар игъосун кӕнуй идард рауӕнти
ПАВЕЛ киристон ку иссӕй, уӕд райдӕдта Хуцауи Паддзахади туххӕй игъосун кӕнун. Кӕд раздӕр киристӕнтти ӕфхуардта, уӕд нур ба ӕфхуӕрд ӕхуӕдӕг ӕййафуй. Павел ӕ хъауритӕ не ’вгъау кодта ӕма идард рауӕнтӕмӕ цудӕй, цӕмӕй адӕмӕн фегъосун кодтайдӕ, Хуцауи фӕндон кӕронмӕ ка исӕнхӕст кӕндзӕй, еци Паддзахади туххӕй.
Ӕ фиццаг балций рӕстӕг Павел Листри ку адтӕй, уӕд исдзӕбӕх кодта, ӕ райгурцӕй къулух ка адтӕй, уӕхӕн лӕги. Адӕм уой ку фӕууидтонцӕ, уӕд Павел ӕма Варнави бангъалдтонцӕ хуцӕуттӕ ӕма син нивӕндтӕ хӕссунмӕ гъавтонцӕ, фал сӕ етӕ бауорӕдтонцӕ. Фӕстӕдӕр Павели знӕгтӕ адӕми уотӕ исахъилдтонцӕ, ӕма ’й дортӕй фӕххуастонцӕ. Уой фӕсте ӕй горӕтӕй мардӕнгъӕлӕй рахастонцӕ. Фал Павел фӕййервазтӕй, ӕма горӕтмӕ ку ’рӕздахтӕй, уӕд ахуркӕнуйнӕгти бафедар кодта.
Дзиуиттаг киристӕнттӕй еуӕй-еуетӕ дзурдтонцӕ, зӕгъгӕ, ӕндӕр адӕмӕй киристон ка иссӕй, етӕ дӕр гъӕуама Моисеййи закъонӕн ӕ кӕцидӕр фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕнонцӕ. Павел, апостолтӕ ӕма иннӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ еци фарста ниллух кӕнунмӕ Йерусалими ӕрӕмбурд ӕнцӕ. Етӕ Финстадӕ лӕмбунӕг ӕртастонцӕ ӕма Хуцауи сугъдӕг хъаури фӕрци рахастонцӕ унаффӕ. Ци унаффӕ рахастонцӕ, уой туххӕй ниффинстонцӕ ӕмбурдтӕмӕ ӕма син бафӕдзахстонцӕ, цӕмӕй сӕхе хизтайуонцӕ мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковунӕй, тогӕй, хуӕдмӕл фонси фидӕй ӕма хӕтундзийнадӕй. Аци гъуддӕгтӕй сӕ гъудӕй сӕхе хезун, фал сӕ Моисеййи закъон ӕнхӕст кӕнун ба нӕ гъудӕй (Гъуддӕгтӕ 15:28, 29).
Павел дуккаг игъосун кӕнуни балций адтӕй Верий – абони е ӕй Греций зӕнхӕбӕл. Бунӕттон дзиуиттӕгтӕ Павелмӕ хуарз игъустонцӕ ӕма син ци дзурдта, уой Финстадӕмӕ гӕсгӕ лӕмбунӕг ӕртастонцӕ. Фал иннӕ адӕм ӕ нихмӕ карзӕй ке рацудӕнцӕ, уой туххӕй Павели уордиги дӕр ледзун багъудӕй Афинитӕмӕ. Уоми игъосун кодта ахургонд адӕмӕн. Павел афинӕгтӕн куд уӕзданӕй ӕма лӕдӕргӕй игъосун кодта, удта дзорунмӕ куд дӕсни адтӕй, уомӕй фӕнзуйнаг ӕй.
Ӕртиккаг игъосун кӕнуни балций фӕсте ба рандӕ ’й Йерусалиммӕ. Ковӕндонӕмӕ ку ӕрбацудӕй, уӕд си дзиуиттӕгтӕ адӕм рамбурд кодтонцӕ, цӕмӕй ӕй рамардтайуонцӕ. Фал сӕ ромаг ӕфсӕддонтӕ бауорӕдтонцӕ, ӕма Павели рафӕрсӕ-бафӕрсӕ кӕнгӕй базудтонцӕ, ромаг ке адтӕй, уой. Уомӕ гӕсгӕ Павелӕн барӕ лӕвӕрд ӕрцудӕй, цӕмӕй ин ромаг хецау Феликс ӕ гъуддаг равзара. Иудейӕгтӕ ’й берӕ гъуддӕгти фудгин кодтонцӕ, фал бӕлвурдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссун ба сӕ бон н’ адтӕй. Цӕмӕй сӕ къохи ма бафтудайдӕ, уой туххӕй Павел иннӕ ромаг хецауӕн, Фестӕн, загъта: «Ӕз домун Роми паддзахи тӕрхон». Ӕма ин Фест загъта: «Роми паддзахи тӕрхон домис, ӕма Роми паддзахмӕ рандӕ уодзӕнӕ» (Гъуддӕгтӕ 25:11, 12).
Павели науӕбӕл исбадун кодтонцӕ ӕма ӕй Италимӕ рарвистонцӕ, цӕмӕй ин уоми истӕрхон кодтайуонцӕ. Фал уордӕмӕ цӕугӕй сӕ науӕ ниппурхӕ ’й ӕма Павел зумӕг рарвиста Мальтӕ сакъадахи. Уой фӕсте Павел Роммӕ ӕрцудӕй ӕма уоми дууӕ анзей дӕргъи ихуӕрст хӕдзари цардӕй. Кӕд Павел ахӕст адтӕй, уӕддӕр зингзӕрдӕй игъосун кодта, кадӕриддӕр имӕ цудӕй, уонӕн.