Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

03 УРОК

Библибӕл ӕууӕндӕн ес?

Библибӕл ӕууӕндӕн ес?

Библий ес берӕ хуарз унаффитӕ ӕма зӕрдӕвӕрдтӕ. Ӕвӕдзи, дӕу дӕр фӕндуй базонун, ци си финст ес, уой. Фал уӕхӕн рагон киунуги ци финст ес, уобӕл цума ӕууӕндӕн ес? Ӕ унаффитӕ ести пайда хӕссунцӕ? Зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй, етӕ ескӕд исӕнхӕст уодзӕнцӕ? Милиуангай адӕн уобӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнунцӕ. Ӕркӕсӕн цалдӕр гъуддагемӕ.

1. Цума Библий ӕцӕг хабӕрттӕ финст ес?

Библи ӕхуӕдӕг куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ си финст ес, «ӕцӕг ци ӕй», е (Екклесиаст 12:10). Ци хабӕртти туххӕй си финст ес, етӕ ӕрцудӕнцӕ ӕцӕг адӕнбӕл. (Бакӕсӕ Лукай 1:3; 3:1, 2.) Историктӕ ӕма археологтӕ куд исбӕрӕг кодтонцӕ, уотемӕй, Библий ци хабӕрттӕ, нӕмттӕ ӕма бунӕттӕ финст ӕнцӕ, етӕ ӕцӕгӕйдӕр адтӕнцӕ.

2. Кӕд Библи рагон киунугӕ ’й, уӕддӕр ибӕл ӕууӕндӕн цӕмӕн ес?

Ахургӕндтӕ мах рӕстӕги ке исбӕрӕг кодтонцӕ, еци хабӕрттӕй кӕцидӕртӕ Библий хъӕбӕр раги финст ӕрцудӕнцӕ. Зӕгъӕн, ес си науки хӕццӕ баст хабӕрттӕ. Фал уӕди рӕстӕги адӕн ӕндӕрхузи гъуди кодтонцӕ. Абони ба наукӕн ци бантӕстӕй, уой фӕрци, Библий ци финст адтӕй, уобӕл некебал гурусхӕ кӕнуй. Библий ци финст ес, уонӕбӕл «ӕууӕндӕн ес... ӕносмӕ, муггагмӕ» (Псалом 111:7, 8).

3. Библий федӕни туххӕй ци финст ес, уобӕл ӕууӕндӕн цӕмӕн ес?

Библий пахампарӕдти a финст ес, ка «нӕма ӕрцудӕй», уӕхӕн хабӕрттӕ (Исай 46:10). Кӕд пахампарадӕ дзӕвгарӕ раздӕр загъд ӕрцӕуидӕ, уӕддӕр ӕнхӕст ба исуидӕ листӕг хабӕртти уӕнгӕ дӕр. Удта ма абони дуйней цитӕ цӕуй, етӕ дӕр си финст ӕнцӕ ӕма листӕг хабӕртти уӕнгӕ дӕр ӕнхӕст кӕнунцӕ. Аци урокки ӕркӕсдзиан цалдӕр Библий пахампарадемӕ. Куд исӕнхӕст ӕнцӕ, е дӕмӕ дессаг фӕккӕсдзӕй.

ФУЛДӔР БАЗОНӔ

Ӕркӕсӕ, Библи науки хӕццӕ куд баст ӕй, уомӕ ӕма фулдӕр базонӕ кӕцидӕр Библий пахампарӕдтӕ.

4. Библи наукӕмӕ гӕсгӕ раст ӕй

Раздӕр адӕн ӕууӕндтӕнцӕ, зӕнхӕ цӕбӕлдӕр ке лӕууй. Бакӕсетӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Дӕ гъос ӕрдарай, Библий ци финст адтӕй 3 500 анзей размӕ. Бакӕсетӕ Иов 26:7 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстабӕл:

  • Библий зӕнхи туххӕй ци финст ес, е дессаг цӕмӕй ӕй?

Ӕрдзи медӕг дон куд зелдогъ кӕнуй, уой ахургӕндтӕ базудтонцӕ еу 200 анзей размӕ. Фал ӕркӕсай, Библий ци финст ӕрцудӕй цалдӕр мин анзей размӕ. Бакӕсетӕ Иов 36:27, 28 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстатӕбӕл:

  • Ӕрдзи медӕг дон куд зелдогъ кӕнуй, е уӕхӕн хумӕтӕг дзурдтӕй финст ке ӕй, е дессаг цӕмӕн ӕй?

  • Библибӕл фулдӕр ӕууӕндун райдӕдтай, аци стихтӕ ку бакастӕ, уӕд?

5. Библий рагацау финст ӕрцудӕнцӕ ӕхсидзгӕ хабӕрттӕ

Бакӕсетӕ Исаййи 44:27–45:2 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстабӕл:

  • Вавилон ке гъӕуама байахӕссонцӕ, уой туххӕй Библий цӕхуӕн листӕг хабӕрттӕ финст ӕрцудӕнцӕ 200 анзей размӕ?

Историй бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ Персий паддзах Кир е ’фсади хӕццӕ Вавилон байахӕста нӕ эри размӕ 539 анзи. Горӕт ци цӕугӕдон гъӕуай кодта, уой Кир ӕндӕр ӕрдӕмӕ раздахта. Уой фӕсте ба горӕтмӕ ӕнӕ тохгӕй бацудӕй, уомӕн ӕма ӕ дуӕрттӕ игонӕй байзадӕнцӕ. Еци хабарбӕл цӕуй 2 500 анземӕй фулдӕр. Абони Вавилони кӕлӕддзӕгтӕй ӕндӕр неци ес. Ӕркӕсӕ, уой туххӕй Библий ци финст ес, уомӕ.

Бакӕсетӕ Исаййи 13:19, 20 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстабӕл:

  • Вавилони туххӕй пахампарадӕ куд исӕнхӕст ӕй?

Вавилони кӕлӕддзӕгтӕ мах рӕстӕги (Ирак)

6. Абони зӕнхӕбӕл ци хабӕрттӕ цӕунцӕ, етӕ Библий рагацау финст адтӕнцӕ

Библи мах рӕстӕг хонуй «фӕстаг бӕнттӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1). Ӕркӕсай, Библимӕ гӕсгӕ фӕстаг бӕнтти цӕхуӕн хабӕрттӕ гъӕуама цӕуа.

Бакӕсетӕ Матфеййи 24:6, 7 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстабӕл:

  • Библимӕ гӕсгӕ фӕстаг бӕнтти цӕхуӕн хабӕрттӕ цӕудзӕй?

Бакӕсетӕ 2 Тимофеймӕ 3:1–5 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстатӕбӕл:

  • Библимӕ гӕсгӕ фӕстаг бӕнтти адӕн цӕхуӕн уодзӕнцӕ?

  • Нури адӕнмӕ си цӕхуӕн менеугутӕ уинис?

КАДӔРТӔ ФӔЗЗӔГЪУНЦӔ: «Библий таурӕхътӕй ӕндӕр неци ес».

  • Библибӕл ӕууӕндӕн ке ес, уобӕл тӕккӕ хъӕбӕрдӕр цӕй фӕрци баууӕндтӕ?

ЦИ БАЗУДТАЙ

Библибӕл ӕууӕндӕн ке ес, е бӕрӕг ӕй, историмӕ гӕсгӕ раст ке ӕй, науки нихмӕ ке нӕй ӕма ӕ пахампарӕдтӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ, уомӕй.

Дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ

  • Библий ӕцӕг хабӕрттӕ финст ес?

  • Библи науки нихмӕ ке нӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

  • Куд дӕмӕ кӕсуй, Библий пахампарӕдтӕбӕл ӕууӕндӕн ес? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

Дӕ нисан

ФУЛДӔР ӔРМӔГ

Библи науки хӕццӕ баст хабӕртти кой ку фӕккӕнуй, уӕд алцӕмӕйдӕр раст фӕууй?

«Согласуется ли Библия с наукой?» (интернет-статья)

Базонӕ, Греций паддзахади туххӕй Библий ци пахампарӕдтӕ ес, етӕ куд исӕнхӕст ӕнцӕ.

«Уверены в пророческом слове» (5:22)

Базонӕ, еу нӕлгоймаг Библий туххӕй ӕ гъуди куд феййивта, ӕ пахампарӕдтӕ ин ку рартаста, уӕд.

«Я считал, что Бога не существует» («Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», № 5, 2017)

a Пахампарадӕ ӕй, Хуцау федӕни туххӕй ке фӕззӕгъидӕ, уӕхӕн хабар.