1 СӔР
Йегови Ӕвдесӕнтӕ ка ’нцӕ?
Йегови Ӕвдесӕнтӕй еске зонис? Гӕнӕн ес, ӕма си кадӕртӕ ӕнцӕ дӕ синхонтӕ, де ’мкосгутӕ кенӕ, дӕ хӕццӕ ка ахур кӕнуй, етӕ. Ӕвӕдзи си еске дӕ хӕццӕ Библий туххӕй дӕр дзурдта. Йегови Ӕвдесӕнтӕ ка ’нцӕ ӕма цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой туххӕй иннетӕн цӕмӕн фӕдздзорунцӕ?
Мах дӕр ан иннӕ адӕми хузӕн. Нӕ астӕу ес, аллихузи бийнонти ка исгъомбӕл ӕй ӕма аллихузи уавӕрти ка цӕруй, уӕхӕн адӕм. Беретӕ ни раздӕр ӕндӕр динбӕл хуӕст адтӕнцӕ, кадӕртӕ ба Хуцаубӕл ӕууӕндгӕ дӕр нӕ кодтонцӕ. Фал ни алкедӕр цалинмӕ Йегови Ӕвдесӕн не ’ссӕй, уӕдмӕ цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг лӕмбунӕг Библи ахур кодта (Гъуддӕгтӕ 17:11). Уотемӕй ни алкедӕр балӕдӕрдтӕй, Библий ци финст ес, е рӕстдзийнадӕ ке ӕй, ӕма уой фӕсте райдӕдтан Йеговӕ Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун.
Библи ке ахур кӕнӕн, е нин устур пайда хӕссуй. Махмӕ дӕр иннӕ адӕми хузӕн ес аллихузи зиндзийнӕдтӕ, удта ни алкӕмӕ дӕр ӕхе лӕмӕгъдзийнӕдтӕ ес. Фал мах алли гъуддаги дӕр архайӕн Библимӕ гӕсгӕ, ӕма уой фӕрци нӕ цард дзӕвгарӕ хуӕздӕр ӕма амондгундӕр иссӕй (Псалом 128:1, 2). Уомӕ гӕсгӕ ба, Библийӕй нӕхуӕдтӕ ци базонӕн, уой иннетӕн дӕр дзорӕн.
Мах цӕрӕн Хуцауи унаффитӕмӕ гӕсгӕ. Еци унаффитӕ финст ӕнцӕ Библий, ӕма сӕмӕ ке игъосӕн, уой фӕрци нӕ цардӕй зӕрдӕрохс ан, иннетӕн фулдӕр аргъ кӕнӕн, сӕ хӕццӕ ан хӕларзӕрдӕ, удта сайгӕ неке кӕнӕн. Хуцауи закъӕнтти фӕрци ӕгъдаугин цард кӕнӕн, хуарз косгутӕ ӕма хуарз синхӕнттӕ ан, удта бийнонти медӕг дӕр кӕрӕдземӕн аргъ кӕнӕн. Мах ӕй зонӕн, «Хуцау ке неке гъолон кӕнуй», ӕма кӕд алли адӕмихӕттитӕй ан, уӕддӕр кӕрӕдзей нимайӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл. Мадта кӕд хецӕнтӕй хумӕтӕг адӕм ан, уӕддӕр еумӕ ба мах хузӕн адӕм нӕййес (Гъуддӕгтӕ 4:13; 10:34, 35).
-
Цӕмӕ гӕсгӕ ес зӕгъӕн, ӕма Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕр иннӕ адӕми хузӕн ӕнцӕ?
-
Йегови Ӕвдесӕнтӕн Библий унаффити фӕрци сӕ цард куд фӕххуӕздӕр ӕй?