26 СӔР
Паддзахади залмӕ куд фӕззелӕн?
Нӕ Паддзахади залтӕ хӕссунцӕ Йегови кӕдзос ном. Уомӕ гӕсгӕ мах нӕхецӕн кадӕбӕл нимайӕн, Паддзахади зал ке фефснайӕн ӕма имӕ ке зелӕн, уой. Еци гъуддагӕй дӕр Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнӕн. Ӕмбурди алке бон дӕр ӕй зал ӕфснайунмӕ фӕккӕсун.
Ӕмбурди фӕсте зал бафснайӕн. Алли ӕмбурди фӕсте дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Паддзахади зал ӕнӕзийнадӕй бафснайунцӕ. Ӕфснайун ци фӕгъгъӕуй, е финст фӕууй гӕгъӕдибӕл ӕма хестӕр нӕлгоймаг кенӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр ӕ цӕстӕ фӕддаруй, цӕмӕй си ӕнӕфснайдӕй маци байзайа. Ка фефснайуй, етӕ пъолтӕ ниссӕрфунцӕ ӕма сӕ нихснунцӕ кенӕ сӕ пылесосӕй никкӕдзос кӕнунцӕ, удта ругтӕ ниссӕрфунцӕ бугътӕ ракалунцӕ, туалеттӕ бафснайунцӕ ӕма сӕ ниддезинфекци кӕнунцӕ. Ку фӕгъгъӕуй, уӕд къӕрӕзгитӕ дӕр нихснунцӕ ӕма тургъӕ дӕр ниссӕрфунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма, тӕккӕ минкъийдӕр, анзмӕ еу хатт зал къумтӕй бафснайӕн. Ӕнцон куститӕ ба баихӕс кӕнӕн сувӕллӕнттӕн дӕр, уотемӕй етӕ дӕр ахур кӕнунцӕ, Йеговӕн кӕми ковӕн, еци бунатӕн аргъ кӕнун (Екклесиаст 5:1).
Зали ести ’скӕнун ку багъӕуй, уӕд нӕ хъауритӕ нӕ февгъау кӕнӕн. Алли анз дӕр Паддзахади залмӕ ӕндегӕй дӕр ӕма медӕгӕй дӕр лӕмбунӕг ӕркӕсунцӕ, ести си кӕнуйнаг ес ӕви нӕ, уомӕ. Уотӕ имӕ ке зелунцӕ, уой фӕрци зал ӕдзӕллаг уавӕри некӕд фӕууй. Ӕма нӕ уой фӕрци уӕлдай хӕрзтӕ кӕнун дӕр нӕ багъӕуй (2 Анзфинстити 24:13; 34:10). Нӕ Хуцауӕн кӕми ковӕн, еци рауӕн гъӕуама уа кӕдзос ӕма хуӕрзӕфснайд. Еци гъуддаги ӕнӕзийнадӕй ке архайӕн, уомӕй ӕвдесӕн, Йегови ке уарзӕн ӕма ин ӕ «хӕдзарӕн» ке аргъ кӕнӕн, уой (Псалом 122:1). Удта Паддзахади залтӕ уотӕ кӕдзос ке фӕуунцӕ, уомӕй ма хуарз ном искӕнӕн, нӕ алливарс ка цӕруй, уони цӕсти дӕр (2 Коринфӕгтӕмӕ 6:3).
-
Хуцауӕн кӕми ковӕн, еци бунат кӕдзосӕй цӕмӕн гъӕуама дарӕн?
-
Паддзахади залмӕ куд фӕззелӕн?