12 СӔРГОНД
Хуцаумӕ цӕй фӕрци бахӕстӕг уодзӕнӕ?
1. Цума Хуцау алке кувдтитӕ дӕр игъосуй?
Хуцауи уотӕ фӕндуй, цӕмӕй имӕ еугур адӕм дӕр ковонцӕ ӕма имӕ уой фӕрци хӕстӕг кӕнонцӕ (Псалом 65:2). Фал ӕгасей кувдтитӕ нӕ игъосуй. Зӕгъӕн, ӕ уоси ка нӕ нимайуй, еци лӕги кувдтитӕ нӕ игъосдзӕй (1 Петури 3:7). Хуцау израилӕгти кувдтитӕ дӕр нӕ игъуста, уомӕн ӕма ин ӕ дзурд нецӕмӕ дардтонцӕ. Фал ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ка ӕрфӕсмон кӕнуй, уони кувдтитӕ ба игъосуй. Мах гъӕуама алкӕддӕр нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, Хуцаумӕ ковун устур кадӕ ке ӕй, уой. Бакӕсӕ Исай 1:15; 55:7.
Бакӕсӕ видеороликмӕ «Цума Хуцау ӕгасей кувдтитӕмӕ дӕр игъосуй?»
2. Ковун куд гъӕуй?
Ковун гъӕуй ӕрмӕстдӕр Йеговӕмӕ, уомӕн ӕма е не Сфӕлдесӕг ӕй (Матфеййи 4:10; 6:9). Фал тӕрегъӕдгун ке ан, уой туххӕй имӕ гъӕуама ковӕн Йесо Киристей номӕй, уомӕн ӕма е нӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕ цард равардта (Иоанни 14:6). Йегови нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕ кувдтитӕ еци еухузи уонцӕ кенӕ сӕ кувдтити киунугӕй кӕсӕн. Нӕхе зӕрди ци ес, уони ин ку дзорӕн, уӕд ин е берӕ ӕхцӕуӕндӕр уодзӕй. Бакӕсӕ Матфеййи 6:7; Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7.
Не Сфӕлдесӕг нин нӕ кувдтитӕ фегъосуй, нӕхенимӕр имӕ ку фӕкковӕн, уӕддӕр (1 Самуили 1:12, 13). Ӕма нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй имӕ цийфӕнди афони дӕр ковӕн. Хуарз уайдӕ, нӕ бон кувдӕй ку райдайанӕ ӕма ’й кувдӕй ку фӕууайанӕ, уӕд. Удта ма нӕ бон ӕй Хуцауӕн хуӕрди разӕй дӕр райарфӕ кӕнун кенӕ имӕ тухст уавӕри ковун. Бакӕсӕ Псалом 55:22; Матфеййи 15:36.
3. Киристӕнтти еумӕ ӕмбурд кӕнун цӕмӕн гъӕуй?
Абони Хуцаумӕ хӕстӕг кӕнун ӕнцон нӕй, уомӕн ӕма беретӕ Хуцаубӕл нӕбал ӕууӕндунцӕ ӕма имӕ зӕнхи туххӕй ци дессаги фӕндӕ ес, уобӕл дӕр ходгӕ фӕккӕнунцӕ (2 Тимофеймӕ 3:1, 4; 2 Петури 3:3, 13). Ӕма нин уомӕ гӕсгӕ ба хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй Хуцауи адӕми хӕццӕ ӕмбурд кӕнун ӕма нӕ кӕрӕдзей федар кӕнун. Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25.
Хуцауи ка уарзуй, уӕхӕн адӕми хӕццӕ рӕстӕг ку ӕрветӕн, уӕд имӕ нӕхуӕдтӕ дӕр хӕстӕг кӕндзинан. Йегови Ӕвдесӕнти ӕмбурдтӕ нин еци гъуддаги устур ӕнхус уодзӕнцӕ. Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 1:11, 12.
4. Хуцаумӕ цӕй фӕрци бахӕстӕг уодзӕнӕ?
Хуцауи Дзурди нӕуӕгӕй ци базонӕн, уобӕл лӕмбунӕг ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд уотемӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕндзинан. Гъӕуама ин ӕ гъуддӕгтӕбӕл, ӕ закъӕнттӕбӕл ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕбӕл сагъӕс кӕнӕн. Уой фӕрци хуӕздӕр балӕдӕрдзинан, Хуцаумӕ цӕхуӕн устур зунд ӕма уарзондзийнадӕ ес, уой. Бакӕсӕ Йесо Навин 1:8; Псалом 1:1–3.
Хуцаубӕл ку ӕууӕндӕн ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ ку дарӕн, уӕд дӕр имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзинан. Ӕууӕндундзийнадӕ дидинӕги хузӕн ӕй, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ имӕ зелун фӕгъгъӕуй. Мадта мах дӕр гъӕуама рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕн, цӕмӕн ӕууӕндӕн, Библийӕй ци базудтан, уобӕл. Бакӕсӕ Матфеййи 4:4; Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:1, 6.
5. Хуцаумӕ ку хӕстӕг кӕнай, уӕд дин е ци ӕрхӕсдзӕй?
Йеговӕ алкӕддӕр тухсуй, ка ’й уарзуй, уонӕбӕл. Гъӕуай сӕ кӕнуй, се ’ууӕндундзийнадӕн тӕссаг ка ӕй, еци гъуддӕгтӕй, цӕмӕй ӕносон цардӕй ма фенӕхай уонцӕ (Псалом 91:1, 2, 7–10). Удта сӕ фӕдзӕхсуй, цӕмӕй сӕхе еуварс даронцӕ, адӕймаги цардӕн тӕссаг кӕмӕй ӕй ӕма син фӕсмойнаг ка уодзӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй. Йеговӕ нин амонуй царди тӕккӕ хуӕздӕр над. Бакӕсӕ Псалом 73:27, 28; Иакови 4:4, 8.