137 ЗАР
Еузӕрдон силгоймӕгтӕ, нӕ киристон хуӕртӕ
-
1. Саррӕ, Есфир, Марийӕ, Руф ма Аннӕ –
Адтӕнцӕ еузӕрдон, сӕрниллӕг, нифсхаст.
Рохс адтӕй уонӕй Йеговӕн ӕ зӕрдӕ.
Фӕнзуйнаг нин ӕнцӕ етӕ, зонӕн мах.
Берӕ хуарз силгоймӕгтӕ уӕд адтӕй.
Уарзта сӕ Йеговӕ ӕма син кодта аргъ.
-
2. Ездон, нифсгун ма фӕлмӕн силгоймӕгтӕ –
Адтӕнцӕ алкӕддӕр кадгинбӕл нимад.
Еци силгоймӕгтӕн адтӕй раст сӕ цард.
Гъӕйдӕ мадта махӕн уӕнтӕ фӕнзуйнаг.
Айтӕ еузӕрдон, хуӕртӕ, сумах дӕр.
Арфӕ уӕ лӕггадӕн, сӕрустур ан уи мах.
-
3. Хуӕртӕ, кизгуттӕ, мадтӕлтӕ, идӕдзтӕ,
Хуарз хабар дзоргӕй уӕ зӕрди содзуй арт.
Бонзонгӕ, коммӕгӕс айтӕ алли хатт,
Ӕ дӕлбазур даруй ’Стур Хуцау сумах.
Арфӕ уин кӕнӕд Йеговӕ алкӕд!
Уодзӕй уин ’нӕмӕнгӕй устур хуӕрзеуӕг тагъд.
(Кӕсӕ ма Фил. 4:3; 1 Тим. 2:9, 10; 1 Пет. 3:4, 5.)