Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

4–10 мартъи

ПСАЛОМТӔ 16, 17

4–10 мартъи

111 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ

1. «Йеговӕ ӕй мӕ хай»

(10 мин.)

Йегови ка уарзуй, уӕхӕн ӕмбӕлттӕ нин ке ес, е нин цийнӕ хӕссуй (Пс 16:2, 3; w18.12 24 ф., 11 абз.).

Цийнӕ кӕнӕн, нӕ бон ке ӕй Йегови хӕццӕ лимӕн кӕнун (Пс 16:5, 6; w14-U 15/2 29 ф., 4 абз.).

Нӕ зӕрди ес фарнӕ, уомӕн ӕма нӕ Йеговӕ гъӕуай кӕнуй, не ’ууӕндундзийнадӕн зиан ци ’рхӕсдзӕй, уомӕй (Пс 16:8, 9; w08-U 15/2 3 ф., 2, 3 абз.).

Мах дӕр Давиди хузӕн нӕ цардӕй зӕрдӕрохс ан, уомӕн ӕма нӕ царди алцидӕр ӕй Йегови хӕццӕ баст.

ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун кӕдӕй райдӕдтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ цард куд фӕххуӕздӕр ӕй?»

2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай

(10 мин.)

  • Пс 17:8. Библий дзурд «цӕстигагу» ци нисан кӕнуй? (it-1-U 851 ф., 7, 8 абз.)

  • Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?

3. Библи кӕсӕн

АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ

4. Дзубанди ку райдайай

(1 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Адӕймагӕн Имисӕн изӕрмӕ хунди гӕгъӕди раттӕ (th 11 урок).

5. Дзубанди ку райдайай

(3 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Адӕймагӕн Имисӕн изӕрмӕ хунди гӕгъӕди раттӕ. Адӕймаги фулдӕр базонун ку бафӕндӕуа, уӕд ин бавдесӕ видеоролик «Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр» (th 9 урок).

6. Дзубанди ку райдайай

(2 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, ФАДУАТ ДИН ФӔЗЗИНДТӔЙ, УОТЕМӔЙ. Адӕймагӕн Имисӕн изӕрмӕ хунди гӕгъӕди раттӕ (th 2 урок).

7. Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕй

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

20 зар

8. Нӕ бон куд ӕй нӕхе Имисӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнун?

(15 мин.) Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.

24 мартъий Киристей фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мах ӕрӕмбурд уодзиан, цӕмӕй ин ӕ мӕлӕти бон нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн. Еци фембӕлди берӕ сагъӕс кӕндзиан, Йеговӕ ӕма нӕмӕ Йесо Киристе ци уарзондзийнадӕ бавдистонцӕ, уобӕл (Лк 22:19; Ин 3:16; 15:13). Нӕ бон куд ӕй нӕхе Имисӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнун?

  • Имисӕн изӕри размӕ ци зеу уодзӕй, уоми зӕрдиагӕй байархайӕ, цӕмӕй Имисӕн изӕрмӕ ӕма сӕрмагонд радзубандимӕ фулдӕр адӕни ӕрбахонай. Гӕгъӕдибӕл ниффинсӕ, Имисӕн изӕрмӕ дӕ ке фӕндадтайдӕ фӕххонун, уони. Фал си кадӕртӕ ӕндӕр рауӕн ку цӕронцӕ, уӕд куд кӕнгӕ ’й? Дӕ бон ӕй сайти jw.org иссерун информаци, еци рауӕн сӕрмагонд радзубандимӕ кӕд ӕма кӕми уодзӕй байгъосӕн, удта Имисӕн изӕр кӕми бӕрӕг кӕндзӕнцӕ, уой.

  • Байархайӕ, цӕмӕй мартъий ӕма апрели фулдӕр балӕггадӕ кӕнай. Дӕ бон н’ адтайдӕ ӕнхусгӕнӕг пионерӕй балӕггадӕ кӕнун 15 кенӕ 30 сахатти?

  • 18 мартъийӕй райдайӕ кӕсун, фӕстаг къуӕре Киристей царди ци ӕхсидзгӕ хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уони туххӕй. 6 ӕма 7 фӕрстӕбӕл ес «Библи кӕсуни график Имисӕн изӕри рӕстӕг (2024 анз)». Алке бон дӕр ӕй равзарун, цӕйбӕрцӕ кӕсдзӕй, уой.

  • Имисӕн изӕри бон сӕумӕй бакӕсӕ сӕрмагонд видеороликмӕ рубрикӕй «Сӕумӕй еумӕ дзубанди кӕнӕн Библибӕл».

  • Имисӕн изӕри зӕрдиагӕй бацийнӕ кӕнӕ, ӕмбурдтӕмӕ рагӕй ка нӕбал цудӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл, удта иуазгутӕбӕл. Имисӕн изӕри фӕсте иуазгутӕмӕ ести фарстатӕ ку уа, уӕд сӕбӕл исдзуапп кӕнӕ. Бадзубанди кӕнӕ сӕ хӕццӕ нӕуӕгӕй фембӕлун, цӕмӕй син фулдӕр базонунмӕ банхус кӕнай.

  • Имисӕн изӕри размӕ ӕма Имисӕн изӕри фӕсте сагъӕс кӕнӕ, Киристе адӕни туххӕй ӕ цард ке равардта, уобӕл.

Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:

Зеуи рӕстӕг уӕ бон куд ӕй аци видеороликкӕй пайда кӕнун?

9. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 73 зар ӕма кувд