Йегови Ӕвдесӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ ке цӕунцӕ, уой фӕрци фӕййервӕздзӕнцӕ?
Нӕ. Кӕд алкӕд хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнӕн, уӕддӕр нӕ ервӕзундзийнадӕ уомӕй кӕнгӕ нӕй (Ефесӕгтӕмӕ 2:8). Цӕмӕннӕ?
Рагъуди кӕнӕ, зӕгъӕн, еу рӕдау ӕма хъӕбӕр гъӕздуг адӕймаг зӕрдӕ байвардта, зӕгъгӕ, гъеуоци ӕма гъеуоци бунатмӕ еци бон ка ӕрбацӕуа, уонӕй алкӕмӕн дӕр искӕндзӕн устур лӕвар. Еци адӕймаги дзурдтӕбӕл ку баууӕндтайсӕ, уӕд еци бунатмӕ нӕ рандадтайсӕ? Куд нӕ! Ӕвӕдзи, еци хабар де ’мбӕлттӕн ӕма дӕ бийнонтӕн дӕр радзурдтайсӕ, цӕмӕй етӕ дӕр еци лӕвар райсонцӕ. Фал уӕддӕр уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма еци адӕймаги дзурдтӕмӕ ке байгъустай, уомӕ гӕсгӕ исдӕ еци устур лӕвари аккаг. Лӕвар райсдзӕнӕ, еци адӕймаг дин ӕй ке балӕвар кӕндзӕй, ӕрмӕстдӕр уой фӕрци.
Гъе уотӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕр ӕууӕндунцӕ, Хуцау адӕми ӕносон цардӕй ке исхайгин кӕндзӕй, ка имӕ игъосуй, уони (Ромӕгтӕмӕ 6:23). Мах дӕр адӕмӕн хуарз хабар дзорӕн, цӕмӕй етӕ дӕр хайгин уонцӕ, Хуцау зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уомӕй. Фал уотӕ нӕ гъуди кӕнӕн ӕма адӕмӕн хуарз хабар ке дзорӕн, уой фӕрци ервӕзундзийнади аккаг ан (Ромӕгтӕмӕ 1:17; 3:28). Еунӕг адӕймаг дӕр Хуцауи устур хуарзӕнхи аккаг некӕд исуодзӕй. Библий финст ес: «нӕ раст гъуддӕгти туххӕй нӕ, фал [нӕ] ӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕмӕ гӕсгӕ... фӕййервӕзун кодта» (Титмӕ 3:5).