Йегови Ӕвдесӕнтӕн барӕ ес, цӕмӕй цийфӕнди киномӕ кенӕ цийфӕнди киунугӕ кӕсонцӕ, удта цийфӕнди зартӕмӕ дӕр игъосонцӕ?
Нӕ организаци уотӕ некӕмӕн зӕгъуй, еци ӕма еци киномӕ кенӕ еци ӕма еци киунугӕ ма кӕсетӕ, удта еци ӕма еци зармӕ ма игъосетӕ, зӕгъгӕ. Цӕмӕннӕ?
Библи алли адӕймаги дӕр разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй «ӕ зунд» исахур кӕна, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой лӕдӕрун (Дзиуиттӕгтӕмӕ 5:14).
Финстади ес сӕйраг уагӕвӕрдтӕ, ӕма уони фӕрци киристонӕн ӕ бон ӕй ӕхецӕн унаффӕ рахӕссун, цӕхуӕн ерхӕфсӕн равзардзӕй, уой фӕдбӕл a. Цийфӕнди ма кӕнӕн, нӕ нисан ӕй – «алкӕддӕр исбӕрӕг кӕнун, нӕ Хецауи зӕрдӕмӕ ци цӕуй, уой» (Ефесӕгтӕмӕ 5:10).
Библимӕ гӕсгӕ бийнонти хестӕрӕн ес барӕ, цӕмӕй ӕ бийнонтӕн унаффӕ рахӕсса, сӕхе цӕхуӕн ерхӕфсӕнтӕй хездзӕнцӕ, уой фӕдбӕл (1 Коринфӕгтӕмӕ 11:3; Ефесӕгтӕмӕ 6:1–4). Фал ӕмбурди уӕхӕн барӕ некӕмӕн ес, ӕма ескӕмӕн зӕгъа, еци ӕма еци кинотӕмӕ кенӕ еци ӕма еци киунугутӕ ма кӕсетӕ, кенӕ ба еци ӕма еци зартӕмӕ ма игъосетӕ, зӕгъгӕ (Галатӕгтӕмӕ 6:5).
a Библи, хинттӕ ӕма дӕснифӕрсун, ӕнӕгъдаудзийнадӕ ӕма тухмиуӕ кӕми ес, уӕхӕн ерхӕфсӕнти нихмӕ ӕй (Дуккаг закъон 18:10–13; Ефесӕгтӕмӕ 5:3; Колоссӕгтӕмӕ 3:8).