Дӕ фарстатӕн дзуаппытӕ, 1 том
Мӕ ныййарджытимӕ иумӕйаг ӕвзаг куыд ссарон? Мӕхицӕн ӕмбӕлттӕ куыд ссарон? Кӕимӕфӕнды дӕр ӕмуат ӕрцӕуай, уый ӕвзӕр у? Цӕмӕн фенкъард кӕнын?
Ахӕм фарстатӕ ӕрыгӕттӕй бирӕтӕм фӕзыны. Ӕмӕ сын дзуапп кӕмфӕнды ма агурай, уӕддӕр сын иухуызон дзуапп не ссардзынӕ. Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзӕн чиныг «Ответы на твои вопросы», 1 том. Цы хорз уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон сты Библийӕ. Хуыцауы Ныхас милуангай адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ зындзинӕдты сӕрты ахызтаиккой. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн.
Ацы чиныджы ис ахӕм темӕтӕ:
Бинонты ’хсӕн
Цавӕр адӕймаг дӕн
Хӕдзары ӕмӕ скъолайы
Ӕгъдау, уарзондзинад
Зиан дын чи хӕссы, ахӕм хъуыддӕгтӕ
Сӕрибар рӕстӕг
Хуыцауӕн лӕггад кӕнын
Уӕлӕмхасӕн ныййарджытӕн
Дӕ бон у ацы чиныг PDF форматы рафыссын кӕнӕ та нӕ филиалтӕй иумӕ ныффыссын, цӕмӕй дын ӕй ӕрбарвитой.
Фиппаинаг. Ацы чиныджы PDF форматы ис афтид бынӕттӕ истытӕ фыссынӕн. Кӕд дӕ телефоны кӕнӕ дӕ планшеты ахӕм функци ис, уӕд дзы дӕ бон у дӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дӕ дзуаппытӕ фыссын.