Библийы зондджын адӕмы хъуыдытӕ ис фыст?
Дзуапп Библийӕ
Библийы – хонынц ма йӕ Сыгъдӕг Фыстад дӕр – ис тынг бирӕ зондджын ныхӕстӕ. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, Библи йӕхи тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст» (2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕмӕ уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Мӕнӕ дзы цалдӕр:
Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу сбӕлвырд кӕнын, Библи историмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу.
Библийы фысджытӕ уыдысты ӕнӕхин ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ. Цы уыди, уый ӕргом кӕй фыстой, уый фӕрцы нӕ тынгдӕр уырны, Библийы рӕстдзинад фыст кӕй ис, уый.
Библийы сӕйраг темӕ у: адӕмӕн сӕ хицау Хуыцау кӕй хъуамӕ уа, уый сбӕлвырд уыдзӕн ӕмӕ йӕ фӕнд сӕххӕст уыдзӕн йӕ уӕларвон Паддзахады фӕрцы.
Библи фыст ӕрцыд миназты размӕ. Ӕмӕ кӕд уыцы рӕстӕг бирӕтӕ алыхуызон рӕдыд хъуыдытыл хӕст уыдысты, уӕддӕр Библийы, наукӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ раст чи нӕу, ахӕм хъуыдытӕ нӕй.
Библийы пехуымпарӕдтӕ, ома, фидӕны чи ӕрцӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ, кӕй сӕххӕст сты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис историйы документты.