«Клиническая смерть» кӕй хонынц, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ цы хъуыды кӕнынц, уый раст у?
Дзуапп Библийӕ
Бирӕтӕ, «клиническая смерть» кӕй хонынц, уый сӕхиуыл бавзӕрстой. Ӕмӕ сӕ чидӕртӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, мӕхи цӕстӕй федтон, мӕ уд мӕ буарӕй куыд фӕхицӕн, уый. Чидӕртӕ та цыдӕр рухс кӕнӕ та ӕмбисонды рӕсугъд бынат фенынц. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ «сӕ цӕсты кӕронӕй мӕрдтыбӕстӕ федтой» (Recollections of Death). Кӕд Библийы ахӕм хабӕртты кой никуы ис, уӕддӕр нын цы ахсджиаг хабар ӕргом кӕны, уымӕй бӕрӕг у, уыцы цӕстылуайӕнтӕ ууыл дзурӕг кӕй не сты, ӕмӕ адӕймаг йӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕндӕр кӕмдӕр фӕцӕры.
Мӕрдтӕ ӕппындӕр ницы ӕмбарынц.
Библийы фыст ис, «мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц», зӕгъгӕ (Екклесиаст 9:5). Адӕймаг куы амӕлы, уӕд мӕрдтыбӕстӕм нӕ ацӕуы, фӕлӕ ӕнӕуи нал вӕййы. Адӕймагӕн йӕ мӕлӕты фӕстӕ йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы, зӕгъгӕ, уыцы ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (Йезекил 18:4). Уӕдӕ, «клиническая смерть» кӕй хонынц, уыцы уавӕры иуӕй-иутӕ цы цӕстылуайӕнтӕ фенынц, уыдон ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ адӕймаг ӕцӕгдӕр уӕлӕрвты дзӕнӕт кӕнӕ зындон йе та мӕрдтыбӕстӕ федта.
Лазӕр мӕрдтыбӕсты тыххӕй исты радзырдта?
Библийы дзырд цӕуы, иу лӕг, Лазӕр, зӕгъгӕ, куы амард, уӕд ӕй цыппар боны фӕстӕ Йесо Чырысти куыд райгас кодта, уый тыххӕй (Иоанны 11:38–44). Лазӕр мӕрдтыбӕстӕм куы бахаудаид, Чырысти та йӕ фӕстӕмӕ зӕххыл цӕрынӕн куы райгас кодтаид, уӕд уый ӕгъатыр ми уыдаид. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Лазӕр мӕрдтыбӕсты тыххӕй исты радзырдта. Ахӕм хабар ыл куы ’рцыдаид, уӕд ӕй ӕнмӕнгдӕр радзырдтаид. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Чырысти Лазӕры мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Лазӕр мард куы уыд, уӕд ӕппындӕр кӕй ницы ӕмбӕрста (Иоанны 11:11–14).