Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Кувын цӕмӕн хъӕуы? Хуыцау мын мӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн?

Кувын цӕмӕн хъӕуы? Хуыцау мын мӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн?

Дзуапп Библийӕ

 Библийӕ, стӕй бирӕты цардӕй бӕрӕг у, Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Библийы фыст ис: «[Хуыцау] сӕххӕст кӕндзӕн, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы фӕндон. Фехъусдзӕн сын сӕ дзыназын ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн» (Псалом 145:19). Фӕлӕ дын Хуыцау дӕ куывдтытӕ хъусдзӕн ӕви нӕ, уый дӕхицӕй кӕнгӕ у.

Хуыцау цы домы, чи йӕм кувы, уыдонӕй

  •   Чырыстимӕ, Марийӕмӕ, сыгъдӕджытӕм, зӕдтӕм ӕмӕ нывтӕм хъуамӕ ма кувӕм, фӕлӕ Хуыцаумӕ. Нӕ куывдтытӕ нын ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцау хъусы (Псалом 65:2).

  •   Хъуамӕ кувӕм Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, ома йӕ Ныхас Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ (1 Иоанны 5:14).

  •   Хъуамӕ кувӕм Чырыстийы номӕй ӕмӕ йын афтӕмӕй кад кӕнӕм. Чырысти йӕхӕдӕг загъта: «Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6).

  •   Куы фӕкувӕм, уӕд нӕ хъуамӕ уырна, Хуыцау нӕ кӕй фехъусдзӕн. Ӕмӕ нӕм кӕд фаг уырнындзинад нӕй, уӕд уый тыххӕй дӕр нӕ бон у кувын (Матфейы 21:22; Лукайы 17:5).

  •   Хъуамӕ сӕрныллӕг ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ уӕм. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ бады бӕрзондыл, фӕлӕ сӕрныллӕг адӕймаджы уыны» (Псалом 138:6).

  •   Хъуамӕ ӕдзухдӕр кувӕм. Чырысти загъта: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты» (Лукайы 11:9).

Хуыцауӕн ахсджиаг цы нӕу

  •   Кӕцы адӕмыхаттӕй дӕ, уый. «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

  •   Куыд ӕм фӕкувыс, уый. Хуыцаумӕ кувӕн ис бадгӕйӕ, лӕугӕйӕ, сӕр ӕркъул кӕнгӕйӕ кӕнӕ зонгуытыл лӕугӕйӕ (1 Азфыстыты 17:16; Нееми 8:6; Данел 6:10; Марчы 11:25).

  •   Хъӕрӕй йӕм кувыс ӕви дӕхинымӕр. Адӕймаг йӕхинымӕр куы скувы ӕмӕ уый иннӕтӕ куы нӕ бамбарынц, уӕд дӕр ӕй Хуыцау фехъусы (Нееми 2:1–6).

  •   Стыр хъуыддаджы тыххӕй йӕм кувыс ӕви гыццыл. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын «де ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр... [йӕ] бар бакӕнай, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы дӕуыл» (1 Петры 5:7).