Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттимӕ сексы тыххӕй ныхас кӕнын?
Дзуапп Библийӕ
Сексимӕ баст хъуыддӕгты тыххӕй сывӕллӕттимӕ чи хъуамӕ ныхас кӕна? Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй уыцы хӕс ис ныййарджытыл. Ныййарджытӕй бирӕтӕн стыр ӕххуыс фесты ацы уынаффӕтӕ:
Ма ӕфсӕрмы кӕнут. Библи ӕргом дзуры адӕймаджы ӕфсӕрмыйаг уӕнгты тыххӕй ӕмӕ сексы тыххӕй. Зӕгъӕм, Хуыцау Израилы адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ уыцы хъуыддӕгтыл ныхас кодтаиккой (Дыккаг закъон 31:12; Левит 15:2, 16–19). Уыдӕттыл афтӕ дзурын нӕ хъӕуы, цыма худинаг цыдӕр у.
Гыццылгай сын сӕ ӕмбарын кӕнут. Уӕ сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары куы уой, уӕд сын сексимӕ баст хъуыддӕгты тыххӕй иу хаттӕн ма радзурут, фӕлӕ сын хабар гыццылгай, куыд стырдӕр кӕной, афтӕ, ӕмбарын кӕнут (1 Коринфӕгтӕм 13:11).
Ахуыр сӕ кӕнут хӕрзӕгъдаудзинадыл. Иуӕй-иу скъолаты сывӕллӕттӕн фембарын кӕнынц сексимӕ баст хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ, ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн, нӕлгоймаджы буар ӕмӕ сылгоймаджы буар куыд конд сты ӕмӕ се ’хсӕн цы вӕййы, ӕрмӕст уый ма ӕмбарын кӕной, фӕлӕ ма сын хъуамӕ амоной, хӕрзӕгъдаудзинад цы у ӕмӕ, сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уый дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 5:1–23).
Уӕ сывӕллӕттӕм-иу лӕмбынӕг хъусут. Дӕ сывӕллон дӕ сексы тыххӕй куы фӕрса, уӕд-иу хъуыддаг ма ныддиссаг кӕн, фӕлӕ-иу «рӕвдз у байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕн» (Иаковы 1:19).
Сывӕллӕттимӕ хӕлд митӕ чи фӕкӕны, уыдонӕй сывӕллӕтты куыд ис бахъахъхъӕнӕн
Фылдӕр базонут. Базонут, фыдгӕнджытӕ арӕхдӕр куыд фӕархайынц, уый (Ӕмбисӕндтӕ 18:15; кӕс чиныг «Ответы на твои вопросы», 1 том, 32 сӕр).
Уӕ сывӕллоны царды цытӕ цӕуы, уый-иу базонут. Уӕ сывӕллоны искӕй бар ма кӕнут, цалынмӕ йӕ нӕ базонат, уыцы адӕймагыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ. Сывӕллоны йӕхи бар ма уадзут (Ӕмбисӕндтӕ 29:15).
Уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, коммӕ кӕсын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ кӕд нӕ фӕхъӕуы, уый. Сывӕллӕтты хъӕуы ахуыр кӕнын сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын (Колоссӕгтӕм 3:20). Фӕлӕ уӕ сывӕллӕттӕн афтӕ куы дзурат, хистӕртӕй алкӕмӕ дӕр алкӕддӕр дӕр кӕй хъуамӕ хъусой, уӕд уӕ сывӕллӕтты тӕссаг уавӕры ӕппарут. Чырыстӕттӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕттӕн зӕгъын: «Исчи дын, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг куы аразын кӕна, уӕд-иу ӕй ма сараз» (Хъуыддӕгтӕ 5:29).
Хуымӕтӕг, фӕлӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ. Уӕ сывӕллонӕн бамбарын кӕнут, иунӕгӕй куы уа ӕмӕ йын исчи ӕвзӕр ми бакӕнынмӕ куы хъава, уӕд йӕхи куыд хъуамӕ дара. Йӕхи бахъахъхъӕныны тыххӕй йӕ цы саразын хъӕудзӕн, уый рагацау куы афӕлварат, уӕд йӕ бон суыдзӕн фидарӕй зӕгъын: «Ма кӕн! Сардаудзынӕн дӕ!» ӕмӕ уайтагъд алидзын. Чи зоны дӕ уый сывӕллоны зӕрдыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахъӕудзӕн ӕрлӕууын кӕнын, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ рохгӕнаг сты (Дыккаг закъон 6:7).