Библийы Хуыцауы хъуыдытӕ ис фыст?
Дзуапп Библийӕ
Библийы фысджытӕй бирӕтӕ дзырдтой, цы фыстой, уый Хуыцауы фӕндӕй кӕй уыд. Мӕнӕ цалдӕр цӕвиттоны:
Паддзах Давид: «Йегъовӕйы тых дзырдта мӕн уылты, ӕмӕ йӕ ныхас уыди ме ’взагыл» (2 Самуилы 23:1, 2).
Пехуымпар Исай: «Дунедарӕг Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ загъта» (Исай 22:15).
Апостол Иоанн: «Ам цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон Хуыцау раргом кодта Йесо Чырыстийы уылты» (Раргомад 1:1).