Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цымӕ Хӕйрӕджы Хуыцау сфӕлдыста?

Цымӕ Хӕйрӕджы Хуыцау сфӕлдыста?

Дзуапп Библийӕ

 Библи нын ӕмбарын кӕны, Хӕйрӕджы Хуыцау кӕй не сфӕлдыста. Йегъовӕ сфӕлдыста Хӕйрӕджы нӕ, фӕлӕ, фӕстӕдӕр Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕды. Хуыцауы тыххӕй Библийы фыст ис: «Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (Дыккаг закъон 32:3–5). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Хӕйрӕг райдианы кӕй уыди ӕххӕст ӕмӕ рӕстаг, бӕлвырдӕй та, Хуыцауы уӕларвон фырттӕй, ома зӕдтӕй иу.

 Иоанны 8:44 стихы фыст ис, Йесо Чырысти Хӕйрӕджы тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон, зӕгъгӕ, уый «рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд». Уымӕй бӕрӕг у, кӕддӕр Хӕйрӕг рӕстӕй кӕй архайдта ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн кӕй ницӕмӕй уыди.

 Фӕлӕ алы зӕдӕн дӕр ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр Хуыцау цы сӕрибардзинад радта, ахӕм сӕрибардзинад уыд, Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕдӕн дӕр. Йӕ бон уыди равзарын, хорздзинад араздзӕн ӕви ӕвзӕрдзинад. Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд ӕмӕ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы дӕр йӕ зондыл кӕй акодта, уый тыххӕй сси Сайтан, ома «Ныхмӕлӕууӕг» (Райдиан 3:1–5; Раргомад 12:9).