Чырысти крестыл амард?
Дзуапп Библийӕ
Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ крест у чырыстон дины ӕппӕты сӕйрагдӕр нысан. Фӕлӕ, Чырыстийы цӕуыл байтыгътой, уый нын Библи лыстӕг хабӕртты онг не ’мбарын кӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон никӕмӕн у зӕгъын, цӕуыл ӕй байтыгътой, уый бӕлвырд цавӕр уыд, уый. Фӕлӕ уӕддӕр Библийӕ бӕрӕг у, Чырысти крестыл кӕй нӕ амард, фӕлӕ ӕмраст хъӕдыл.
Чырыстийы цӕуыл байтыгътой, уый кой Библийы кӕм цӕуы, уым арӕхдӕр ӕмбӕлы грекъаг дзырд стауро́с (Матфейы 27:40; Иоанны 19:17). Кӕд Библи тӕлмацгӕнджытӕ ацы дзырд арӕх «крест»-ӕй ратӕлмац кӕнынц, уӕддӕр ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ разы сты, уыцы дзырд сӕйраджыдӕр кӕй нысан кӕны «ӕмраст хъӕд». Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй стауро́с «никуы фӕамоны, кӕрӕдзимӕ цӕхгӕрмӕ хуыд чи сты, дыууӕ ахӕм хъӕдмӕ» (A Critical Lexicon and Concordance to the English and Greek New Testament).
Дзырд стауро́с-ӕн цы нысаниуӕг ис, ахӕм нысаниуӕг ма Библийы ис дзырд кси́лон-ӕн дӕр (Хъуыддӕгтӕ 5:30; 1 Петры 2:24). Ацы дзырд нысан кӕны «хъӕд», «цӕджындз» кӕнӕ «бӕлас». Библийы тӕлмацтӕй иуы уый фӕдыл фыст ис, зӕгъгӕ, «Ног Фӕдзӕхсты грекъаг ӕвзагыл кӕрӕдзийыл ӕвӕрд дыууӕ хъӕды кой ӕппындӕр нӕй» (The Companion Bible).
Хуыцауӕн кресты уылты кувӕм, уый йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы?
Чырыстийы цӕуылфӕнды ма байтыгътаиккой, уӕддӕр Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцауӕн кресты уылты кӕй хъуамӕ ма кувӕм.
Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, нывты кӕнӕ йын цавӕрдӕр нысӕнтты уылты кувӕм, уый, уыимӕ кресты уылты дӕр. Хуыцау израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, куыд ын хъуамӕ кувой, уый, зӕгъгӕ, уӕхицӕн «мацӕй ныв скӕнут». Ӕмӕ чырыстӕттӕн дӕр загъд уыд, цӕмӕй «мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй дард лидзой» (Дыккаг закъон 4:15–19; 1 Коринфӕгтӕм 10:14).
Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ Хуыцауӕн кресты уылты нӕ куывтой. Апостолтӕ иннӕтӕн цы амыдтой ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр Хуыцауӕн куыд куывтой, уымӕй сӕ абон хъуамӕ фӕзмой чырыстӕттӕ се ’пӕтт дӕр (2 Фессалоникӕгтӕм 2:15).
Крестӕн куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм. Чырысти куы амард, уӕд ын цалдӕр сӕдӕ азы фӕстӕ аргъуантӕ йӕ ахуырӕдтӕ ныууагътой, ӕмӕ-иу, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕм адӕймӕгтӕ аргъуанмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд-иу сын «бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ раздӕры дины нысӕнттӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕй [уыимӕ крестӕй дӕр] дарддӕр пайда кодтаиккой» (The Expanded Vine’s Expository Dictionary of New Testament Words). Аргъуантӕ адӕмы сӕ динмӕ ӕрбакӕныны тыххӕй мӕнг динты нысӕнттӕй кӕй райдыдтой пайда кӕнын, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (2 Коринфӕгтӕм 6:17).