Цы нысан кӕны ныххатыр кӕнын?
Дзуапп Библийӕ
Библийы «хатыр кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «ныууадзын», адӕймаг йӕ хӕс фӕстӕмӕ куыд нал фӕдомы, уыйау. Йесо ацы абарстӕй спайда кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд: «Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ныххатыр кӕнӕм» (Лукайы 11:4, фиппаинаг). Йесо фыдзӕрдӕ цагъары тыххӕй цы фӕсномыг ныхас ӕрхаста, уым дӕр ныххатыр кӕнын абарста хӕс ныббарынимӕ (Матфейы 18:23–35).
Адӕймагӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд ӕм нӕ зӕрдӕйы маст нал фӕхӕссӕм ӕмӕ нын цы зиан ӕрхаста, уый тыххӕй дзы ницыуал фӕдомӕм. Библи дзуры, зӕгъгӕ, цӕмӕй иннӕтӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ удуӕлдай уарзтӕй уарзӕм, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5).
Хатыр кӕнын уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ...
рӕдыд мацӕмӕ ӕрдарай. Библийӕ бӕрӕг у, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ницы зиан хӕссынц, зӕгъгӕ, чи зӕгъы кӕнӕ сӕ хорз чи хоны, уыдонӕй Хуыцау разы кӕй нӕу (Исай 5:20).
дӕхи афтӕ дарай, цыма адӕймаг нӕ фӕрӕдыд. Хуыцау паддзах Давидӕн йӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта, фӕлӕ йӕ нӕ бахъахъхъӕдта йӕ рӕдыдтыты фӕстиуджытӕй. Хуыцауы фӕндӕй йӕ тӕригъӕдтӕ суанг фыст дӕр ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕ адӕм абон дӕр хъуыды кӕной (2 Самуилы 12:9–13).
иннӕтӕн уый бар дӕттай, цӕмӕй дӕ пайда кӕной. Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр ӕфстау ӕхца радтай, фӕлӕ сӕ уый иууылдӕр бахардз кодта ӕмӕ дын сӕ йӕ бон фӕстӕмӕ раттын нал у. Афтӕ кӕй рауад, ууыл фӕсмон кӕны ӕмӕ дӕ хатыртӕ куры. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йын ныххатыр кӕнай: дӕ зӕрдӕйы йӕм маст мауал хӕссай ӕмӕ ма йын, чи зоны, суанг йӕ хӕс дӕр ныббарай. Фӕлӕ уый гӕнӕн дӕр ис, ӕмӕ аскъуыддзаг кӕнай, амӕй фӕстӕмӕ йын ӕфстау кӕй никуыуал ратдзынӕ (Псалом 37:21; Ӕмбисӕндтӕ 14:15; 22:3; Галатӕгтӕм 6:7).
адӕймагӕн йӕ рӕдыд ныббарай, куы нӕ хъӕуа, уӕддӕр. Зонгӕ-зонын уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта ӕмӕ йыл чи нӕ сӕтты, йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ сраст кӕнын ӕмӕ, кӕй фӕхъыг кодта, уыдонӕй хатыр ракурын кӕй нӕ фӕнды, уыдонӕн Хуыцау нӕ хатыр кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 28:13; Хъуыддӕгтӕ 26:20; Дзуттӕгтӕм 10:26). Ахӕм адӕм свӕййынц Хуыцауы знӕгтӕ. Ӕмӕ Хуыцау махӕй дӕр нӕ домы, цӕмӕй, йӕхӕдӕг кӕмӕн нӕ ныххатыр кодта, уыдонӕн хатыр кӕнӕм (Псалом 139:21, 22).
Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, чидӕр тынг бафхӕрдта ӕмӕ йӕ хатыр курын нӕ фӕнды, стӕй, цы сарӕзта, ууыл сӕтгӕ дӕр нӕ кӕны. Библи зӕгъы: «Ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх» (Псалом 37:8). Кӕд адӕймагӕн йӕ рӕдыдмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын нӕ хъӕуы, уӕддӕр дӕхи мастӕн хӕрын ма уадз. Дызӕрдыг ма кӕн, Хуыцау дзы дзуапп кӕй ӕрдомдзӕн, ууыл (Дзуттӕгтӕм 10:30, 31). Стӕй ма зонӕм, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ абоны хуызӕн стыр зӕрдӕрыст нал ӕвзардзыстӕм. Ӕмӕ нын уый дӕр удӕнцой хӕссы (Исай 65:17; Раргомад 21:4).
хъуамӕ «хатыр кӕнай», куы ницы уа, афтӕмӕй искӕмӕ куы фӕхъыг уай, уӕд. Иуӕй-иу хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ чидӕр фӕхъыг кодта. Ахӕм уавӕры уыцы адӕймагӕн йӕ рӕдыд ныххатыр кӕныны бӕсты фӕхъӕуы басӕттын, тӕргай кӕнынӕн нын ӕфсон кӕй нӕ уыд, ууыл. Библи зӕгъы: «Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у, уымӕн ӕмӕ тӕргайгӕнаг ӕнӕзӕндтӕ сты» (Екклесиаст 7:9).
Искӕмӕн йӕ рӕдыд куыд ис ныххатыр кӕнӕн
Ныххатыр кӕнын цы нысан кӕны, уый дӕ зӕрдыл дар. Ныххатыр кӕнын уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ искӕй рӕдыд мацӕмӕ ӕрдарай кӕнӕ дӕхи афтӕ дарай, цымӕ никуы ӕмӕ ницы ’рцыд. Хъуамӕ уыцы рӕдыд «ныууадзай», ома йӕ ныббарай.
Хатыр кӕнын цы пайда у, ууыл хъуыды кӕн. Мӕсты куы нӕ кӕнай ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы маст куы нӕ хӕссай, уӕд алыхатт дӕр уыдзынӕ сабыр, де ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр уыдзӕн ӕмӕ уыдзынӕ амонджындӕр (Ӕмбисӕндтӕ 14:30; Матфейы 5:9). Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ иннӕтӕн куы хатыр кӕнай, уӕд дын Хуыцау дӕхи тӕригъӕдтӕ дӕр хатыр кӕндзӕн (Матфейы 6:14, 15).
Дӕхи иннӕты бынаты ӕвӕрын зон. Иууылдӕр стӕм ӕнӕххӕст (Иаковы 3:2). Нӕхӕдӕг куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй нын иннӕтӕ ныххатыр кӕной, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ мах дӕр сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнӕм (Матфейы 7:12).
Ӕмбаргӕ у. Кӕд адӕймаджы рӕдыд ахӕм стыр нӕу, уӕд нӕ бон у Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ бакӕнын: «Кӕрӕдзийӕн барут» (Колоссӕгтӕм 3:13).
Фӕстиат ма кӕн. Адӕймагӕн цас тагъддӕр ныххатыр кӕнай, уыйас хуыздӕр, уымӕн ӕмӕ уӕд дӕ маст тынгдӕр не ссудздзӕн (Ефесӕгтӕм 4:26, 27).