ӔХХУЫС БИНОНТӔН | НЫЙЙАРДЖЫТӔ
Сывӕллӕттӕ ӕмӕ смартфонтӕ (1 хай). Мӕ сывӕллонмӕ хъуамӕ смартфон уа?
Абон, зӕгъӕн ис, алы сывӕллонмӕ дӕр ис смартфон a, ӕмӕ бирӕтӕн сӕ бон вӕййы интернетмӕ бацӕуын, сӕ къомнӕты иунӕгӕй куы вӕййынц, уӕд дӕр. Дӕ сывӕллонмӕ смартфон куы уа, уӕд ын тӕссаг цӕмӕй уыдзӕн ӕмӕ цы пайда уыдзӕн? Цас рӕстӕг дзы хъуамӕ пайда кӕна?
Цы хъуамӕ зонай
Пайда цӕмӕй у
Сывӕллӕттӕ вӕййынц ӕдасдӕр, ныййарджытӕ къаддӕр фӕмӕт кӕнынц. Йӕ дыууӕ сывӕллоны рӕзгӕ кары кӕмӕн сты, иу ахӕм сылгоймаг, Бетани, загъта: «Мах тынг тӕссаг дунейы цӕрӕм. Ӕмӕ ахсджиаг у, цӕмӕй сывӕллӕттӕн кӕдфӕнды дӕр сӕ бон уа сӕ ныййарджытӕм бадзурын».
Ӕндӕр сылгоймаг Кэтрин та загъта: «Ис ахӕм приложенитӕ, ӕмӕ дӕ бон у уынын, дӕ сывӕллон кӕм ис, уый. Машинӕ куы скъӕра, уӕд дӕ бон у фенын, тагъд ӕви сындӕг цӕуы, уый».
Уроктӕ кӕнынӕн ӕххуыс. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм сылгоймаг, Мэри, загъта: «Сывӕллӕттӕн сӕ хӕдзармӕ куыстытӕ ӕрбарвитынц электронон почтӕйы кӕнӕ сообщениты уылты. Ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр уыдӕтты уылты сӕ бон вӕййы сӕ ахуыргӕнӕджы истӕмӕй бафӕрсын кӕнӕ сӕ хӕдзармӕ куыст арвитын».
Тӕссаг цӕмӕй у
Телефоны тынг бирӕ рӕстӕг фервитынц. Ӕрыгӕттӕн сӕ фылдӕрӕн боны дӕргъы сӕ телефонтыл ацӕуы цалдӕр сахаты. Ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ уыцы хъуыддаджы фӕстейӕ нӕ зайынц. Сӕ сывӕллӕттимӕ цас рӕстӕг фӕныхас кӕнынц, уыйбӕрц рӕстӕг сын ацӕуы сӕ телефонтыл дӕр. Иу психолог загъта, зӕгъгӕ, иуӕй-иу бинонтӕ сты, иу ран чи ӕрӕмбырд вӕййы, ахӕм ӕнӕзонгӕ адӕмы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ телефонӕй дарддӕр ницы фӕуыны» b.
Порнографи. Ахуыргӕндтӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕн се ’мбисӕй фылдӕр алы мӕй дӕр бацӕуынц, порнографи кӕм ис, ахӕм сайттӕм. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ телефонтӕй уый ӕнцон саразӕн у. Йӕ дыууӕ сывӕллоны рӕзгӕ кары кӕмӕн сты, иу ахӕм нӕлгоймаг, Уильям, загъта: «Сывӕллонмӕ смартфон куы фӕзыны, уӕд ын ныййарджытӕ, зӕгъӕн ис, порнографимӕ дуар бакӕнынц, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ фӕкӕнынц, афтӕмӕй».
Ӕнӕ телефонӕй сӕ бон нал вӕййы. Бирӕтӕ телефонтыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй сӕ бон нӕу. Сӕ телефон куы нал фӕарынц, уӕд фӕкатай кӕнынц, фӕмӕт кӕнынц, суанг ма рынчын дӕр фӕвӕййынц. Иуӕй-иу ныййарджытӕ бафиппайдтой, сӕ сывӕллӕттӕ телефонмӕ куы фӕкӕсынц, уӕд сӕм сдзырд кӕй нӕ вӕййы. Кармен загъта: «Иуӕй-иу хатт мӕ мӕ лӕппуимӕ аныхас кӕнын куы фӕфӕнды, уӕд мӕм йӕ цӕстытӕ сзилы кӕнӕ бахъуыр-хъуыр кӕны, уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы, йӕ телефонмӕ кӕсын ӕй куы фӕхъыгдарынц, уый».
Тӕссаг ма цӕмӕй у. Смартфонтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн ма тӕссаг у кибербуллинг ӕмӕ секстингӕй. Стӕй ӕдзух гуыбырӕй кӕй фӕбадынц ӕмӕ фаг кӕй нӕ фӕфынӕй кӕнынц, уый се ’нӕниздзинадыл фӕзыны. Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ фӕпайда кӕнынц цавӕрдӕр приложенитӕй, цӕмӕй-иу сӕ ныййарджытӕй цыдӕр бамбӕхсой. Уыцы приложениты иконкӕтӕ вӕййынц ӕнӕуи иконкӕты хуызӕн, зӕгъӕм, хуымӕтӕг калькуляторы хуызӕн.
Йӕ чызг рӕзгӕ кары кӕмӕн ис, иу ахӕм нӕлгоймаг, Дэниел, загъта: «Смартфоны фӕрцы интернеты кӕсӕн ис, хорзӕй дӕр ӕмӕ дзы ӕвзӕрӕй дӕр цыдӕриддӕр ис, уымӕ».
Цӕуыл дӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын
Мӕ сывӕллонмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг смартфон уа?
Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг... хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдыл дар, афтӕмӕй ахъуыды кӕн:
«Мӕ сывӕллонмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг смартфон уа, зӕгъӕм, ӕдасдзинады кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй? Йӕ пайда цас у ӕмӕ йӕ зиан цас у, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кодтон? Смартфоны бӕсты цӕмӕй ис пайда кӕнӕн?»
Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм нӕлгоймаг, Тодд, загъта: «Хуымӕтӕг телефонтӕ ныр дӕр ис. Уыдоны фӕрцы дӕ бон у дӕ сывӕллонмӕ сообщени арвитын ӕмӕ йӕм бадзурын. Ӕмӕ уый бирӕ асламдӕр у».
Ацы хъуыддаджы мӕ сывӕллоныл мӕ бон у мӕ зӕрдӕ дарын?
Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг уымӕй зондджын у, ӕмӕ, цы фӕндагыл цӕуы, уый ӕмбары» (Ӕмбисӕндтӕ 14:8). Ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдыл дар, афтӕмӕй ахъуыды кӕн:
«Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, мӕ бон кӕй у мӕ сывӕллоныл ӕууӕндын? Йӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, уый мын раргом кӕны? Исты мӕ басусӕг кӕны, зӕгъӕм, йе ’мбӕлттӕ чи сты, уый? Телевизорӕй, планшетӕй кӕнӕ компьютерӕй куыд пайда кӕны, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ хиуылхӕцгӕ у?» Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм сылгоймаг, Серинӕ, загъта: «Смартфон пайда дӕр у ӕмӕ тӕссаг дӕр у. Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕнын фӕхъӕуы, дӕ сывӕллон дзы ӕмбаргӕйӕ пайда кӕндзӕн ӕви нӕ».
Цӕттӕ дӕн мӕхимӕ уыцы хӕс райсын?
Библийы фыст ис: «Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдыл дар, афтӕмӕй ахъуыды кӕн:
«Телефоны функцитӕ афтӕ хорз зонын, цӕмӕй мӕ сывӕллонӕн бамбарын кӕнон, тӕссагӕй дзы цы ис, уый? ,,Родительский контроль‘‘ чи хуыйны, уыцы функци куыд скӕнын хъӕуы, уый зонын? Мӕ бон уыдзӕн мӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй телефонӕй раст пайда кӕна?» Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Дэниел загъта: «Бирӕ хӕттыты федтон, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕм смартфон куыд раттынц ӕмӕ сӕ сӕхи бар куыд ныууадзынц».
Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Сывӕллоны хъӕуы ахуыр кӕнын смартфонӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнын. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, сывӕллӕттӕн сӕ фылдӕрӕн зын вӕййы сӕхиуыл хӕцын, ӕмӕ телефоны бирӕ рӕстӕг фервитынц, уӕлдайдӕр та сӕм сӕ ныййарджытӕ сӕ хъус куы нӕ фӕдарынц, уӕд (Indistractable).