Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Динтӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты хъуамӕ архайой?

Динтӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты хъуамӕ архайой?

 Адӕмӕй бирӕтӕ сӕхи Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хонынц, фӕлӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайынц. Иуӕй-иуты фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр, уыдон цӕуыл ӕууӕндынц, ууыл ӕууӕндой ӕмӕ уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ уыдоны цӕстӕй кӕсой. Ӕмӕ уый тыххӕй схъӕлӕс кӕнынц кӕцыдӕр кандидаттыл кӕнӕ партитыл. Политиктӕ та арӕхдӕр фӕпайда кӕнынц адӕмы чи тыхсын кӕны, уыцы фарстатӕй, стӕй ма уаг ӕмӕ ӕгъдауимӕ баст фарстатӕй, цӕмӕй-иу сыл уырнӕг адӕм схъӕлӕс кӕной. Дины разамонджытӕ политикӕйы хъуыддӕгты кӕй архайынц, уый диссаг никӕмӕуал кӕсы. Иуӕй-иу бӕстӕты та чырыстон организацитӕ суанг паддзахадон диныл нымад ӕрцӕуынц.

 Куыд хъуыды кӕныс, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты хъуамӕ архайой? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис, Чырысти куыд цард, уымӕй. Уый загъта: «Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр» (Иоанны 13:15). Уӕдӕ нын Чырысти цавӕр цӕвиттон ныууагъта?

Чырысти политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайдта?

 Нӕ. Чырысти политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайдта.

 Чырысти бартӕм нӕ тырныдта. Хӕйрӕг Чырыстийӕн куы «равдыста дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ» ӕмӕ йын куы загъта, кӕй йын сӕ ратдзӕн, уӕд не сразы (Матфейы 4:8–10) a. Ӕндӕр хатт та адӕмы бафӕндыд Чырыстийы хицауӕй сӕвӕрын, уымӕн ӕмӕ уыдтой, хорз хицауы миниуджытӕ йӕм кӕй ис. Библийы фыст ис: «Йесо та зыдта, адӕм ӕрбацӕуынмӕ кӕй хъавынц, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой, ӕмӕ фӕстӕмӕ иунӕгӕй хохмӕ ацыд» (Иоанны 6:15). Чырысти политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй йӕхи хызта ӕмӕ адӕмы фӕндыл не сразы.

 Чырысти политикӕимӕ баст фарстаты никӕй фарс уыд. Зӕгъӕм, Йесойы заман дзуттӕгты зӕрдӕмӕ нӕ цыд, Ромы паддзахадӕн хъалонтӕ кӕй хъуамӕ фыстаиккой, уый. Уый сӕм раст нӕ касти. Ӕмӕ сӕ фӕндыди, цӕмӕй Чырысти сӕ фарс рахӕцыдаид. Хъалонтӕ фидын раст у ӕви нӕ, уый тыххӕй Чырысти ницы загъта. Фӕлӕ сын загъта: «Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Марчы 12:13–17). Ацы фарстайы Чырысти никӕй фарс уыд. Фӕлӕ бамбарын кодта, Ромы паддзахад цы хъалонтӕ домдта, уыдон фидын кӕй хъуыд. Стӕй ма бамбарын кодта, адӕймаг хӕсджын кӕй нӕу, цӕмӕй ӕххӕст кӕна, хицӕуттӕ цыдӕриддӕр дзурынц, уый. Хуыцауы цы у, уый паддзахадӕн дӕттӕн нӕй, ома хъуамӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауы нымайӕм нӕ хицауыл ӕмӕ уымӕн лӕггад кӕнӕм (Матфейы 4:10; 22:37, 38).

 Чырысти уыд уӕларвон хицауады, ома Хуыцауы Паддзахады фарс ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уыцы Паддзахады кой кодта (Лукайы 4:43). Уый политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайдта, уымӕн ӕмӕ зыдта, зӕххон хицауӕдтӕн сӕ бон кӕй нӕу хорз цард саразын. Хуыцаумӕ райдианы зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый сӕххӕст кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр йӕ Паддзахад (Матфейы 6:10). Чырысти ӕмбӕрста, Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдты ӕххуысӕй кӕй нӕ архайдзӕн, фӕлӕ сӕ йӕ Паддзахадӕй кӕй баивдзӕн (Данел 2:44).

Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайдтой?

 Нӕ. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хъуыстой йӕ фӕдзӕхстмӕ, зӕгъгӕ, ацы дунейӕ ма ут (Иоанны 15:19). Уыдон Чырыстийы фӕзмыдтой ӕмӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй сӕхи хызтой (Иоанны 17:16; 18:36). Политикӕйы архайыны бӕсты арӕзтой, Чырысти сын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой (Матфейы 28:18–20; Хъуыддӕгтӕ 10:42).

 Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ зыдтой, ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй уыд Хуыцауы коммӕ кӕсын. Фӕлӕ ма зыдтой, хицӕутты нымайын кӕй хъуыд, уый дӕр (Хъуыддӕгтӕ 5:29; 1 Петры 2:13, 17). Уыдон хицауады закъӕттӕ ӕххӕст кодтой ӕмӕ хъалонтӕ фыстой (Ромӕгтӕм 13:1, 7). Ӕмӕ кӕд политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайдтой, уӕддӕр сын закъонмӕ гӕсгӕ цы бартӕ уыд, уыдонӕй пайда кодтой (Хъуыддӕгтӕ 25:10, 11; Филиппӕгтӕм 1:7).

Абон дӕр чырыстӕттӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайынц

 Библийӕ базонӕн ис, Чырысти дӕр ӕмӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ дӕр политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайдтой. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты ӕппындӕр нӕ архайынц. Уыдон дӕр фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттау хъусынц Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц (Матфейы 24:14).

a Чырысти Хӕйрӕгӕн бакувыныл куы не сразы, уӕд афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Хӕйрӕгмӕ бартӕ нӕй. Фӕстӕдӕр ӕй Чырысти схуыдта «ацы дунейы хицау» (Иоанны 14:30).