Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нозтӕй бӕрц зонай?
Иуӕй-иутӕ, цас фӕнуазынц, уымӕй фылдӕр бануазынц, истӕуыл куы фӕтыхсынц, афтӕ сӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуынц кӕнӕ та сын ӕнкъард куы вӕййы, уӕд. Мыййаг, раздӕр цас нуӕзтай, уымӕй фылдӕр нуазын нӕ райдыдтай? Кӕд о, уӕд, чи зоны, цас нуазыс, ууыл дӕ бар нал цӕуы кӕнӕ та ӕнӕ нозтӕй нал фӕразыс. Ӕркӕсӕм, цавӕр уынаффӕтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нозтӕй бӕрц зонай.
Нозтӕй бӕрц зонын цы нысан кӕны?
Библийы фыст ис: «Сӕнӕй бӕрц чи нӕ зоны... уыдонимӕ ма у» (Ӕмбисӕндтӕ 23:20).
Ахъуыды кӕн. Библи бӕрцӕй нуазыны ныхмӕ нӕу (Екклесиаст 9:7). Фӕлӕ бӕрцӕй нуазай, фырнозт кӕнай ӕмӕ расыггӕнаг уай, уыдон иу не сты (Лукайы 21:34; Ефесӕгтӕм 5:18; Титмӕ 2:3). Чи зоны, расыггӕнаг ма суай. Фӕлӕ уӕддӕр ӕгӕр бирӕ куы нуазай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕвзӕр уынаффӕтӕ хӕссай. Стӕй уый фӕзындзӕн де ’нӕниздзинадыл ӕмӕ, иннӕтимӕ куыд цӕрыс, ууыл (Ӕмбисӕндтӕ 23:29, 30).
Бирӕ иртасджытӕ зӕгъынц, бӕрцӕй нуазын ӕмӕ ӕгӕр бирӕ нуазын иу кӕй не сты. Адӕймаг бирӕ нуазы ӕви нӕ, уый сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ базонӕн ис, адӕймаг бон цал порцийы нуазы ӕмӕ къуыри цал боны нуазы, уымӕ гӕсгӕ a. Фӕлӕ нозт алкӕмӕн иухуызон нӕ тайы, ӕмӕ хатт хуыздӕр вӕййы, цӕмӕй адӕймаг ӕппындӕр ма нуаза. Дӕ хъус-ма ӕрдар Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм.
«Адӕймаг иу кӕнӕ дыууӕ куы ануаза, уӕддӕр уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ тӕссаг уа, зӕгъӕм:
машинӕ куы скъӕра кӕнӕ техникӕимӕ куы арахайа;
сывӕрджын куы уа кӕнӕ дзидзи куы дара;
цавӕрдӕр хостӕ куы нуаза;
йе ’нӕниздзинад ын уый бар куы нӕ дӕтта;
цас нуазы, ууыл йӕ бар куы нӕ цӕуа».
Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, нозтыл кӕй фӕцахуыр дӕ, уый
Библийы фыст ис: «Ӕркӕсӕм нӕ фӕндӕгтӕм, раиртасӕм сӕ» (Йеремийы хъарӕг 3:40).
Ахъуыды кӕн. Нозт цы зиан ӕрхӕссы, уыдӕттӕй дӕхи бахиздзынӕ, цас бануазыс ӕмӕ куыд арӕх фӕнуазыс, уымӕ дӕ хъус куы дарай ӕмӕ-иу, куы бахъӕуа, уӕд исты куы фӕивай. Нозтыл дӕ бар кӕй нал цӕудзӕн, уымӕй дын тӕссаг кӕй у, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.
Ануазыс, цӕмӕй бахъӕлдзӕг уай. Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ цӕмӕй дӕ фӕллад суадзай, иннӕтимӕ ныхас кӕнын дын ӕнцондӕр уа кӕнӕ, цӕмӕй бахъӕлдзӕг уай, уый тыххӕй дӕ фӕхъӕуы ануазын. Бануазыс, цӕмӕй дӕ дӕ зындзинӕдтӕ айрох уой.
Раздӕр цас нуӕзтай, уымӕй фылдӕр нуазын райдыдтай. Арӕхдӕр фӕнуазыс. Карздӕр нозт нуазын райдыдтай. Ӕмӕ дӕ фӕхъӕуы, цас нуӕзтай, уымӕй фылдӕр бануазын, цӕмӕй та-иу раздӕрау бахъӕлдзӕг уай.
Нуазгӕ кӕй кӕныс, уый тыххӕй дын куысты кӕнӕ хӕдзары цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ фӕзынд. Зӕгъӕм, нозтыл фылдӕр ӕхца хардз кӕнын райдыдтай, кӕд дӕм нозтӕн ӕхца нӕ вӕййы, уӕддӕр.
Куы бануазыс, уӕд дӕ бон рӕстмӕ хъуыды кӕнын нал вӕййы, ӕмӕ, нозтджын адӕймагӕн тӕссаг цы вӕййы аразын, уыдӕттӕ фӕаразыс. Зӕгъӕм, машинӕ фескъӕрыс, фӕленк кӕныс кӕнӕ техникӕимӕ фӕархайыс.
Иннӕтӕ дын фӕзӕгъынц, ӕгӕр бирӕ нуазын кӕй райдыдтай. Афтӕ дын куы фӕзӕгъынц, уӕд дӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕвӕййыс. Нуазгӕ кӕй кӕныс ӕмӕ цас нуазыс, уый иннӕтӕй фембӕхсыс.
Дӕ бон дӕхи бауромын нал у. Архайдтай къаддӕр нуазыныл кӕнӕ дӕ нозт бынтондӕр ныууадзыныл, фӕлӕ дын нӕ рауад.
Фондз уынаффӕйы, цӕмӕй-иу ӕгӕр ма бануазай
1. Пълан скӕн.
Библийы фыст ис: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда» (Ӕмбисӕндтӕ 21:5).
Бафӕлвар. Равзар, къуыри цал боны нуаздзынӕ. Аскъуыддзаг кӕн, уыцы бонты-иу цас бануаздзынӕ, цӕмӕй-иу уымӕй фылдӕр ма бануазай. Къуырийы мидӕг-иу рахицӕн кӕн, ӕппындӕр кӕд нӕ нуаздзынӕ, ӕппынкъаддӕр дыууӕ ахӕм боны.
«Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нозтмӕ ӕмгӕрон дӕр куы нӕ цӕуай, уӕд уый у ӕппӕты хуыздӕр мадзал, цӕмӕй йыл ма фӕцахуыр уай»,– зӕгъы фыднозт кӕныны ныхмӕ тохгӕнӕг бритайнаг организаци.
2. Дӕ пъланмӕ гӕсгӕ архай.
Библийы фыст ис: «[Хъуыддаг] ныр кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнут» (2 Коринфӕгтӕм 8:11).
Бафӕлвар. Нозты цал градусы ис, уымӕ-иу дӕ хъус дар, цӕмӕй-иу дын ма фегӕр уа. Нозты бӕсты нуаз, градустӕ кӕм нӕй, ӕнӕниздзинадӕн пайда чи у ӕмӕ, дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм нуазинӕгтӕ. Ӕмӕ бацархай, цӕмӕй дӕм алкӕддӕр уой.
«Цас нуазыс ӕмӕ куыд арӕх нуазыс, уыцы хъуыддаджы гыццыл истытӕ куы фӕивай, уӕд, чи зоны, дӕхи бахизай, нозты тыххӕй адӕймаг цы зындзинӕдтӕ бавзары, уыдонӕй»,– зӕгъы Фыднозт ӕмӕ алкоголизмимӕ баст фарстатӕ иртасӕг национ институт Америкӕйы Иугонд Штатты.
3. Цы уынаффӕтӕ рахӕссыс, уыдонмӕ гӕсгӕ архай.
Библийы фыст ис: «Кӕд „о“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, кӕд „нӕ“ загътат, уӕд – „нӕ“» (Иаковы 5:12).
Бафӕлвар. Исчи дын куы зӕгъа, бануаз, зӕгъгӕ, уӕд-иу уӕзданӕй, фӕлӕ фидарӕй «нӕ» зӕгъ, бануазын дӕ пъланы куы нӕ уа, уӕд.
«Цас фидардӕрӕй зӕгъай, нӕ нуазын, зӕгъгӕ, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕхиуыл фӕхӕцын»,– зӕгъы Фыднозт ӕмӕ алкоголизмимӕ баст фарстатӕ иртасӕг национ институт Америкӕйы Иугонд Штатты.
4. Дӕ уынаффӕ дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн, ууыл хъуыды кӕн.
Библийы фыст ис: «Хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдайӕнӕй хуыздӕр у» (Екклесиаст 7:8).
Бафӕлвар. Бӕрцӕй нуазын дӕ цӕмӕ фӕнды, уый ныффысс. Ныффысс, зӕгъӕм, фаг кӕй фынӕй кӕндзынӕ, де ’нӕниздзинад кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн, де ’хцатӕ нозтыл кӕй нӕ хардз кӕндзынӕ ӕмӕ иннӕтимӕ уӕ кӕрӕдзийы хуыздӕр кӕй ӕмбардзыстут. Цы уынаффӕ рахастай, уый тыххӕй иннӕтӕн куы дзурай, уӕд-иу дзур, цы пайда дын ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй. Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын зын цӕмӕй у, уый кой-иу ма кӕн.
5. Хуыцауӕй ӕххуыс кур.
Библийы фыст ис: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13).
Бафӕлвар. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕгӕр бирӕ нуазыс, уӕд Хуыцаумӕ кув. Кур дзы, цӕмӕй дын хъарутӕ дӕтта ӕмӕ цӕмӕй дӕ бон дӕхиуыл хӕцын уа b. Стӕй йын йӕ Ныхас Библийы бацагур, дӕ уавӕры дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ. Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы нозтыл дӕ бар цӕудзӕн.
a Зӕгъӕм, Америкӕйы Иугонд Штатты Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕмӕ социалон службӕты министрад сбӕрӕг кодта, сылгоймагӕн ӕмӕ нӕлгоймагӕн бирӕ нуазын цас у, уый: «Сылгоймагӕн бирӕ нуазын у, боны дӕргъы 4 порцийы кӕнӕ уымӕй фылдӕр куы нуаза, къуырийы дӕргъы та 8 порцийы кӕнӕ фылдӕр. Нӕлгоймагӕн та бирӕ нуазын у, боны дӕргъы 5 порцийы кӕнӕ фылдӕр нуазын, къуырийы дӕргъы та 15 порцийы кӕнӕ фылдӕр». Иу порци алы бӕстӕты иухуызон нӕу. Уымӕ гӕсгӕ дӕ дохтыры бафӕрс, цӕмӕй зонай, дӕуӕн дӕ бӕрц цас у, уый.
b Кӕд нозтыл дӕ бар нӕ цӕуы, уӕд дӕ, чи зоны, хъӕуы дохтырты ӕххуыс.