Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Thomas Jackson/Stone via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

2024 азы цард фӕхуыздӕр уыдзӕн? Библийы цы фыст ис?

2024 азы цард фӕхуыздӕр уыдзӕн? Библийы цы фыст ис?

 Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ 2024 азы цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уыдонӕй фервӕзӕн нӕй. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр фидӕнӕй ныфс ис. Цавӕр?

Библи нын ныфс дӕтты

 Библийы фыст ис, Хуыцау кӕрон кӕй скӕндзӕн, абон нӕ ныфс кӕй тыххӕй асӕтты, уыцы зындзинӕдтӕн. Тагъд нын Хуыцау «ныссӕрфдзӕн [нӕ] цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).

Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн?

 Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыдытимӕ тох кӕнай ӕмӕ цардыл цин кӕнай (Ромӕгтӕм 15:13). Чи зоны дын ныр тынг зын у. Зӕгъӕм, цӕрыны фаг дӕм ӕхца нӕй, хӕрам хъуыддӕгтыл ӕмбӕлыс кӕнӕ цавӕрдӕр низимӕ тох кӕныс. Ахӕм уавӕры дын баххуыс кӕндзысты, Библийы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон.

 Бацархай, цӕмӕй 2024 аз дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕн дӕр хорз аз уа. Фылдӕр базон, уыцы хъуыддаджы дын Библи куыд баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй. Афӕлвар Библи лӕвар ахуыр кӕнын. Базон, Хуыцауы кӕй фӕнды дӕу «фарнӕй схайджын кӕнын», цӕмӕй дын «фидӕн ӕмӕ ныфс» уа (Йереми 29:11).