Дыккаг закъон 6:1—25
6 Адон сты, уӕ Хуыцау Йегъовӕ мын сымахӕн бацамонын кӕй бафӕдзӕхста, уыцы фӕдзӕхстытӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+. Хъуамӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрат, кӕдӕм бацӕудзыстут ӕмӕ сымах чи бауыдзӕн, уыцы зӕххыл,
2 цӕмӕй уӕ царды ӕппӕт бонты дӕр тӕрсат+ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ ӕмӕ йын ӕххӕст кӕнат йе ’ппӕт закъӕттӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, ӕз уын кӕй дзурын, уыдон,– уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот+ дӕр,– ӕмӕ цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат+.
3 Байхъусут, Израилы адӕм, ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут+, цӕмӕй уын уа хорз+ ӕмӕ цӕмӕй, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕххыл тынг сбирӕ уат, уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ уын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ+.
4 Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй+.
5 Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ+, ӕппӕт удӕй+ ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ+.
6 Абон дын кӕй дзурын, уыцы ныхӕстӕ хъуамӕ уой дӕ зӕрдӕйы+.
7 Ӕмӕ сӕ арф нывӕр дӕ сывӕллоны*+ зӕрдӕйы, дзур сыл, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, куы-иу схуыссай+ ӕмӕ-иу куы сыстай, уӕд.
8 Бабӕтт сӕ дӕ къухыл+, цыма дыл нысан ис, афтӕ, ӕмӕ дын уӕнт, цыма дӕ ныхыл баст сты, афтӕ+.
9 Ныффысс сӕ дӕ хӕдзары дуары тарвӕзтыл ӕмӕ дӕ кулдуарыл+.
10 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ бакӕндзӕн, дӕ фыдӕлтӕн, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн, кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы зӕхмӕ,– уый сын расомы кодта, дӕуӕн ӕй кӕй ратдзӕн+. Уыцы зӕххыл уыдзӕн, ды кӕй нӕ сарӕзтай, ахӕм стыр ӕмӕ рӕсугъд горӕттӕ+,
11 алы диссӕгтӕй ды кӕй нӕ байдзаг кодтай, ахӕм хӕдзӕрттӕ, ды кӕй не скъахтай, ахӕм доны дзыхъхъытӕ, ды кӕй нӕ ныссагътай, ахӕм сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ оливӕбӕлӕстӕ. Ӕмӕ куы хӕрай ӕмӕ ӕфсӕст куы уай+,
12 уӕд-иу кӕс: ма-иу ферох кӕн+ Йегъовӕйы, Египеты зӕххӕй, цагъар кӕм уыдтӕ, уырдыгӕй* дӕ чи ракодта, уыцы Хуыцауы.
13 Хъуамӕ тӕрсай дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ+, хъуамӕ уымӕн лӕггад кӕнай+ ӕмӕ уый номӕй сомы кӕнай+.
14 Ма ацӕут ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, уӕ алыварс чи цӕры, уыцы адӕмты хуыцӕуттӕй иуы фӕдыл дӕр+,–
15 уе ’хсӕн чи ис, уыцы Хуыцау Йегъовӕ домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уат иузӕрдион+,– кӕннод уӕм уӕ Хуыцау Йегъовӕйы маст ссудздзӕн+ ӕмӕ уӕ зӕххы цъарӕй фесафдзӕн+.
16 Ма фӕлварут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы+, Массӕйы* йӕ куыд фӕлвӕрдтат, афтӕ+.
17 Ӕнӕмӕнгӕй ӕххӕст кӕнут уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ фӕдзӕхстытӕ+, йӕ амындтӕ+ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ+,– кӕй уын радта, уыдон+.
18 Йегъовӕйы цӕсты раст ӕмӕ хорз цы у, уый аразут, цӕмӕй уын уа хорз+ ӕмӕ цӕмӕй, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы хорз зӕхмӕ бацӕуат ӕмӕ сымах бауа+,
19 цӕмӕй уе знӕгты се ’ппӕты дӕр уӕ разӕй фӕсурат, Йегъовӕ уын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ+.
20 Сомбон дӕ дӕ фырт куы бафӕрса+, нӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы амындтӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ радта, уыдон цы нысан кӕнынц, зӕгъгӕ,
21 уӕд-иу дӕ фыртӕн зӕгъ: „Мах Египеты уыдыстӕм цагъартӕ фараонӕн, фӕлӕ нӕ Йегъовӕ йӕ фидар къухӕй Египетӕй ракодта+.
22 Мах нӕхи цӕстӕй федтам+, Йегъовӕ Египеты, фараоны ӕмӕ йе ’ппӕт хӕдзаронты раз, цы нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ+ равдыста, уыдон – стыр бӕллӕхтӕ сын бавзарын кодта.
23 Ӕмӕ нӕ уырдыгӕй ракодта, цӕмӕй нӕ ардӕм ӕрбакӕна ӕмӕ нын ратта, нӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы зӕхх+.
24 Ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ бафӕдзӕхста ӕппӕт ацы уагӕвӕрдтӕ+ ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсӕм ӕмӕ нын алкӕддӕр уа хорз+ ӕмӕ удӕгас уӕм, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ+.
25 Ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз ацы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр куы ’ххӕст кӕнӕм, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ+, уӕд нымад ӕрцӕудзыстӕм рӕстгӕнджытыл“+.