Лукайы 5:1—39
5 Иухатт Йесо Геннисареты цады был Хуыцауы ныхас куы амыдта, уӕд ӕм хъуыста бирӕ адӕм, ӕмӕ афтӕ бирӕ уыдысты, ӕмӕ йын фезмӕлӕн дӕр нал уыд+.
2 Уӕд Йесо доны был ауыдта дыууӕ бӕлӕгъы. Кӕсагахсджытӕ та бӕлӕгътӕй рахызтысты ӕмӕ сӕ хызтӕ ӕхсадтой+.
3 Ӕмӕ Йесо бахызт бӕлӕгътӕй иумӕ, Симоны бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ йын загъта, былӕй-ма гыццыл фалдӕр баленк кӕн, зӕгъгӕ. Стӕй уӕд бӕлӕгъы+ ӕрбадт ӕмӕ уырдыгӕй райдыдта адӕмы ахуыр кӕнын.
4 Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Симонӕн афтӕ: «Арф кӕм у, уырдӕм баленк кӕн, ӕмӕ уӕ хызтӕ+ уым баппарут».
5 Симон та йын загъта: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтам ӕмӕ ницы ӕрцахстам+. Фӕлӕ кӕд афтӕ зӕгъыс, уӕд хызтӕ баппардзынӕн».
6 Ӕмӕ сӕ куы баппӕрстой, уӕд уыйбӕрц кӕсаг ӕрцахстой, ӕмӕ сӕ хызтӕ скъуыйын райдыдтой.
7 Уӕд иннӕ бӕлӕгъмӕ се ’мбӕлттӕм ацамыдтой, зӕгъгӕ, рацӕут ӕмӕ нӕм фӕкӕсут+. Уыдон ӕрбаленк кодтой, ӕмӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр афтӕ байдзаг сты, ӕмӕ ныгъуылын райдыдтой.
8 Уый уынгӕйӕ Симон Петр+ Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн»+.
9 Уыйбӕрц кӕсаг кӕй ӕрцахстой, уымӕй дисы ныххаудысты Симон дӕр ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыдон дӕр,
10 стӕй Зеведейы фырттӕ+ Иаков ӕмӕ Иоанн дӕр, Симон кӕсагахсыны куыст кӕимӕ кодта, уыдон. Фӕлӕ Йесо Симонӕн загъта: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ ахсдзынӕ удӕгас адӕймӕгты»+.
11 Гъемӕ сӕ бӕлӕгътӕ былмӕ раластой, ӕппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты+.
12 Ӕндӕр хатт та, иу горӕты куы уыди, уӕд ӕм ӕрбацыд, йӕ буар хъотыры хъӕдгӕмттӕй кӕмӕн нал зынд, иу ахӕм лӕг. Ӕмӕ Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕ разы дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ буц Хицау, ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ»+.
13 Йесо йӕм йӕ къух бадардта, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ лӕгӕн йӕ хъотыр уайтагъд ӕрбайсӕфт+.
14 Уӕд уыцы лӕгӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй макӕмӕн мацы загътаид+. Ӕмӕ ма йын загъта: «Ацу, дӕхи сауджынӕн+ фенын кӕн, ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс+, цӕмӕй, кӕй сдзӕбӕх дӕ, уый сауджынтӕ базоной»+.
15 Фӕлӕ уӕддӕр Йесойы кой ноджы тынгдӕр айхъуыст, ӕмӕ йӕм цыди бирӕ адӕм, цӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ сӕ цӕмӕй сӕ низтӕй сдзӕбӕх кодтаид+.
16 Йесо та цасдӕр рӕстӕг баззад ӕдзӕрӕг ран ӕмӕ куывта+.
17 Иу бон куы уыди, уӕд та адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ уыцы ран бадтысты, Галилейӕйы ӕмӕ Иудейӕйы ӕппӕт хъӕутӕй ӕмӕ Иерусалимӕй чи ’рцыд, уыцы фарисейтӕ ӕмӕ закъонамонджытӕ дӕр. Ӕмӕ йӕм Йегъовӕйӕ ахӕм тых уыд, цӕмӕй адӕмы дзӕбӕх кодтаид+.
18 Уыцы рӕстӕг цалдӕр лӕджы хуыссӕныл ӕрбахастой, паралич кӕй ныццавта, ахӕм адӕймаджы, ӕмӕ архайдтой, куыд ӕм ӕй бахӕссой ӕмӕ йын ӕй йӕ разы куыд ӕрӕвӕрой, ууыл+.
19 Фӕлӕ Йесомӕ адӕмӕй бацӕуӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕдзары сӕрмӕ схызтысты, цары хуынкъ скодтой ӕмӕ йӕ хуыссӕныл Йесойы размӕ ӕруагътой+.
20 Йесо сын сӕ уырнындзинад куы федта, уӕд рынчын лӕгӕн загъта: «Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ»+.
21 Уый фехъусгӕйӕ чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕхинымӕр хъуыды кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай чи у? Хуыцауы куыд фауы?+ Кӕй бон у Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын?»+
22 Йесо та сын сӕ хъуыдытӕ бамбӕрста, ӕмӕ сын загъта: «Уӕхинымӕр цытӕ хъуыды кӕнут?+
23 Цы ӕнцондӕр у зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Сыст ӕмӕ цу“?+
24 Фӕлӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ зонат: Адӕймаджы Фыртмӕ ис уыцы бар, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна». Ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Дӕумӕ дзурын: сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ уӕхимӕ ацу»+.
25 Уый дӕр уайтагъд сӕ цӕстыты раз сыстад, йӕ хуыссӕн систа ӕмӕ, Хуыцауы кадджын кӕнгӕйӕ, сӕхимӕ ацыд+.
26 Уӕд се ’ппӕт дӕр стыр дисы бафтыдысты+ ӕмӕ райдыдтой Хуыцауы кадджын кӕнын. Адӕмы тас бацыд ӕмӕ дзырдтой: «Мӕнӕ цы ӕнахуыр диссӕгтӕ федтам абон!»+
27 Уый фӕстӕ уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд федта хъалонисӕг Левийы хъалонӕмбырдгӕнӕны бадгӕ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фӕдыл рацу»+.
28 Уый дӕр ӕппӕт дӕр ныууагъта+, сыстад ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд.
29 Стӕй йӕ хӕдзары Йесойӕн стыр куывд скодта. Уым уазджытимӕ фынгыл бадти* бирӕ хъалонисджытӕ дӕр+.
30 Фарисейтӕ ӕмӕ сӕ къордӕй иннӕтӕ, чиныджыдӕснытӕ чи уыдысты, уыдон, уый куы федтой, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтыл схъуыр-хъуыр кодтой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бадут?»+
31 Уӕд сын Йесо загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы+, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ+.
32 Ӕз фӕсмонмӕ ӕрсидынмӕ рӕстгӕнджытӕм не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм»+.
33 Уӕд ын уыдон загътой: «Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕдзух ком дарынц ӕмӕ зӕрдиагӕй фӕкувынц, уӕдӕ афтӕ кӕнынц фарисейты ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та хӕрынц ӕмӕ нуазынц»+.
34 Йесо та сын загъта: «Сиахс цалынмӕ йе ’мбӕлттимӕ уа, уӕдмӕ сӕ ком дарыныл исчи бафтаудзӕн?+
35 Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ сиахсы+ акӕндзысты+, ӕмӕ уӕд дардзысты ком»+.
36 Уый фӕстӕ ма сын ӕрхаста цӕвиттон дӕр: «Ног дарӕсӕй гӕбаз ничи ракӕндзӕн, цӕмӕй дзы зӕронд дарӕс бампъуза. Исчи афтӕ куы бакӕна, уӕд ног ӕмпъузӕн зӕронд дарӕс аскъуындзӕн. Уӕвгӕ, ног дарӕсӕй ӕмпъузӕн зӕронд дарӕсӕн бӕзгӕ дӕр нӕ кӕны+.
37 Уӕдӕ ног сӕн дӕр зӕронд лалымы ничи ныккӕны. Куы йӕ ныккӕнай, уӕд та ног сӕн лалым атондзӕн+, ӕмӕ сӕн дӕр акӕлдзӕн, ӕмӕ лалым дӕр фесӕфдзӕн+.
38 Фӕлӕ ног сӕн фӕхъӕуы ног лалымы ныккӕнын.
39 Зӕронд сӕнӕй чи бануазы, уый ног сӕн нал фӕхъӕуы, уымӕн ӕмӕ фӕзӕгъы: „Зӕронд+ хорз у“».
Фиппаинӕгтӕ
^ Уӕды заманты-иу фынджы уӕлхъус бадгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ-иу сӕхи сӕ иу фарсыл ӕруагътой.