Марчы 10:1—52

10  Уырдыгӕй Йесо ӕрцыди Иудейӕйы арӕнтӕм, Иорданы иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ йӕм ногӕй бирӕ адӕм ӕрӕмбырд. Гъемӕ-иу иннӕ хӕттыты куыд кодта, афтӕ та сӕ ныр дӕр ахуыр кӕнын райдыдта+.  Уӕд ӕм ӕрбацыдысты фарисейтӕ, ӕмӕ йӕ ракъахыны тыххӕй бафарстой, лӕгӕн йӕ усӕй хицӕн кӕныны бар ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ+.  Уый сӕ бафарста: «Моисей уын цы бафӕдзӕхста?»  Уыдон ын дзуапп радтой: «Моисей загъта, зӕгъгӕ, лӕгӕн йӕ бон у йӕ усӕн гӕххӕтт раттын, кӕй дзы хицӕн кӕны, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ ауадзын»+.  Уӕд сын Йесо загъта: «Хивӕнд кӕй стут+, уыцы фӕдзӕхст уын уымӕн радта.  Фӕлӕ Хуыцау дуне куы фӕлдыста, уӕд сӕ „сфӕлдыста нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй+.  Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады,  ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“+. Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар.  Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта*, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд»+. 10  Ӕмӕ та хӕдзары куы уыдысты+, уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой, афтӕ цӕмӕн дзырдтай, зӕгъгӕ. 11  Уый сын дзуапп радта: «Йӕ усӕй чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны+ ӕмӕ йӕ фыццаг усы тӕригъӕды цӕуы. 12  Ӕмӕ йӕ лӕгӕй чи ахицӕн, ахӕм сылгоймаг ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд уый дӕр хӕтгӕ кӕны»+. 13  Уый фӕстӕ йӕм гыццыл сывӕллӕтты кӕнын райдыдтой, цӕмӕй сыл йӕ къух авӕрдтаид, фӕлӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ уагътой+. 14  Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбауадзут мӕм сывӕллӕтты. Ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы паддзахад, ацы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, уыдоны у+. 15  Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахадыл гыццыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн»+. 16  Стӕй сывӕллӕтты йӕ хъӕбысы ӕрбакодта, йӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сын раарфӕ кодта+. 17  Уырдыгӕй куы фӕцӕйцыди, уӕд ӕм фӕндагыл иу лӕг базгъордта, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон?»+ 18  Йесо йын загъта: «Цӕмӕ мӕ хоныс хорз?+ Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у+. 19  Ды зоныс ацы фӕдзӕхстытӕ: ма амар+, ма хӕт+, ма адав+, мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу+, ма асай+, нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады»+. 20  Лӕг ын загъта: «Ахуыргӕнӕг, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕз ӕххӕст кӕнын мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ». 21  Йесо йӕм бакаст,– йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын, ӕмӕ йын загъта: «Иу цыдӕр ма дӕ хъӕуы бакӕнын: ацу, цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уыдзӕн хӕзна уӕлӕрвты. Стӕй уӕд раздӕх ӕмӕ цу мӕ фӕдыл»+. 22  Фӕлӕ лӕг ацы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ сӕр ӕруагъта ӕмӕ ӕнкъардӕй ацыд, уымӕн ӕмӕ йӕм стыр фӕллӕйттӕ уыди+. 23  Йесо адӕмыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕвӕдза, куыд зын уыдзӕн, ӕхца кӕмӕ ис, уыдонӕн+ Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын!»+ 24  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын йӕ ныхӕстыл тынг бадис кодтой+. Ӕмӕ та сын уӕд Йесо ногӕй загъта: «Мӕ хъӕбултӕ, куыд зын у Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын! 25  Хъӕздыгӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины бын ауайын ӕнцондӕр у»+. 26  Уӕд сӕ дисӕн бынтондӕр кӕрон нал уыди ӕмӕ йӕ бафарстой: «Кӕд афтӕ у, уӕд чи фервӕздзӕн?»+ 27  Йесо сӕм комкоммӕ бакаст ӕмӕ сын дзуапп радта: «Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕй уый зӕгъӕн нӕй – уымӕн алцыдӕр у йӕ бон»+. 28  Уӕд ын Петр афтӕ бакодта: «Ӕмӕ мах ӕппӕт дӕр нӕ ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл нӕ цӕуӕм?»+ 29  Йесо та загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: мӕн тыххӕй ӕмӕ хорз хабары тыххӕй йӕ хӕдзар, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууагъта, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй+, 30  ӕмӕ, кӕд ӕфхӕрд ӕййафдзӕн+, уӕддӕр абон сӕдӕ хатты фылдӕр+ чи не ссара хӕдзӕрттӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ, мадӕлтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕххытӕ, ӕмӕ фидӕны* та – ӕнусон цард. 31  Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ»+. 32  Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ йӕ фӕндаг дарддӕр Иерусалиммӕ акодта. Йесо цыди сӕ разӕй, ӕмӕ йыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дис кодтой. Семӕ ма цы адӕм цыд, уыдоны та тас бацыди. Уӕд та йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ногӕй иуварс акодта ӕмӕ та сын дзурын райдыдта, цытӕ бавзардзӕн, уый+: 33  «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ. Уым Адӕймаджы Фырты ратдзысты сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕсныты къухтӕм, ӕмӕ йын уыдон мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты. Стӕй йӕ ратдзысты ӕндӕр адӕмты къухмӕ+, 34  ӕмӕ дзы уыдон фӕхынджылӕг кӕндзысты, фӕтутӕ йыл кӕндзысты, ехсӕй йӕ фӕнӕмдзысты ӕмӕ йӕ амардзысты. Фӕлӕ ӕртыккаг бон* райгас уыдзӕн»+. 35  Уӕд ӕм бацыдысты Зеведейы+ дыууӕ фырты, Иаков ӕмӕ Иоанн, ӕмӕ йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, курӕм дӕ, цы дын зӕгъӕм, уый нын бакӕн»+. 36  Йесо сӕ бафарста: «Зӕгъут-ма, цы уӕ хъӕуы?» 37  Уыдон ын дзуапп радтой: «Дӕ кадджын бынаты куы ’рбадай, уӕд-иу нӕ иуы дӕ рахиз фарс ӕрбадын кӕн, иннӕйы та – дӕ галиу фарс»+. 38  Йесо та сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы къусӕй нуазын, уымӕй бануазын, науӕд ӕз цы аргъуыд исын, уый райсын уӕ бон у?»+ 39  Уыдон ын дзуапп радтой: «Куыннӕ у». Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕз цы къусӕй нуазын, уымӕй сымах дӕр бануаздзыстут, ӕмӕ ӕз цы аргъуыд исын, уый сымах дӕр райсдзыстут+. 40  Фӕлӕ мӕ рахиз фарс ӕмӕ мӕ галиу фарс чи ӕрбаддзӕн, уый мӕнӕй кӕнгӕ нӕу+. Уыцы бынӕтты ӕрбаддзысты, цӕттӕ кӕмӕн сты, уыдон». 41  Уый иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы куы фехъуыстой, уӕд Иаков ӕмӕ Иоанмӕ рамӕсты сты+. 42  Фӕлӕ сӕм Йесо фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, хицӕуттыл кӕй нымайынц, уыдон сӕхи адӕмтӕн ӕлдӕрттӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ сын сӕ кадджын лӕгтӕ сӕхи хицау кӕй кӕнынц+. 43  Фӕлӕ сымах хъуамӕ афтӕ ма кӕнат. Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг+. 44  Ӕмӕ уӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй уа фыццаг, уый се ’ппӕтӕн дӕр хъуамӕ уа цагъар+. 45  Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй куы не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной+, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд* ратта бирӕты+ балхӕныны*+ тыххӕй». 46  Уӕдмӕ бацыдысты Иерихонмӕ. Фӕстӕдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ, стӕй ма сӕ фӕдыл дуне адӕм дӕр Иерихонӕй куы рацӕйцыдысты, уӕд фӕндаггӕрон бадт иу куырм лӕг, мӕгуыргур Вартимей, Тимейы фырт+. 47  Ӕмӕ, йӕ рӕзты назаретаг Йесо кӕй фӕцӕуы, уый куы айхъуыста, уӕд хъӕр систа: «Йесо, Давиды Фырт+, батӕригъӕд мын кӕн!»+ 48  Уӕд ыл адӕмӕй бирӕтӕ схъӕртӕ кодтой, басабыр у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кӕнын байдыдта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»+ 49  Уӕд Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Фӕдзурут-ма йӕм». Ӕмӕ фӕдзырдтой куырм лӕгмӕ: «Сыст, цом, дзуры дӕм»+. 50  Уый дӕр йе ’ддаг дарӕс феппӕрста, фӕгӕпп кодта ӕмӕ Йесомӕ бацыд. 51  Ӕмӕ йӕ Йесо бафарста: «Цӕмӕй дын баххуыс кӕнон?»+ Куырм лӕг ын дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг*, мӕ цӕстырухс мын раздах»+. 52  Уӕд ын Йесо загъта: «Ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта»+. Ӕмӕ лӕг уайтагъд цӕстӕй ракаст+, ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «иумӕ цы баифтыгъта».
Кӕнӕ «ӕрцӕуинаг цардӕвӕрды»; грекъ. айо́ни.
Комк. «ӕртӕ боны фӕстӕ».
Комк. «бирӕты тыххӕй ахӕсты аргъ бафидыны».
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «Раввуни», кӕс Ин 20:16.