Нымӕцтӕ 25:1—18

25  Израил цард Ситтимы+. Ӕмӕ израилӕгтӕ райдыдтой Моавы чызджытимӕ хӕтын+.  Моавӕгтӕ-иу сӕ хуыцӕуттӕн нывӕндтӕ куы хастой+, уӕд-иу сӕ сылгоймӕгтӕ фӕхуыдтой израилӕгты дӕр. Ӕмӕ сын израилӕгтӕ райдыдтой сӕ нывӕндтӕй хӕрын ӕмӕ сӕ хуыцӕуттӕн кувын+.  Афтӕ Израил табу кӕнын райдыдта* Фегоры Ваалӕн+, ӕмӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд Израилмӕ+.  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Адӕмы хистӕртӕй уыцы хъуыддаджы аххосджын чи у, уыдоны ӕрӕмбырд кӕн, амар сӕ ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз ӕрцауындз+, адӕм сӕ иууылдӕр куыд уыной, афтӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы маст мауал судза Израилмӕ».  Ӕмӕ Моисей Израилы тӕрхонгӕнджытӕн загъта+: «Алчидӕр уӕ амарӕд+, йӕ адӕмӕй* Фегоры Ваалӕн чи табу кӕны, уыдоны».  Уыцы рӕстӕг дын Израилы фырттӕй иу+ йе ’фсымӕрты ’хсӕнмӕ, Моисейы ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы раз, мадиамаг сылгоймаджы+ куы ’рбакӕнид. Адӕм та лӕууыдысты ӕмбырды цатыры раз ӕмӕ ӕрдиаг кодтой.  Финеес+, сауджын Ааронӕн йӕ фырт Елеазары фырт, уый куы федта, уӕд адӕмы ’хсӕнӕй рауад, арц фелвӕста  ӕмӕ уыцы израиладжы фӕдыл цатырмӕ* бахызт ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр барӕхуыста, израиладжы дӕр ӕмӕ сылгоймаджы дӕр, йӕ гуыбыны йын арц фӕтъыста. Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕ нал цагъды кодтой+.  Чи фӕцагъды, уыдон уыдысты дыууын цыппар мин адӕймаджы+. 10  Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 11  «Сауджын Ааронӕн йӕ фырт Елеазары фырт Финеес+ мын мӕ маст ӕрсабыр кодта+. Уый нӕ бабыхста, цӕмӕй Израилы фырттӕ мӕнӕй уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувой+, ӕмӕ ӕз нӕ ныццагътон Израилы фыртты, кӕд сӕ домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уой иузӕрдион, уӕддӕр+. 12  Зӕгъ ын, ӕз йемӕ кӕй аразын фарны бадзырд. 13  Уыцы бадзырд ӕнустӕм уыдзӕн, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ+ дӕр сауджынтӕ кӕй уыдзысты, уый номыл, уымӕн ӕмӕ уый нӕ бабыхста, цӕмӕй Израилы фырттӕ йӕ Хуыцауӕй уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувой+, ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кодта»+. 14  Финеес мадиамаг сылгоймагимӕ кӕй амардта, уыцы израиладжы ном уыди Зимри. Уый уыд Салуйы фырт, Симеоны мыггаджы хистӕр+. 15  Мадиамаг сылгоймаджы ном та уыди Хазвӕ, Цуры чызг+. Цур уыд Мадиамы мыггӕгты хистӕртӕй иу+. 16  Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 17  «Мадиамӕгты ӕнцад цӕрын ма уадзут, цӕгъдут сӕ+, 18  уымӕн ӕмӕ уӕ уыдон дӕр ӕнцад цӕрын нӕ уадзынц, хинӕй уыл рацыдысты+ ӕмӕ уӕ Фегоримӕ баст хъуыддагӕй тӕригъӕды бафтыдтой+. Уыдон уӕ тӕригъӕды бафтыдтой сӕ хо Хазвӕйы уылты+, мадиамаг хистӕры чызджы уылты. Финеес ӕй амардта+, Фегоримӕ баст хъуыддаджы тыххӕй цагъды кӕнын куы райдыдтат, уыцы бон»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «баиу».
Ӕвӕц., дзырд цӕуы, 4 ст. кӕй кой ис, уыцы хистӕртыл.
Кӕнӕ «сылгоймӕгтӕ кӕм вӕййынц, [цатыры] уыцы хаймӕ».