Псалом 106:1—48
106 Кадджын кӕнут Йагъы!+Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ*+,Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт+.
2 Чи радзурдзӕн Йегъовӕйы хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй+Кӕнӕ чи фехъусын кӕндзӕн йе ’ппӕт кады тыххӕй?+
3 Амондджын сты, рӕстдзинадыл фидар чи хӕцы+,Алкӕддӕр рӕстӕй чи архайы, уыдон+.
4 О Йегъовӕ, ӕрхъуыды-иу мӕ кӕн, дӕ адӕмӕн дӕ хорзӕхӕй куы хай кӕнай, уӕд+.Ма мӕ ныууадз, фервӕзын мӕ кӕн+,
5 Цӕмӕй фенон, де ’взӕрст адӕмӕн цы хорздзинад аразыс, уый+,Цӕмӕй дӕ адӕмы цинӕй хайджын уон+Ӕмӕ дӕ ӕппӕлон, дӕхицӕн бынӕн кӕй равзӕрстай, уыдонимӕ иумӕ+.
6 Мах нӕ фыдӕлтау тӕригъӕдты бафтыдыстӕм+,Кодтам ӕвзӕр митӕ, арӕзтам фыдхъуыддӕгтӕ+.
7 Нӕ фыдӕлтӕ Египеты куы уыдысты,Уӕд дын дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ нӕ бамбӕрстой+.Ферох сӕ ис де стыр ӕнувыд уарзт+,Ӕмӕ дӕ ныхмӕ цыдысты денджызы раз, Сырх денджызы раз+.
8 Уый сӕ фервӕзын кодта йӕ номы тыххӕй+,Цӕмӕй йын иууылдӕр йӕ хъомыс базыдтаиккой+.
9 Уый тыххӕй Сырх денджызӕн бауайдзӕф кодта, ӕмӕ денджыз бахус+,Ӕмӕ сӕ арф дӕттыл ахизын кодта, цыма ӕдзӕрӕг быдырыл цыдысты, афтӕ+.
10 Фервӕзын сӕ кодта, се сӕфт сӕ чи уыдта, уыдонӕй+,Се знаджы къухӕй сӕ ӕрдомдта+.
11 Сӕ фыдгултӕ доны бын фесты+,Иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзт+.
12 Уӕд баууӕндыдысты йӕ ныхасыл+,Райдыдтой йӕ кадӕн зарын+.
13 Фӕлӕ сӕ йӕ хъуыддӕгтӕ уайтагъд ферох сты+,Нал ӕнхъӕлмӕ кастысты йӕ уынаффӕмӕ+.
14 Ӕдзӕрӕг быдыры сӕ хиуарзон фӕндтыл цыдысты+Ӕмӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы фӕлвӕрдтой Хуыцауы+.
15 Цы дзы куырдтой, уый сын радта+,Фӕлӕ сыл* удхайраг низ бафтыдта+.
16 Уыдон хӕлӕг кӕнын райдыдтой Моисеймӕ+Ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг лӕггадгӕнӕг Ааронмӕ+.
17 Уӕд зӕхх фегом ӕмӕ аныхъуырдта Дафаны+,Авироны адӕм иууылдӕр зӕххы бынмӕ ацыдысты+.
18 Ӕмӕ арт ссыгъд се ’хсӕн+,Пиллон арт аныхъуырдта фыдгӕнджыты+.
19 Стӕй ма Хоривы сӕхицӕн скодтой род+,Куывтой гуымирыйӕн+.
20 Афтӕмӕй мын мӕ кад баивтой+Галы нывыл, кӕрдӕг чи хӕры, уый нывыл+.
21 Уыдон ферох кодтой Хуыцауы, сӕ Ирвӕзынгӕнӕджы+,Египеты стыр хъуыддӕгтӕ чи сарӕзта+,
22 Хамы зӕххыл – диссӕгтӕ+,Сырх денджызы цур – адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ+.
23 Гыццыл ма, ӕмӕ сӕ ныццӕгъдын кодтаид+,Фӕлӕ Моисей, йе ’взӕрст адӕймаг,Йӕ разы ӕрлӕууыд, къулы хуынчъы куыд балӕууай, афтӕ+,Цӕмӕй йын йӕ маст ӕрсабыр кодтаид, ӕмӕ сӕ ма фесӕфтаид+.
24 Уыдон бӕллиццаг зӕхх фауын райдыдтой+,Нӕ йын ӕууӕндыдысты йӕ ныхасыл+.
25 Хъуыр-хъуыр кодтой сӕ цатырты+,Нӕ хъуыстой Йегъовӕйы ныхасмӕ+.
26 Ӕмӕ уӕд йӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ расомы кодта+,Афтӕ сын кӕй бакӕндзӕн, ӕмӕ сӕ мӕрдтӕ ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты+,
27 Ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ адӕмты ’хсӕн сӕ мӕлӕт ссардзысты+,Алы бӕстӕтӕм сӕ ныппырх кӕндзӕн+.
28 Уыдон табу кӕнын райдыдтой Фегоры Ваалӕн+Ӕмӕ хордтой, ӕнӕуд хуыцӕуттӕн кӕй хастой, уыцы нывӕндтӕй+.
29 Мӕсты йӕ кодтой сӕ митӕй+,Ӕмӕ цагъды кӕнын райдыдтой+.
30 Фӕлӕ Финеес куы сыстад ӕмӕ, цы хъуыди, уый куы бакодта+,Уӕд адӕм нал цагъды кодтой.
31 Ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгылФӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, ӕнустӕм+.
32 Меривӕйы+ дӕтты раз Моисейы мӕсты кодтой,Ӕмӕ уыдоны тыххӕй бӕллӕхы бахауд+.
33 Афтӕ йӕ смӕсты кодтой,Ӕмӕ йӕ дзыхӕй ссыд ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ+.
34 Уыдон иннӕ адӕмты нӕ ныццагътой+,Йегъовӕ сын куыд загъта, афтӕ нӕ бакодтой+,
35 Фӕлӕ райдыдтой иннӕ адӕмтимӕ хӕццӕ кӕнын+Ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтыл ахуыр кӕнын+.
36 Куывтой сын сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн+,Ӕмӕ сын уыдон систы къӕппӕг+.
37 Сӕ фыртты+ ӕмӕ сӕ чызджытыНывондӕн хастой хӕйрӕджытӕн+.
38 Калдтой ӕнаххос туг+,Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй хастой,Сӕ уыцы фыртты ӕмӕ чызджыты туг+,Ӕмӕ зӕхх тугӕй счъизи+.
39 Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕхи фӕчъизи кодтой+,Кодтой ӕнаккаг митӕ, хӕтыдысты+.
40 Ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ маст ссыгъд йӕ адӕммӕ+,Йӕхицӕн бынӕн кӕй равзӕрста, уыдон ын фенад сты+.
41 Ӕмӕ та-иу сӕ радта иннӕ адӕмты къухмӕ+,Цӕмӕй сӕ се сӕфт чи уыдта, уыдон сын хицӕуттӕ уыдаиккой+,
42 Цӕмӕй сӕ се знӕгтӕ ӕфхӕрдтаиккой,Цӕмӕй сӕхи сӕ къухмӕ радтаиккой+.
43 Цал ӕмӕ сӕ цал хатты фервӕзын кодта+,Фӕлӕ йӕм уӕддӕр нӕ хъуыстой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыдысты+,Ӕмӕ-иу сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕгады бынатмӕ ӕрхаудтой+.
44 Ӕмӕ та-иу сын сӕ тыхст уавӕрмӕ ӕркаст+,Сӕ дзыназын-иу сын куы фехъуыста, уӕд+.
45 Уыдоны тыххӕй-иу ӕрхъуыды кодта йӕ бадзырд+Ӕмӕ-иу фӕфӕсмон кодта йе стыр ӕнувыд уарзтмӕ гӕсгӕ+.
46 Афтӕ-иу бакодта, ӕмӕ-иу уацары кӕмӕ уыдысты,Уыдон-иу сын фӕтӕригъӕд кодтой+.
47 Фервӕзын нӕ кӕн, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау+,Адӕмты ’хсӕнӕй нӕ ракӕн ӕмӕ нӕ ӕрӕмбырд кӕн+,Цӕмӕй дын дӕ сыгъдӕг номӕн арфӕ кӕнӕм+Ӕмӕ дӕ цингӕнгӕйӕ кадджын кӕнӕм+.
48 Табу Йегъовӕйӕн, Израилы Хуыцауӕн+,Ӕнусӕй-ӕнусмӕ.Адӕм иууылдӕр зӕгъӕнт «аммен»+.Кадджын кӕнут Йагъы!+
ФӔНДЗӔМ ЧИНЫГ
(Псаломтӕ 107–150)