Псалом 14:1—7

Амонӕгӕн. Давиды псалом. 14  Ӕнӕзонд йӕхинымӕр загъта:«Нӕй Йегъовӕ»+.Уыдон ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл+, бафтыдысты ӕлгъаг митыл.Нӕй иу адӕймаг дӕр, хорздзинад чи араза+.   Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕркаст адӕймаджы фырттӕм+,Цӕмӕй фена, исчи дзы ӕмбаргӕ у, исчи дзы Йегъовӕйы агуры+.   Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты раст фӕндагӕй+, се ’ппӕт дӕр сты ӕмхуызон хӕлд+.Нӕй иу адӕймаг дӕр, хорздзинад чи араза+,Иу дӕр+.   Ау, фыдгӕнджытӕй иу дӕр ницы бамбӕрста?+Дзул куыд хӕрай, афтӕ мын хӕрынц мӕ адӕмы+.Уыдон не ссарынц Йегъовӕйы ном+.   Уым сӕ стыр тас бацыд+,Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ис рӕстгӕнджыты* ’хсӕн+.   Сымах худут ӕфхӕрд адӕймаджы фӕндтыл,Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у йе ’мбӕхсӕн+.   Тӕхуды, ӕмӕ Сионӕй куы ’рцӕуид Израилӕн ирвӕзындзинад!+Йегъовӕ фӕстӕмӕ куы ӕрӕмбырд кӕна, йӕ адӕмӕй уацары чи ис, уыдоны+,Уӕд-иу Иаковы зӕрдӕ цинӕй райӕд, Израил-иу цин кӕнӕд+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «рӕстгӕнӕджы фӕлтӕры».