Псалом 141:1—10

Давиды зарӕг. 141  О Йегъовӕ, дӕумӕ сидын ӕххуысмӕ+.Тагъддӕр мӕм фӕзын+.Куы дӕм дзыназон, уӕд-иу мӕ фехъус+.   Мӕ куывд дын ӕхсызгон уӕд буды тӕфау*+,Мӕ лӕгъстӕтӕ – изӕрӕй кӕй ӕрхӕссынц, уыцы хоры кувинагау+.   О Йегъовӕ, ме ’взагӕн мын сӕвӕр хъахъхъӕнӕг+,Мӕ дзыхӕн мын сӕвӕр дуаргӕс+.   Мӕ зӕрдӕ мын ӕвзӕрдзинадмӕ ма сараз+,Цӕмӕй, фыддзинадыл чи бафтыд, уыдонимӕ+Фыдхъуыддӕгтӕ ма аразон+Ӕмӕ сын сӕ дзаджджын хӕринӕгтӕй ма хӕрон+.   Рӕстгӕнӕг мӕ куы ныццӕва, уӕд уый уыдзӕн ӕнувыд уарзт+,Куы мын бауайдзӕф кӕна, уӕд уый уыдзӕн, мӕ сӕрыл мын сой куыд рауадзой, афтӕ+.Мӕ сӕрӕн сойау ӕхсызгон уыдзӕн, ӕмӕ дзы, нӕ мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, нӕ зӕгъдзынӕн+.Ӕз уыдоны тыххӕй кувдзынӕн, бӕллӕхы куы бахауой, уӕд+.   Адӕмӕн сӕ тӕрхонгӕнджыты къӕдзӕхӕй раппӕрстой+,Адӕм та мын мӕ ныхӕстӕ фехъуыстой ӕмӕ сын уыдысты ӕхсызгон+.   Суг сӕтгӕйӕ схъистӕ алырдӕмты куыд фӕхауынц,Афтӕ не стджытӕ алырдыгӕйты пырхӕй лӕууынц ингӕны* был+.   Фӕлӕ ӕз дӕумӕ кӕсын+, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+.Де уазӕг бакодтон мӕхи+.Ма мын фесаф мӕ уд+.   Бахъахъхъӕн мӕ, цы къӕппӕг мын сӕвӕрдтой, уымӕй+,Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдоны хызтӕй+. 10  Фыдгӕнджытӕ иууылдӕр бахаудзысты, цы хызтӕ сӕвӕрдтой, уыдоны+,Ӕз та се ’ппӕтӕй дӕр аирвӕздзынӕн.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «будау цӕттӕ уӕд дӕ разы».
Комк. «шеолы». Кӕс Уӕлӕмх 8.