Псалом 21:1—13
Амонӕгӕн. Давиды зарӕг.
21 О Йегъовӕ, дӕ хъару паддзахӕн хӕссы циндзинад+,Уый цин кӕндзӕн, цы ирвӕзындзинад дӕттыс, ууыл!+
2 Йӕ зӕрдӕйы фӕндон ын сӕххӕст кодтай+,Цы дӕ куырдта, уый йын нӕ бавгъау кодтай+. (Села́)
3 Раарфӕ йын кодтай ӕмӕ йын хорздзинӕдтӕ радтай+,Йӕ сӕрыл ын ӕркодтай кадыхуд сыгъдӕг сызгъӕринӕй+.
4 Куырдта дӕ цӕрӕнбон, ӕмӕ йын ӕй радтай+.Радтай йын бирӕ царды бонтӕ, ӕнустӕм, мыггагмӕ+.
5 Стыр у йӕ кад, уымӕн ӕмӕ йӕ ды фервӕзын кодтай+.Ды йын дӕттыс кад ӕмӕ намыс+.
6 Стыр арфӕдзинӕдтӕ йын бахай кодтай ӕнустӕм+.Уый ис дӕ разы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ цинӕй дзаг кӕныс+.
7 Уымӕн ӕмӕ паддзах йӕ зӕрдӕ дары Йегъовӕйыл+,Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕнувыд уарзтыл. Уый никуы фӕцуддзӕн+.
8 Дӕ къух ссардзӕн де знӕгты+ се ’ппӕты дӕр,Дӕ рахиз къух ссардзӕн, йе сӕфт дӕ чи уыны, уыдоны.
9 Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд сӕм ӕркӕсдзынӕ ӕмӕ сӕ судзгӕ пец фестын кӕндзынӕ+.Йегъовӕ сӕ мӕстӕй судзгӕйӕ аныхъуырдзӕн, арты хъӕлӕсы аирвӕздзысты+.
10 Ды сын сӕ цоты фесафдзынӕ зӕххӕй+,Ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты – адӕймаджы фыртты ’хсӕнӕй+,
11 Уымӕн ӕмӕ архайынц дӕуӕн фыддзинад ракӕныныл+,Кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм фӕндтӕ кӕнынц+.
12 Ды сӕ лидзӕг фӕкӕндзынӕ, ӕмӕ ма сӕ чъылдымтӕ зындзысты+,Де ’рдынбос куы айвазай ӕмӕ сын сӕ цӕсгоммӕ куы ныхъхъавай, уӕд+.
13 О Йегъовӕ, дӕ хъаруйы тыххӕй сбӕрзонд у+.Мах дӕ хъомысы тыххӕй цӕгъддзыстӕм ӕмӕ зардзыстӕм+.