Псалом 24:1—10
Давиды псалом. Зарӕг.
24 Йегъовӕйы у зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый+,Зӕхх ӕмӕ йыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон+.
2 Денджызтыл ӕй ӕрӕвӕрдта+,Цӕугӕдӕттыл ӕй ӕрфидар кодта+.
3 Кӕй бон у Йегъовӕйы хохмӕ схизын+,Кӕй бон у йӕ сыгъдӕг бынатмӕ ссӕуын?+
4 Йӕ къухтӕ сыгъдӕг кӕмӕн сты ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕ кӕмӕн ис+,Мӕ уд мын ницӕйагыл чи нӕ нымадта+Ӕмӕ мӕнг сомытӕ чи нӕ кодта, уымӕн+.
5 Уый Йегъовӕйӕ ацӕудзӕн арфӕдзинадимӕ+Ӕмӕ рӕстдзинадимӕ йӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕй+.
6 Ахӕм сты, чи йӕ агуры, уыцы адӕм,Дӕ хорзӕх* дын чи агуры, уыдон, о Иаковы Хуыцау+. (Села́)
7 «Уӕ сӕртыл схӕцут, кулдуӕрттӕ+,Уӕхиуыл хӕрдмӕ схӕцут, ӕнусон бахизӕнтӕ+,Цӕмӕй цытджын Паддзах мидӕмӕ бацӕуа!»+
8 «Чи у уыцы цытджын Паддзах?»+«Йегъовӕ, тыхджын ӕмӕ хъомысджын Хуыцау+,Йегъовӕ, тохы ӕмбал кӕмӕн нӕй»+.
9 «Уӕ сӕртыл схӕцут, кулдуӕрттӕ+,Хӕрдмӕ сыл схӕцут, ӕнусон бахизӕнтӕ,Цӕмӕй цытджын Паддзах мидӕмӕ бацӕуа!»+
10 «Уӕдӕ чи у уыцы цытджын Паддзах?»«Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ – уый у цытджын Паддзах»+. (Села́)
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «дӕ цӕсгом».