Псалом 27:1—14
Давиды псалом.
27 Йегъовӕ у мӕ рухс+ ӕмӕ мӕ ирвӕзындзинад+.Кӕмӕй хъуамӕ тӕрсон?+Йегъовӕ у мӕ царды фидар мӕсыг+.Кӕй раз хъуамӕ ризон тӕссӕй?+
2 Фыдгӕнджытӕ мӕм куы ’рбалӕууыдысты, цӕмӕй мӕ аныхъуырой+,Мӕ фыдгултӕ ӕмӕ ме знӕгтӕ+,Уӕд сӕхӕдӕг фӕкалдысты ӕмӕ ахаудысты+.
3 Мӕ разы ӕнӕхъӕн ӕфсад куы ӕрӕвӕра йӕ цатыртӕ+,Уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзӕн мӕ зӕрдӕ+.Мемӕ куы схӕцой+,Уӕд дӕр ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн+.
4 Иу хъуыддаг куырдтон Йегъовӕйӕ+,Бӕлгӕ дӕр уымӕ кӕнын+,Цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзары уон цӕрӕнбонты+,Цӕмӕй уынон Йегъовӕйы рӕсугъддзинад+Ӕмӕ йӕ кувӕндонмӕ кӕсынӕй бафсӕдон+.
5 Бӕллӕхы бон мӕ йе ’мбӕхсӕн бынаты* бааууон кӕндзӕн+,Бамбӕхсдзӕн мӕ йӕ цатыры, сусӕг бынаты+.Схӕсдзӕн мӕ бӕрзонд къӕдзӕхмӕ+.
6 Ӕмӕ уӕд ӕз, мӕ алыварс цыдӕриддӕр знӕгтӕ ис, уыдонӕн сӕ сӕрты кӕсдзынӕн+,Ӕмӕ йын йӕ цатыры ӕрхӕсдзынӕн нывӕндтӕ – цины хъӕр кӕндзынӕн+.Йегъовӕйӕн цӕгъддзынӕн ӕмӕ зардзынӕн+.
7 О Йегъовӕ, куы дӕм дзыназон, уӕд-иу мӕ фехъус+.Бахай мын кӕн дӕ хорзӕхӕй ӕмӕ мын дзуапп ратт+.
8 Мӕ зӕрдӕ мын загъта, ды нын кӕй бафӕдзӕхстай: «Агурут мын мӕ хорзӕх*+».О Йегъовӕ, ӕз агурдзынӕн дӕ хорзӕх*+.
9 Ма мӕ бамбӕхс дӕ цӕсгом+.Мӕстыйӕ дӕ лӕггадгӕнӕджы дӕхицӕй ма аппар+.Ӕххуысгӕнӕг мын у+.Ма мӕ ферох кӕн ӕмӕ мӕ ма ныууадз, о мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау+.
10 Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мӕ мад куы ныууагътаиккой+,Уӕддӕр мӕ Йегъовӕ райстаид+.
11 О Йегъовӕ, сараз мӕ дӕ фӕндагыл+,Кӕн мӕ раст фӕндагыл ӕмӕ мӕ хъахъхъӕн ме знӕгтӕй.
12 Ме знӕгты къухмӕ мӕ ма ратт+.Мӕ ныхмӕ сыстадысты мӕнгӕвдисӕнтӕ+Ӕмӕ мын алывыд чи калы, уый+.
13 Ныр кӕм уаин, Йегъовӕйы хорздзинад удӕгӕсты зӕххыл кӕй фендзынӕн, уый мӕ куы нӕ уырныдтаид, уӕд?+
14 Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл+, хъӕбатыр у ӕмӕ дӕ зӕрдӕ фидар уӕд+.О, дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл+.