Псалом 42:1—11
Амонӕгӕн. Маскил* Корейы фырттӕн+.
42 Саг дон куыд агуры,Афтӕ мӕ уд агуры дӕу, о Хуыцау+.
2 Мӕ уд тырны* Хуыцаумӕ+, удӕгас Хуыцаумӕ+.Кӕд ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ кӕд ӕрлӕудзынӕн Хуыцауы раз?+
3 Ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ цӕссыгӕй мӕхи ӕфсадын+,Уыдон та мын ӕнӕхъӕн бон дзурынц: «Цӕй, кӕм ис дӕ Хуыцау?»+
4 Раздӕры хабӕрттӕ куы ’рымысон, уӕд мӕ уд мӕ мидӕг батайдзӕн+.Ӕз-иу цыдтӕн бирӕ адӕмимӕ,Цыдтӕн сӕ разӕй Хуыцауы хӕдзармӕ+.Хъуыстысты-иу, бӕрӕгбонмӕ чи ’рцыд,Уыцы дзыллӕты+ цины хъӕртӕ ӕмӕ арфӕйы ныхӕстӕ+.
5 Ӕрдуйӕ нарӕгдӕр цӕмӕн сдӕ, мӕ уд+,Цӕуыл катай кӕныс мӕ мидӕг?+Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс+.Ӕз ӕй нырма кадджын кӕндзынӕн – ме стыр ирвӕзынгӕнӕджы+.
6 О мӕ Хуыцау, мӕ уд ӕрдуйӕ нарӕгдӕр сси+.Уый тыххӕй дӕ ӕрымысын+Иорданы бӕстӕйы, Ермоны бӕрзӕндтыл+,Ныллӕг хохыл+.
7 Арф дон сиды арф донмӕ,Дӕ гуылфӕнты нӕрын куы фехъусы, уӕд.Де знӕт уылӕнтӕн+Сӕ быны фӕдӕн+.
8 Бонӕй Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт рарвитдзӕн+,Ӕмӕ йыл ӕз ӕхсӕвы зардзынӕн зарӕг+.Кувдзынӕн мӕ царддӕттӕг Хуыцаумӕ+.
9 Зӕгъдзынӕн Хуыцауӕн, мӕ къӕдзӕхӕн+:«Цӕмӕн мӕ ферох кодтай?+Ме знаг мӕ цӕмӕн ӕфхӕры, ӕмӕ ӕнкъардӕй цӕмӕн рацу-бацу кӕнын?»+
10 Ме знӕгтӕ мыл цъыф калынц, ӕмӕ ме стджытӕ кӕрӕдзийыл нал хӕцынц+,Уыдон та мын ӕнӕхъӕн бон дзурынц: «Цӕй, кӕм ис дӕ Хуыцау?»+
11 Ӕрдуйӕ нарӕгдӕр цӕмӕн сдӕ, мӕ уд+,Цӕуыл катай кӕныс мӕ мидӕг?+Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс+.Ӕз ӕй нырма кадджын кӕндзынӕн – ме стыр ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ мӕ Хуыцауы+.