Псалом 53:1—6
Амонӕгӕн. Махалат*+. Маскил*. Давиды псалом.
53 Ӕнӕзонд йӕхинымӕр загъта:«Нӕй Йегъовӕ»+.Уыдон ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл ӕмӕ кӕнынц ӕлгъаг митӕ, фыдхъуыддӕгтӕ+.Нӕй иу адӕймаг дӕр, хорздзинад чи араза+.
2 Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕркаст адӕймаджы фырттӕм+,Цӕмӕй фена, исчи дзы ӕмбаргӕ у, исчи дзы Йегъовӕйы агуры+.
3 Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты раст фӕндагӕй, се ’ппӕт дӕр сты ӕмхуызон хӕлд+.Нӕй иу адӕймаг дӕр, хорздзинад чи араза+,Иу дӕр.
4 Ау, фыдгӕнджытӕй иу дӕр ницы бамбӕрста?+Дзул куыд хӕрай, афтӕ мын хӕрынц мӕ адӕмы+.Уыдон не ссарынц Йегъовӕйы ном+.
5 Уым сӕ стыр тас бацыд+,Фӕлӕ, цӕмӕй фӕтӕрсай, ахӕмӕй та дзы ницы уыд+.Чи дӕм лӕбуры, уыдонӕн се стджытӕ Хуыцау алырдӕмты ныппырх кӕндзӕн+.Ды сӕ ныххудинаг кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ сыл Йегъовӕ йӕ къух систа+.
6 Тӕхуды, ӕмӕ Сионӕй куы ’рцӕуид Израилӕн стыр ирвӕзындзинад!+Йегъовӕ фӕстӕмӕ куы ӕрӕмбырд кӕна, йӕ адӕмӕй уацары чи ис, уыдоны+,Уӕд-иу Иаковы зӕрдӕ цинӕй райӕд, Израил-иу цин кӕнӕд+.