Псалом 77:1—20

Амонӕгӕн. Идифун*. Асафы+ псалом. Зарӕг. 77  Ӕз хъӕр кӕндзынӕн Хуыцаумӕ+,Хъӕр кӕндзынӕн Хуыцаумӕ, ӕмӕ мӕ уый фехъусдзӕн+.   Зын сахат ӕз агурын Йегъовӕйы+.Ӕхсӕв мӕ къухтӕ дӕумӕ ивазын, ӕмӕ мын ӕндзыг дӕр нӕ кӕнынц.Мӕ уд сабыр кӕнын нӕ комы+.   Хуыцауы куы ’рхъуыды кӕнон, уӕд катайы бацӕудзынӕн+.Ӕз сагъӕс кӕндзынӕн, ӕмӕ мӕ уд ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн+. (Села́)   Мӕ цӕстытӕ ӕрцъынд кӕнын мӕ нӕ уадзыс+,Стыхстӕн ӕмӕ мӕ бон дзурын нӕу+.   Ӕз хъуыды кӕнын рагон бонтыл+,Раджы чи аивгъуыдта, уыцы азтыл.   Ӕхсӕвы-иу ӕрхъуыды кӕндзынӕн мӕ хъисфӕндыры цагъд+.Мӕ зӕрдӕ сагъӕс кӕндзӕн+Ӕмӕ мӕ уд ӕппӕт дӕр лӕмбынӕг иртасдзӕн.   Ау, Йегъовӕ нӕ ӕнустӕм ныууагъта+,Ӕмӕ йын йӕ хорзӕх нал ссардзыстӕм?+   Ау, йе ’нувыд уарзт ӕнустӕм ахуыссыд?+Йӕ ныхас мыггагмӕ баззад ӕнӕсӕххӕстӕй?+   Ау, Хуыцауӕй йӕ хорзӕх рох фӕци?+Кӕнӕ мӕстыйӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нал ӕвдисы?+ (Села́) 10  Ӕмӕ ныр хъуамӕ афтӕ дзурон: «Уый мын мары мӕ зӕрдӕ+,Иунӕг Стыр Хуыцау нӕм йӕ рахиз къух, йе ’ххуысы къух, кӕй нал дары»?+ 11  Ӕрхъуыды-иу кӕндзынӕн Йагъы хъуыддӕгтӕ+.Ӕрхъуыды-иу кӕндзынӕн, раджы заманты цы диссӕгтӕ сарӕзтай, уыдон+. 12  Ӕз хъуыды кӕндзынӕн де ’ппӕт хъуыддӕгтыл+,Мӕ хъуыдытӕ уыдзысты, цы аразыс, ууыл+. 13  О Хуыцау, дӕ фӕндаг ис сыгъдӕг бынаты+.Чи у нӕ Хуыцауы хуызӕн стыр Хуыцау?+ 14  Ды дӕ ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ аразыс диссӕгтӕ+.Адӕмты ’хсӕн равдыстай дӕ хъару+. 15  Дӕ цонджы хъаруйӕ фервӕзын кодтай дӕ адӕмы+,Иаковы ӕмӕ Иосифы фыртты. (Села́) 16  Дӕттӕ дӕ федтой, о Хуыцау,Дӕттӕ дӕ федтой, ӕмӕ тухӕн кӕнын райдыдтой+.Арф дӕттӕ базмӕлыдысты+. 17  Мигътӕй гыбар-гыбургӕнгӕ дон ныккалдта+.Мигътӕй ӕмбӕрзт арв ныннӕрыд.Дӕ фаттӕ алырдӕмты тахтысты+. 18  Дӕ арвнӕрд уыд бӕхуӕрдоны цӕлхыты гыбар-гыбуры хуызӕн+.Арвӕрттывдӕй бӕстӕ ныррухс+.Зӕхх базмӕлыд ӕмӕ нынкъуысыд+. 19  Дӕ фӕндаг цыд денджызыл+,Дӕ къахвӕндаг – бирӕ дӕттыл,Ӕмӕ дын дӕ къахы фӕдтӕ ничи федта. 20  Ды дӕ адӕмы кодтай фысты дзугау+Моисей ӕмӕ Аароны къухӕй+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Пс 39:разн., фип.