Рацыд 15:1—27
15 Уӕд Моисей ӕмӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕйӕн ныззарыдысты+:«Зардзынӕн Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ йӕхи скадджын кодта+.Бӕхы ӕд барӕг денджызы ныппӕрста+.
2 Йагъ*+ у мӕ хъару ӕмӕ мӕ тых, уымӕн ӕмӕ уый у мӕ ирвӕзынгӕнӕг+.Уый у мӕ Хуыцау, ӕмӕ йӕ ӕз кадджын кӕндзынӕн+. Уый у мӕ фыды Хуыцау+, ӕмӕ йын йӕ кад бӕрзонд сисдзынӕн+.
3 Йегъовӕ у хъӕбатыр хӕстон+. Йегъовӕ у йӕ ном+.
4 Фараонӕн йӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йе ’фсад денджызы ныппӕрста+.Йӕ хуыздӕр хӕстонтӕ Сырх денджызы аныгъуылдысты+.
5 Абухгӕ дӕттӕ сӕ сӕ быны фӕкодтой+, дурау ацыдысты денджызы бынмӕ+.
6 О Йегъовӕ, дӕ рахиз къухы ис стыр тых+,О Йегъовӕ, дӕ рахиз къух знӕгты ныппырх кӕны+.
7 Дӕуӕй уӕлдӕр ничи ис, ӕмӕ дӕ ныхмӕ чи рацӕуы, уыдоны фесафыс+.Ныккалыс сыл дӕ масты цӕхӕр, ӕмӕ сӕ хъӕмпау аныхъуыры+.
8 Ды дӕ фындзыхуынчъытӕй раулӕфыдтӕ+, ӕмӕ дӕттӕ цӕхгӕр слӕууыдысты.Лӕууыдысты донуромӕн къулау.Абухгӕ дӕттӕ денджызы астӕу сӕ бынаты бандзыг сты.
9 Знаг загъта: „Фӕстейӕ сӕ асурдзынӕн+ ӕмӕ сӕ баййафдзынӕн!+Адих кӕндзынӕн мӕ амӕттаг+, ӕмӕ мӕ уд бафсӕддзӕн!Сласдзынӕн мӕ хъама! Мӕ къухӕй сӕ мӕлӕт ссардзысты!“+
10 Ды раулӕфыдтӕ+, ӕмӕ денджызы бын фесты+.Здыйау ацыдысты абухгӕ дӕтты бынмӕ+.
11 О Йегъовӕ, хуыцӕутты ’хсӕн дӕу хуызӕн чи у?+Чи у дӕу хуызӕн сыгъдӕг?+Дӕуӕй хъӕуы тӕрсын+ ӕмӕ дӕ кадӕн хъӕуы зарын+. Ды аразыс диссӕгтӕ+.
12 Дӕ рахиз къух радардтай+, ӕмӕ сӕ зӕхх аныхъуырдта+.
13 Ды де ’нувыд уарзтӕй кӕныс, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы+.Ӕмӕ сӕ дӕ хъаруйы фӕрцы бакӕндзынӕ дӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынатмӕ+.
14 Адӕмтӕ уый тыххӕй фехъусдзысты+ ӕмӕ скатай уыдзысты+.Филистийы цӕрджытӕ арӕг сылгоймагау хъӕрздзысты+.
15 Едомӕгты мыггӕгты хистӕртӕ стыхсдзысты.Моавы хъомысджын хицӕуттӕ фыртӕссӕй риздзысты+.Ханааны цӕрджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныфс асӕтдзӕн+.
16 Тӕрсдзысты ӕмӕ зыр-зыр кӕндзысты+.Дӕ цонджы стыр хъаруйӕ цавддурау лӕудзысты,Цалынмӕ дӕ адӕм+, о Йегъовӕ, сӕ рӕзты нӕ ацӕуой,Цалынмӕ де сконд адӕм+ сӕ рӕзты нӕ ацӕуой, уӕдмӕ+.
17 Ды сӕ ӕрбакӕндзынӕ ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕ* дӕ хохыл+,Дӕхицӕн цӕрынӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыцы бынаты+, о Йегъовӕ,Дӕхи къухтӕй кӕй скодтай, уыцы кувӕн бынаты+, о Йегъовӕ.
18 Йегъовӕ уыдзӕн паддзах ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ+.
19 Фараоны бӕхтӕ+ йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ ӕмӕ йӕ барджытимӕ денджызмӕ куы бацыдысты+,Уӕд Йегъовӕ денджызы дӕттӕ фӕстӕмӕ раздӕхта, ӕмӕ сӕ быны фесты+,Израилы фырттӕ та денджызы астӕуты сур зӕххыл ацыдысты»+.
20 Уӕд Аароны хо+, пехуымпар Мариам, йӕ къухмӕ дала райста+. Ӕмӕ йемӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ дӕр се ’ппӕт дӕр далатӕй цӕгъдгӕ рацыдысты ӕмӕ кафын райдыдтой+.
21 Ӕмӕ лӕгты зарынмӕ Мариам дӕр базарыд+:
«Зарут Йегъовӕйӕн+, уымӕн ӕмӕ йӕхи скадджын кодта+.Бӕхы ӕд барӕг денджызы ныппӕрста»+.
22 Уый фӕстӕ Моисей израилӕгты Сырх денджызӕй акодта, ӕмӕ бахӕццӕ сты Суры ӕдзӕрӕг быдырмӕ+. Ӕмӕ ӕртӕ боны фӕцыдысты ӕдзӕрӕг быдыры, фӕлӕ дзы дон никуы ссардтой+.
23 Иуцасдӕры фӕстӕ бахӕццӕ сты Меррӕмӕ+, фӕлӕ Меррӕйы донӕй сӕ бон нуазын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ маст уыди. Ӕмӕ уыцы бынат Меррӕ* дӕр уый тыххӕй схуыдта+.
24 Ӕмӕ адӕм Моисейыл+ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, цы бануазӕм, зӕгъгӕ.
25 Уӕд Моисей Йегъовӕмӕ скуывта+. Ӕмӕ йын Йегъовӕ бацамыдта иу гыццыл бӕласмӕ. Моисей йӕ доны ныппӕрста, ӕмӕ дон маст нал уыди+.
Уым сын Хуыцау сфидар кодта уагӕвӕрд ӕмӕ сын равдыста, тӕрхон цӕмӕ гӕсгӕ кӕндзӕн, уый. Стӕй сӕ уыцы ран бафӕлвӕрдта+.
26 Загъта сын: «Кӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ лӕмбынӕг хъусат ӕмӕ, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразат, кӕд ын йӕ фӕдзӕхстытӕм уӕ хъус дарат ӕмӕ йе ’ппӕт уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрат+, уӕд, египетӕгтыл цы бӕллӕхтӕ* ӕруагътон, уыдонӕй уыл иу дӕр не ’руадздзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, чи уӕ дзӕбӕх кӕны, уыцы Хуыцау»+.
27 Уый фӕстӕ бахӕццӕ сты Елиммӕ. Уым уыди дыууадӕс суадоны ӕмӕ ӕвдай пальмӕбӕласы+. Ӕмӕ уым донмӕ хӕстӕг сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой.
Фиппаинӕгтӕ
^ «Йагъ» у ном «Йегъовӕ»-йы цыбыр формӕ. Фыццаг хатт ам ӕмбӕлы. Кӕс Уӕлӕмх. 1.
^ Комк. «ныссадздзынӕ».
^ Нысан кӕны «маст».
^ Кӕнӕ «низтӕ».