Рацыд 5:1—23
5 Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой+: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры мӕ номыл бӕрӕгбон скӕной“»+.
2 Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у Йегъовӕ?+ Цӕмӕн ӕм хъуамӕ байхъусон ӕмӕ Израилы цӕмӕн хъуамӕ ауадзон?+ Ӕз нӕ зонын Йегъовӕйы+ ӕмӕ Израилы дӕр нӕ ауадздзынӕн»+.
3 Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау ныхас кодта немӕ+. Ӕмӕ дӕ курӕг стӕм, ӕртӕ бонмӕ нӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ ауадз, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссӕм+. Кӕннод ныл фыдниз бафтаудзӕн кӕнӕ нӕ хъамайӕ фӕцӕгъддзӕн»+.
4 Египеты паддзах та сын загъта: «Моисей ӕмӕ Аарон, адӕмы цӕмӕн хъыгдарут, кусын сӕ цӕуылнӕ уадзут?+ Ацӕут ӕмӕ кусут!»+
5 Фараон ма ноджыдӕр загъта: «Акӕсут-ма, уӕ адӕм ацы зӕххыл цас сты+, сымах та афтӕ фӕнды, цӕмӕй мауал кусой»+.
6 Ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон фараон адӕмы цӕстдарджытӕн ӕмӕ се ’ххуысгӕнджытӕн+ загъта:
7 «Амӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн самандуртӕ аразынӕн хъӕмп мауал ӕмбырд кӕнут ӕмӕ сын ӕй мауал дӕттут+. Цӕуӕнт ӕмӕ хъӕмп сӕхӕдӕг ӕмбырд кӕнӕнт.
8 Самандуртӕ та хъуамӕ аразой, раздӕр цас арӕзтой, уыйбӕрц. Сӕ куыст сын ма фӕкъаддӕр кӕнут, уымӕн ӕмӕ магусатӕ сты+. Уый тыххӕй хъӕр кӕнынц афтӕ: „Ауадз нӕ, ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссӕм!“+
9 Сӕ куыст сын фӕфылдӕр кӕнут, цӕмӕй гӕдыныхӕстӕм ма хъусой, фӕлӕ кусгӕ кӕной»+.
10 Гъемӕ цӕстдарджытӕ+ ӕмӕ се ’ххуысгӕнджытӕ адӕмӕн загътой: «Афтӕ зӕгъы фараон: „Хъӕмп уын нал дӕтдзынӕн.
11 Цӕут ӕмӕ уӕхӕдӕг ӕмбырд кӕнут хъӕмп – кӕмфӕнды дӕр ӕй агурут. Аразын та уӕ хъӕудзӕн, раздӕр цас арӕзтат, уыйбӕрц“»+.
12 Ӕмӕ адӕм ныппырх сты ӕгас Египеты зӕххыл ӕмӕ карст хуымты хъӕмп ӕмбырд кодтой.
13 Ӕмӕ сӕ сӕ цӕстдарджытӕ сулӕфын нӕ уагътой+, дзырдтой сын: «Кусгӕ кӕнут! Уе ’ппӕт дӕр, кусгӕ! Алы бон дӕр хъуамӕ аразат, хъӕмп уын куы уыди, уӕд цас арӕзтат, уыйбӕрц»+.
14 Цасдӕры фӕстӕ фараоны ӕвӕрд цӕстдарджытӕ фӕнадтой+, Израилы фырттӕй сӕхицӕн ӕххуысгӕнджытӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдоны+. Загътой сын: «Знон ӕмӕ абон, цас хъӕуы, уыйбӕрц самандуртӕ цӕуылнӕ сарӕзтат+, раздӕр куыд кодтат, афтӕ?»+
15 Уӕд, Израилы фырттӕн сӕхицӕй хицӕуттӕй ӕвӕрд чи уыди, уыдон+ фараонмӕ бацыдысты ӕмӕ йын хъаст кодтой: «Дӕ цагъартӕн афтӕ цӕмӕн кӕныс?
16 Хъӕмп нын нӕ дӕттынц, афтӕмӕй нӕ домынц, цӕмӕй самандуртӕ аразӕм. Дӕ адӕм сӕхӕдӕг сты аххосджын, нӕмгӕ та мах кӕнынц»+.
17 Фӕлӕ сын фараон загъта: «Магусатӕ стут, магусатӕ!+ Ӕмӕ уымӕн дзурут: „Ауадз нӕ, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссӕм“+.
18 Цӕугӕ ут ӕмӕ кусут! Хъӕмп уын нӕ дӕтдзысты, самандуртӕ та араздзыстут, раздӕр уӕ цас хъуыди аразын, уыйбӕрц»+.
19 Израилы фырттӕн сӕхицӕй хицӕуттӕй ӕвӕрд чи уыди, уыдон куы фехъуыстой+, раздӕр цас арӕзтой самандуртӕ, ныр дӕр сӕ алы бон дӕр уыйбӕрц кӕй хъӕуы аразын, уӕд+ ӕй бамбӕрстой, сӕ уавӕр хорз кӕй нӕу.
20 Фараонӕй куы рацыдысты, уӕд сӕмбӕлдысты Моисей ӕмӕ Аароныл+ – уыдон сӕм уым ӕнхъӕлмӕ кастысты.
21 Ӕмӕ сын загътой: «Йегъовӕ уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд+. Сымах тыххӕй нӕм фараон ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ знаджы цӕстӕй кӕсын райдыдтой+. Сымах сын уӕхӕдӕг радтат сӕ къухмӕ кард, цӕмӕй нӕ фӕцӕгъдой»+.
22 Уӕд Моисей Йегъовӕмӕ скуывта+ ӕмӕ йын загъта: «О Йегъовӕ, ацы адӕмы фыдбылызы цӕмӕн баппӕрстай?+ Цӕмӕн мӕ рарвыстай ардӕм?+
23 Фараонмӕ куы бацыдтӕн ӕмӕ йемӕ дӕ номӕй куы дзырдтон+, уӕдӕй фӕстӕмӕ дын дӕ адӕмы ноджы тынгдӕр ӕфхӕры+, ӕмӕ сӕ ды та уӕддӕр нӕ фервӕзын кодтай»+.