Ромӕгтӕм 6:1—23
6 Ӕмӕ уӕд куыд? Ныр хъуамӕ дарддӕр дӕр тӕригъӕдтӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы стыр хорзӕх фылдӕр кӕна?+
2 Уымӕн гӕнӕн нӕй! Иугӕр тӕригъӕдӕн амардыстӕм+, уӕд ма тӕригъӕды куыд хъуамӕ цӕрӕм?+
3 Ӕви йӕ нӕ зонут, не ’ппӕт дӕр – аргъуыд чи райста ӕмӕ ныр Йесо Чырыстиимӕ+ иудзинады чи ис, уыдон – уый тыххӕй кӕй райстам аргъуыд, цӕмӕй уыйау амӕлӕм?+
4 Ӕмӕ аргъуыд уый тыххӕй кӕй райстам, цӕмӕй уыйау амӕлӕм, уымӕ гӕсгӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм+, цӕмӕй, Чырысти йӕ Фыды тыхӕй*+ мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр цӕрӕм ног цардӕй+.
5 Уӕдӕ кӕд уыйау амардыстӕм ӕмӕ йемӕ баиу стӕм+, уӕд, уый куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уыдзыстӕм+ ӕмӕ йемӕ баиу уыдзыстӕм,
6 уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, нӕ зӕронд удыхъӕд* йемӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл кӕй байтыгътам+, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын буарӕн йӕ тых асӕттӕм+ ӕмӕ тӕригъӕды цагъартӕ мауал уӕм+.
7 Уымӕн ӕмӕ, чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар+.
8 Стӕй кӕд Чырыстиимӕ амардыстӕм, уӕд нӕ уырны, йемӕ цӕргӕ дӕр кӕй кӕндзыстӕм+.
9 Зонӕм ӕй: Чырысти мӕрдтӕй райгас+, ӕмӕ никуыуал амӕлдзӕн+ – мӕлӕты бар ыл нал цӕуы.
10 Уый амард иу хатт, цӕмӕй тӕригъӕд фесафа+, цӕргӕ та кӕны Хуыцауы тыххӕй+.
11 Афтӕ сымах дӕр: тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл+ ӕмӕ цӕрут+ Хуыцауы тыххӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы.
12 Уӕдӕ тӕригъӕд уӕ зӕххон буӕрттӕн паддзах+ мауал уӕд, цӕмӕй уӕ буары монцты фӕдыл ма цӕуат+.
13 Стӕй уӕ буӕрттӕ тӕригъӕды+ къухмӕ ма дӕттут ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразынӕн*+, фӕлӕ, мард чи уыд ӕмӕ цардмӕ чи раздӕхт+, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕхи раттут Хуыцауы къухмӕ, ӕмӕ уӕ буӕрттӕ дӕр раттут Хуыцауы къухмӕ раст хъуыддӕгтӕ аразынӕн*+.
14 Хъуамӕ уыл тӕригъӕды бар ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ сымах закъоны дӕлбар не стут+, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕхы дӕлбар+.
15 Уӕд цы зӕгъӕн ис? Иугӕр закъоны дӕлбар нӕ+, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕхы+ дӕлбар стӕм, уӕд хъуамӕ тӕригъӕдтӕ аразӕм? Уымӕн гӕнӕн нӕй!
16 Нӕ йӕ зонут, ӕмӕ кӕд уӕхи искӕмӕн коммӕгӕс цагъартау дӕттут, уӕд сымах, кӕй коммӕ кӕсут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут?+ Кӕнӕ тӕригъӕды+ цагъартӕ стут, ӕмӕ уӕд уӕ кӕрон у мӕлӕт+, кӕнӕ та – коммӕгӕсдзинады+ цагъартӕ, ӕмӕ уӕд та уыдзыстут рӕстгӕнджытӕ+.
17 Фӕлӕ Хуыцауӕн бузныг зӕгъын, уымӕн ӕмӕ кӕддӕр сымах уыдыстут тӕригъӕды цагъартӕ, ныр та Хуыцауӕн зӕрдӕйӕ коммӕгӕс стут ӕмӕ уын цы бацамыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрут+.
18 О, тӕригъӕдӕй кӕй ссӕрибар стут+, уымӕ гӕсгӕ систут рӕстдзинады+ цагъартӕ+.
19 Уӕ тӕригъӕдджын буар лӕмӕгъ кӕй у+, уымӕ гӕсгӕ уемӕ дзурын, адӕмӕн зонгӕ чи у, ахӕм ныхӕстӕй: кӕддӕр уӕ буӕрттӕ+ чъизи митӕ+ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕн цагъартау куыд лӕвӕрдтат, цӕмӕй фыдхъуыддӕгтӕ кодтаиккат, афтӕ ныр та рӕстдзинадӕн раттут уӕ буӕрттӕ цагъартау, цӕмӕй сыгъдӕг хъуыддӕгтӕ кӕнат+.
20 Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕды цагъартӕ куы уыдыстут+, уӕд уын рӕстдзинад хицау нӕ уыд.
21 Тӕригъӕды цагъартӕ куы уыдыстут, уӕд уӕ тыллӕг+ цы уыди? Ныртӕккӕ уӕм худинаг чи кӕсы, ахӕм хъуыддӕгтӕ+. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнынц мӕлӕтмӕ+.
22 Фӕлӕ, тӕригъӕдӕй кӕй ссӕрибар стут ӕмӕ Хуыцауы цагъартӕ+ кӕй систут, уымӕ гӕсгӕ ныр та уӕ тыллӕг+ у сыгъдӕг цард, ӕмӕ уӕ уый кӕны ӕнусон цардмӕ+.
23 О, тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй+, Хуыцау цы лӕвар+ дӕтты, уый та у ӕнусон цард+ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «кадӕй».
^ Комк. «адӕймаджы».
^ Комк. «куыд ӕвзӕрдзинады хӕцӕнгӕрзтӕ».
^ Комк. «куыд рӕстдзинады хӕцӕнгӕрзтӕ».