Хъуыддӕгтӕ 18:1—28

18  Уыцы хабӕртты фӕстӕ Афинтӕй ацыд Коринфмӕ.  Уым ссардта иу дзуттаг лӕджы, Акилӕ+, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ус Прискиллӕйы. Акилӕ уыди Понтӕй ӕмӕ ӕрӕджы ӕрцыд Италийӕ+, уымӕн ӕмӕ Клавдий+ бардзырд радта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ иууылдӕр Ромӕй ацыдаиккой. Павел сӕм бацыди,  ӕмӕ, иу куыст кӕй кодтой – цатыртӕ кӕй хуыдтой, уымӕ гӕсгӕ уыдонмӕ ӕрлӕууыд ӕмӕ семӕ куыста+.  Алы сабаты та-иу ӕмбырдгӕнӕны+ ныхасы рацыд ӕмӕ афтӕ дзырдта, ӕмӕ-иу дзуттӕгтӕ ӕмӕ грекъӕгтӕ сӕ зондахаст фӕивтой ӕмӕ-иу баууӕндыдысты.  Силӕ+ ӕмӕ Тимофей+ Македонийӕ куы ’рцыдысты, уӕд Павел йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ – дзуттӕгтӕн хъусын кодта ӕмӕ сын бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, Йесо ӕцӕгдӕр Чырысти кӕй у, уымӕн+.  Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ йӕ фаудтой+. Ӕмӕ уӕд уый дӕр йӕ дарӕс ӕрцагъта+ ӕмӕ сын загъта: «Уӕ туг+ уӕхиуыл ис, ӕз сыгъдӕг дӕн+. Ныр цӕуын ӕндӕр адӕмтӕм»+.  Уырдыгӕй ацыд, Хуыцауӕн чи куывта, иу ахӕм лӕгмӕ, йӕ ном – Титий Иуст. Йӕ хӕдзар уыд ӕмбырдгӕнӕны фарсмӕ.  Ӕмбырдгӕнӕны хистӕр Крисп+ ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр Хицауыл баууӕндыдысты. Ӕмӕ коринфӕгтӕй хорз хабар чи фехъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ донаргъуыд райстой.  Ӕхсӕвы Хицау Павелӕн+ цӕстылуайӕны загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн, фӕлӕ дзур, ӕнцад ма лӕуу. 10  Ӕз демӕ дӕн+, ӕмӕ дӕм ничи бавналдзӕн, ничи дын ницы фыдбылыз ракӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ мын ацы горӕты бирӕ адӕм ис». 11  Гъемӕ уым баззад афӕдз ӕмӕ ’рдӕг ӕмӕ Хуыцауы ныхас амыдта. 12  Ахайы хицау*+ Галлион куы уыди, уӕд дзуттӕгтӕ ӕмхуызонӕй рацыдысты Павелы ныхмӕ ӕмӕ йӕ тӕрхоны бынатмӕ бакодтой+. 13  Ӕмӕ загътой: «Ацы лӕг адӕмӕн дзуры, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕндӕрхуызон кувой, ӕмӕ афтӕмӕй закъон халы»+. 14  Куыддӕр Павел сдзурынмӕ хъавыд, афтӕ Галлион дзуттӕгтӕн загъта: «Дзуттӕгтӕ, уый исты ӕвзӕр хъуыддаг кӕнӕ стыр фыдракӕнд куы уыдаид, уӕд ма уӕм байхъуыстаин. 15  Фӕлӕ кӕд ныхӕстӕ, нӕмттӕ+ ӕмӕ уӕ закъоныл+ быцӕу кӕнут, уӕд уӕ бар уӕхи. Ӕз уын тӕрхонгӕнӕгӕй нӕ ныллӕудзынӕн». 16  Ӕмӕ сӕ тӕрхоны бынатӕй атардта. 17  Уӕд се ’ппӕт дӕр ӕмбырдгӕнӕны хистӕр Сосфенмӕ+ фӕлӕбурдтой ӕмӕ йӕ тӕрхоны бынаты раз нӕмын байдыдтой. Фӕлӕ Галлионмӕ уый нымады дӕр нӕ уыд. 18  Павел ма уым баззад бирӕ рӕстӕг, стӕй ӕфсымӕртӕн хӕрзбон загъта ӕмӕ науыл Сиримӕ ацыд, йемӕ ацыдысты Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕ дӕр. Уый хӕдразмӕ та Кенхрейы+ йӕ сӕр цыбыр алвыдта+ – уымӕй равдыста, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта. 19  Ефесмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕ Павел уым ныууагъта, йӕхӕдӕг та ӕмбырдгӕнӕнмӕ+ бацыд ӕмӕ дзуттӕгтимӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ ныхас кодта. 20  Уыдон дзы куырдтой, цӕмӕй сӕм фылдӕр баззадаид, фӕлӕ Павел не сразы. 21  Хӕрзбон+ сын загъта ӕмӕ сын ныфс бавӕрдта: «Кӕд Йегъовӕйы фӕнда, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн»+. Ӕмӕ Ефесӕй науыл араст 22  ӕмӕ ӕрцыд Кесаримӕ. Стӕй ссыд Иерусалиммӕ, ӕмбырдӕн салам радта ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрцыд Антиохимӕ. 23  Уым иуцасдӕр куы фӕци, уӕд араст ӕмӕ Галати+ ӕмӕ Фригийы+ горӕттыл зылди ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр фидар кодта+. 24  Ефесмӕ та ӕрцыд, Александрийӕ чи уыд, иу ахӕм дзуттаг лӕг, Аполлос+, зӕгъгӕ. Уый уыди дзырдарӕхст адӕймаг ӕмӕ хорз зыдта Фыстад+. 25  Аполлосӕн бацамыдтой Йегъовӕйы фӕндаг, ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ удӕй арт уагъта+ ӕмӕ дзырдта ӕмӕ ахуыр кодта Йесойы тыххӕй. Ӕмӕ, цы дзырдта, уый уыди раст, кӕд ӕрмӕстдӕр, Иоанн кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы донаргъуыды+ тыххӕй зыдта, уӕддӕр. 26  Аполлос ӕмбырдгӕнӕны ныфсджынӕй дзурын райдыдта, ӕмӕ йӕ Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕ+ куы фехъуыстой, уӕд ӕй семӕ ракодтой ӕмӕ йын Хуыцауы фӕндаг бӕлвырддӕр бамбарын кодтой. 27  Аполлос Ахаймӕ цӕуынвӕнд кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ уымы ахуыргӕнинӕгтӕм ныффыстой, цӕмӕй йӕ суазӕг кӕной. Уырдӕм куы ’рцыд, уӕд, Хуыцауы стыр хорзӕхы+ фӕрцы уырнджытӕ чи систы, уыдонӕн тынг баххуыс кодта+, 28  уымӕн ӕмӕ фидарӕй дзырдта ӕмӕ, дзуттӕгты ахуырӕдтӕ раст кӕй нӕ уыдысты, уый адӕмы раз бӕлвырд кодта – Фыстадӕй+ ӕвдыста, Йесо ӕцӕгдӕр Чырысти кӕй у, уый+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Хъд 13:7, фип.